Лӕггаддзинады фембӕлдты расписани
14 августӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 114.
12 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ӕй. Ӕрдзур нӕ бӕстӕйы ӕмӕ уе ’мбырды мартъийы уацамындон лӕггаддзинады хыгъдыл. Августы ма баззад дыууӕ сабат ӕмӕ дыууӕ хуыцаубоны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алкӕйдӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй мӕйы фӕудмӕ иууылдӕр уацамынды цӕуой. Сфӕлхат кӕн сабат-хуыцаубоны уацамындон фембӕлдты расписани.
15 мин. «Раст тох кӕн уырнындзинадыл». Дӕ разныхас статьяйы тыххӕй хъуамӕ уа цыбыр, минуты бӕрц, уый фӕстӕ йӕ равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ. Ӕрхӕсс цалдӕр хъуыдыйы чиныг «Нӕ лӕггаддзинад»-ӕй, 44-ӕм фарс (уыр.), чиныгахуыркӕнынӕдты разамонджытӕ сӕ къордты уацамындон фембӕлдтӕ куыд уадзынц ӕмӕ иудадзыг уацамындмӕ цӕуынӕн ӕмӕ хыгъд дӕттынӕн ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыдонӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый тыххӕй.
18 мин. Цӕмӕн хъӕуы скъоламӕ цӕуын. Фыд ныхас кӕны йӕ сывӕллӕттимӕ, скъолайы ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй. (Кӕс «Фӕсивӕды фарстытӕ» 133—139 ф., уырыссаг.) Фӕсивӕдӕй бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, сывӕллӕттӕ хистӕрты коммӕ бынтондӕр кӕй нал кӕсынц, уымӕ гӕсгӕ скъоламӕ цӕуын тынг зын кӕй у. Уыдон ма хъуыды кӕнынц, скъолайы цы зонындзинӕдтӕ райсой, уыдон сӕ кӕй никуы бахъӕудзысты ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ урокты бадын нӕ фӕфӕнды. Астӕуккаг скъола фӕуын раст кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй фыд хӕссы библион принциптӕ ӕмӕ хорз ӕмбарын кӕны, ахуырад цӕмӕн хъӕуы, уый. Уый йӕ сывӕллӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй хорз ахуыр кӕной ӕмӕ къласы лӕмбынӕг хъусой.
Зарӕг № 127 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
21 августӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 143.
12 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Ӕхцайы хыгъд. Хорз бацӕттӕ кӕн равдыст, уацамынды нӕм куы радтой фарст, зӕгъгӕ, «уарзӕгой Хуыцау уыйбӕрц рӕстӕг зындзинӕдтӕ цӕмӕн уадзы?», уӕд ын нӕ бон дзуапп радтын куыд у, уый тыххӕй. (Кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1999 аз 15 ноябрь, 4, 5-ӕм фӕрстӕ, уырыссаг.) Алкӕйдӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй ацы сабат-хуыцаубон иууылдӕр уацамынды ацӕуой.
8 мин. «Специалон иубойнон конгрессы ног программӕ». Раныхас. Конгрессы бон кӕд зоныс, уӕд ӕй фехъусын кӕн, ӕмӕ алкӕйдӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй ӕнӕхъӕн бон уым уа. Хъусынгӕнджытӕн зӕгъ, цӕмӕй конгресмӕ фӕхоной, Библи чи ахуыр кӕны ӕмӕ ма ӕрӕджы цымыдис кӕнын чи райдыдта, уыдоны дӕр.
25 мин. «Пайда дын цы у, ууыл ахуыр кӕныс?» Фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕ.
Зарӕг № 152 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
28 августӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 165.
10 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй августы мӕйы уацамынды хыгъд радтой. Чиныгахуыркӕнынӕдты разамонджытӕ хъуамӕ сбӕлвырд кӕной, сӕ къорды хыгъд иууылдӕр радтой ӕви нӕ, цӕмӕй иумӕйаг хыгъд 6-ӕм сентябрмӕ нымад ӕрцӕуа.
15 мин. Бынӕттон домӕнтӕ.
20 мин. «Ӕмбырды фембӕлдтӕ фӕсивӕдӕн пайда хӕссынц». Хистӕр нӕлгоймаг ӕвзары статья фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ. 8-ӕм абзац ӕвзаргӕйӕ, дӕ хъус лӕмбынӕг ӕрдар, фембӕлдты хуыздӕр хъусынӕн чи ӕххуыс кӕны ӕмӕ царды спайдагӕнӕн кӕмӕй ис, ахӕм уынаффӕтӕм. (Кӕс «Райхъал ут!», 1998 аз, 22 сентябрь, 19, 20-ӕм фӕрстӕ, уырыссаг.) Ныййарджыты сразӕнгард кӕн, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ӕмбырды фембӕлдтӕм ӕнӕсцухӕй кӕной. (Кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы», 1997 азы 1 сентябры номыры 25-ӕм фарсыл (уыр.) цы цау ис, уымӕ.)
Зарӕг № 176 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
4 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 196.
15 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. «Фарстыты асыкк». Хъусынгӕнджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой облӕстон конгресмӕ куы цыдысты, конгрессы рӕстӕджы кӕнӕ фӕстӕмӕ куы цыдысты, уӕд сыл хъусынгӕнгӕйӕ цы цымыдисаг цаутӕ ӕрцыд, уыдон.
10 мин. «Мах цӕрӕм ахсджиаг рӕстӕджы». Хистӕр нӕлгоймаджы раныхас бындуриуӕг кӕны «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг»-ыл, 1996 азы 15 ноябрь, 22, 23-ӕм фӕрстӕ, (уыр.).
20 мин. «Фидар дӕ?» Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ. Алкӕйдӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй алчидӕр ахъуыды кӕна чырыстон лӕггаддзинады фидар лӕууы ӕви нӕ? Кӕй ӕрлӕмӕгъ стӕм, уый куы сбӕлвырд кӕнӕм, уӕд нӕ хъӕуы нӕ уырнындзинад бафидар кӕнын. Равзар «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» лӕвӕрд ӕрмӕг, 1999 азы 1 октябры, 30, 31-ӕм фӕрстӕ 17—21 абзацтӕ. Зӕгъ дыууӕ-ӕртӕ хъусынгӕнӕгӕн, бирӕ азты иузӕрдионӕй фидар чи лӕууы, ахӕмтӕн, цӕмӕй радзурой, зындзинӕдтӕ фӕразынӕн цы аразынц, уый.
Зарӕг № 206 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.