Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/13 2 ф.
  • Фарстаты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстаты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • СМС-ты тыххӕй цы зонын хъӕуы?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Чи дӕм байхъуыста, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр ногӕй бацу
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • «Уыцы адӕймаджы хӕдзары баййафын мӕ бон нӕу!»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
km 4/13 2 ф.

Фарстаты асыкк

◼ Ӕмбырды ӕмӕ уацамынды рӕстӕг телефонӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕй ис спайда кӕнӕн?

«Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон» (Еккл. 3:1). Телефоны фӕрцы адӕмӕн кӕмфӕнды дӕр ӕмӕ кӕдфӕндыдӕр сӕ бон у кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын кӕнӕ смс-тӕ ’рвитын. Фӕлӕ иуӕй-иу уавӕрты чырыстӕтты нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕм исчи телефонӕй дзура кӕнӕ сӕм фысса. Зӕгъӕм, ӕмбырды рӕстӕг лӕггад кӕнӕм Йегъовӕйӕн, исӕм дзы разамынд ӕмӕ кӕрӕдзийы уырнындзинад фидар кӕнӕм (Дык. з. 31:12; Пс. 22:22; Ром. 1:11, 12). Хорз уаид, ӕмбырдмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд-иу нӕ телефонтӕ куы ахуыссын кӕниккам ӕмӕ-иу смс-тӕн дзуапп ӕмбырды фӕстӕ куы ныффыссикам. Кӕд цӕйдӕр тыххӕй нӕ бон нӕу нӕ телефон ахуыссын кӕнын, уӕд ын хъуамӕ йӕ звук ахуыссын кӕнӕм, цӕмӕй иннӕты ма хъыгдара.

«Адӕттӕ иууылдӕр аразын хорз хабары тыххӕй» (1 Кор. 9:23). Хатт нӕ телефон уацамынды дӕр бахъӕуы. Зӕгъӕм, къордӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд дзы бӕрнон ӕфсымӕрӕн йӕ бон у адзурын, цӕмӕй базона, иннӕ хъусынгӕнджытӕ кӕм сты, уый. Хъусынгӕнджытӕ ма телефонӕй бадзурынц, фылдӕр базонын кӕй фӕнды кӕнӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнынц, ахӕм адӕймӕгтӕм бацӕуыны размӕ, уӕлдайдӕр та дард куы цӕрой, уӕд. Кӕд нӕ телефон немӕ рахастам, уӕд ын хъуамӕ рагацау йӕ звук ахуыссын кӕнӕм, цӕмӕй, искӕимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд ма ныззара (2 Кор. 6:3). Кӕимӕ баныхас кодтам, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, телефонӕй не ’мбӕлттӕм нӕ дзурдзыстӕм кӕнӕ сӕм смс-тӕ нӕ фысдзыстӕм. Уый бӕсты-иу ахъуыды кӕндзыстӕм, куыд хъусын кӕндзыстӕм ӕмӕ кӕмӕ бацӕудзыстӕм, ууыл, стӕй уацамынды кӕимӕ цӕуӕм, ууыл.

Иннӕтыл хъуыды кӕн (1 Кор. 10:24; Фил. 2:4). Уацамындон фембӕлдмӕ нӕ рӕджы кӕндзыстӕм, ӕмӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, куы бахъӕуа, уӕд телефонӕй адзурдзынӕн кӕнӕ смс арвитдзынӕн, ӕмӕ базондзынӕн, мӕ къорд кӕм лӕггад кӕны, уый. Куы байрӕджы кӕнӕм, уӕд та ӕфсымӕры ногӕй хъӕудзӕн снысан кӕнын, чи кӕимӕ ацӕудзӕн, уый. Хатт ахӕм уавӕрты бахауӕм, ӕмӕ нын байрӕджы вӕййы. Фӕлӕ афойнадыл цӕуын куы сахуыр уӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйыл, бӕрнон ӕфсымӕрыл ӕмӕ иннӕ хъусынгӕнджытыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын