Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 7/02 3 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстаты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Дӕ уырнындзинад фидар кӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
km 7/02 3 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, дзыппыхӕсгӕ телефон ӕмӕ пейджерӕй пайдагӕнгӕйӕ?

Ахӕм дзауматы руаджы нӕ бон у иннӕтимӕ ныхас кӕнын алы ранӕй дӕр. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хъуамӕ арӕхстджын уӕм, цӕмӕй нӕ нӕ телефон ӕмӕ нӕ пейджер ма хъыгдарой уацамынды кӕнӕ чырыстон фембӕлдты. Ӕмӕ нӕ хъыгдаргӕ та куыд кӕндзысты?

Зӕгъӕм, рӕсугъд уыдзӕн, уацамынды адӕймагимӕ ныхасгӕнгӕйӕ нӕ телефон кӕнӕ нӕ пейджер куы дзӕнгӕрӕг кӕна? Цы ахъуыды кӕндзӕн адӕймаг? Кӕнӕ раст уыдзӕн, искӕимӕ ныхасгӕнгӕйӕ нӕ ныхас куы фескъуынӕм, цӕмӕй нӕм чи дзуры, уымӕн дзуапп радтӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах ӕппындӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй искӕй бахъыгдарӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын (2 Кор. 6:3). Уӕдӕ немӕ дзыппыхӕсгӕ телефон кӕнӕ пейджер куы хӕссӕм, уӕд хъуамӕ сӕ дзӕнгӕрӕг мадӕр мах хъыгдара ӕмӕ мадӕр иннӕты.

Уацамынды кӕимӕ уӕм, уый куы ныхас кӕна адӕймагимӕ, уӕд та? Уыцы рӕстӕг рахицӕн кодтам уацамындӕн, ӕмӕ хъуыды дӕр хъуамӕ ууыл кӕнӕм. Сыгъдӕг лӕггаддзинад кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕн аргъгӕнгӕйӕ, уӕ хорзӕхӕй, уӕ куысты хъуыддӕгтӕ кӕнӕ ӕндӕр истӕй хъуыддӕгтӕ кӕнут ӕндӕр рӕстӕджы (Ром. 12:7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, телефонӕй хъусын кӕнын кӕнӕ та искӕмӕ ногӕй бацӕуыны тыххӕй баныхас кӕнын аипп нӕу.

Уӕлдайдӕр та машинӕ скъӕргӕйӕ хъуамӕ къаддӕр дзурӕм телефонӕй, уымӕн ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ахӕм уавӕрты аварийы бахауынӕй тынг тӕссаг вӕййы. Кӕд закъонмӕ гӕсгӕ машинӕ скъӕргӕйӕ нӕй телефонӕй дзурӕн, уӕд ӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм.

Мах чырыстон фембӕлдтӕм, облӕстон ӕмӕ районон конгресстӕм цӕуӕм Иегъовӕйӕн кувынмӕ ӕмӕ ахуыр кӕнынмӕ. Уӕдӕ ахӕм сыгъдӕг хъуыддӕгты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма архайӕм, цӕмӕй нӕ дзыппыхӕсгӕ телефон ӕмӕ нӕ пейджер мах дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр ма хъыгдарой? Фӕлӕ дӕ ӕвӕстиатӕй телефонӕй дзурын куы бахъӕуа, уӕд дӕ бон у залӕй рахизын. Уӕвгӕ та хуыздӕр уаид, нӕхи ӕмӕ нӕ куысты хъуыддӕгтӕ фембӕлдты кӕнӕ уацамынды рӕстӕджы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр рӕстӕджы куы аразиккам (1 Кор. 10:24).

Уӕдӕ нӕ дзыппыхӕсгӕ телефонӕй ӕмӕ ӕндӕр электрон дзаумайӕ куыд пайда кӕнӕм, уымӕй алы хатт дӕр ӕвдисӕм, иннӕтӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ монон хъуыддӕгтӕй зӕрдӕбынӕй бузныг кӕй стӕм, уый.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын