Иегъовӕйы фӕразондзинадӕн аргъ кӕныс?
1 Ахъуыды ма кӕн, Иегъовӕ фӕстаг дӕс, ссӕдз азы кӕнӕ фылдӕр рӕстӕг куы нӕ фӕрӕзтаид ӕмӕ бирӕ бӕстӕты хъусын кӕныны хъуыддаг куы нӕ цыдаид, уӕд ды ӕцӕгады тыххӕй базыдтаис? Куыд бузныг дзы стӕм, бирӕ адӕмӕн фадат кӕй радта, цӕмӕй «ӕрцыдаиккой фӕсмонмӕ». Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ ма рох кӕнӕм, Иегъовӕйы тӕрхоны стыр бон кӕй «ӕрцӕудзӕн, куыд хуыснӕг», уый (2 Пет. 3:9, 10). Хуыцау кӕй фӕразы, уый уынгӕйӕ, хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ацы цардӕвӕрды кӕрон фӕстиат кӕй кӕны (Авв. 2:3).
2 Адӕмӕн тӕригъӕд кӕн: Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад махӕн нӕ бон кӕронмӕ бамбарын нӕу. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, цӕмӕн фӕразы, уый (Ионӕ 4:1—4, 11). Иегъовӕ уыны адӕмы уӕззау уавӕр ӕмӕ сын тӕригъӕд кӕны. Йесо дӕр афтӕ. Уый хорз уацхъуыд кӕмӕн хъусын кодта, уыдонӕн афтӕ тынг тӕригъӕд кодта, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй хорз уацхъуыд иннӕ рӕтты дӕр хъусын кодтаиккой ӕмӕ афтӕмӕй фылдӕр адӕмӕн ӕнустӕм цӕрыны фадат фӕзындаид (Мтф. 9:35—38).
3 Ӕнамонд цаутӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ куы ӕрцӕуы, уӕд, ӕцӕгад чи нӕ зоны, уыцы адӕмыл нӕ зӕрдӕ нӕ фӕриссы? «Ӕнӕ фыййау фыстау» адӕм абон архайынц дунейы уӕззау уавӕр сфӕразыныл ӕмӕ йӕ бамбарыныл (Мар. 6:34). Хорз уацхъуыд зӕрдиагӕй хъусынгӕнгӕйӕ, мах ныфс дӕттӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕмӕ ӕвдисӕм, Иегъовӕйы фӕразондзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый (Ап. к. 13:48).
4 Нӕ хъуыддагӕн аргъӕвӕн нӕй: Фарон аргъуыд райстой 323 439 адӕймаджы ӕмӕ Ӕрымысӕн Изӕры уыд 14 000 000 адӕймагӕй фылдӕр. Уыйбӕрц адӕмӕн ма у сӕ бон фервӕзын, ацы фыддунейы цардӕвӕрд куынӕггонд куы цӕуа, уӕд! Мах нӕ зонӕм, «тынг бирӕ адӕмы» нымӕц цас уыдзӕн, уый (Рарг. 7:9). Хъусын кӕнын нӕ цас рӕстӕджы дӕргъы хъӕудзӕн, уый дӕр нӕ зонӕм. Фӕлӕ йӕ Иегъовӕ зоны. Ӕмӕ хорз уацхъуыд хъуыстгонд цӕудзӕн, уый цас фӕнда, уыйбӕрц, «ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Мтф. 24:14).
5 Бирӕ рӕстӕг нал баззад, Хуыцауы бон тынг хӕстӕг у (1 Кор. 7:29а; Дзут. 10:37). Ӕнӕгуырысхойӕ ис зӕгъӕн, «ныр хӕстӕгдӕр у махмӕ ирвӕзындзинад, куы баууӕндыдыстӕм, уымӕй» (Ром. 13:11). Уӕдӕ, Хуыцау цӕмӕн фӕразы, уый ма рох кӕнӕм. Уый бӕсты ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнӕм, цӕмӕй рӕстдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон Иегъовӕйы стыр хорзӕх сӕхиуыл банкъарой.