Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwyp 10 статья
  • СМС-ты тыххӕй цы зонын хъӕуы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • СМС-ты тыххӕй цы зонын хъӕуы?
  • Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕмӕ фыссыс
  • Цы фыссыс
  • Кӕд фыссыс
  • Уынаффӕтӕ
  • Фарстаты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Ӕмбӕлттӕ мын цӕуылнӕ ис?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын хорз у?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
Фӕсивӕды фарстатӕ
ijwyp 10 статья

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

СМС-ты тыххӕй цы зонын хъӕуы?

  • :-) Зондӕй куы архайай, уӕд СМС-ты фӕрцы алкӕддӕр де ’мбӕлтты хабӕрттӕ зондзынӕ.

  • :-( Адӕймаг СМС-ты цы фыссы, ууыл куы нӕ хъуыды кӕна, уӕд дӕм, гӕнӕн ис, де ’мбӕлттӕ фӕхъыг уой кӕнӕ дын хорз ном мауал уа.

Ацы статьяйы базондзынӕ, цы хъӕуы зонын ацы фарстаты тыххӕй:

  • Кӕмӕ фыссыс

  • Цы фыссыс

  • Кӕд фыссыс

Ацы статьяйы ма ис:

  • Уынаффӕтӕ

  • Тест

Кӕмӕ фыссыс

Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ кӕрӕдзимӕ СМС-тӕ куы нӕ фыссой, уӕд сӕ бон нӕу. СМС-ты фӕрцы ис ныхас кӕнӕн, дӕ телефоны кӕй номыртӕ ис, уыдонимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр, кӕд дӕ ныййарджытӕ ницы зӕгъынц, уӕд.

«Нӕ фыды зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, лӕппутӕ нӕм телефонӕй куы фӕдзурынц. Искӕимӕ ныхас кӕныны бар нын ис ӕрмӕстдӕр хӕдзары телефонӕй, уымӕй дӕр ӕрмӕстдӕр залы, исчи нӕ куыд хъуса, афтӕ».

Цы хъӕуы зонын. Дӕ телефоны номыр, хъӕуа-нӕхъӕуа, алкӕмӕн дӕр куы дӕттай, уӕд дӕ уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ хорзмӕ ма ӕркӕна.

«Дӕ номыр кӕмӕн дӕттыс, ууыл куы нӕ хъуыды кӕнай, уӕд, абон уа ӕви райсом, уӕддӕр дӕм исчи исты ӕнӕуаг СМС кӕнӕ ныв ӕрбарвитдзӕн» (Скотт).

«Лӕппу чызгмӕ кӕнӕ чызг лӕппумӕ СМС-тӕ арӕх куы ӕрвита, уӕд ыл тагъд сахуыр уыдзӕн» (Стивен).

Библийы цы фыст ис. «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3). Дӕхи куы хъахъхъӕнай, уӕд дӕхи бирӕ зындзинӕдтӕй бахиздзынӕ.

Ӕцӕг хабар. «Иу лӕппуимӕ ӕмбӕлттӕ уыдыстӕм ӕмӕ-иу арӕх кӕрӕдзимӕ СМС-тӕ фыстам. Ӕз ӕм хорз ӕмбалы цӕстӕй кастӕн, ӕмӕ уым ӕвӕзрӕй ницы уыдтон, цалынмӕ мын нӕ загъта, мӕ зӕрдӕмӕ цӕуыс, зӕгъгӕ, уӕдмӕ. Ныр ӕй бӕргӕ ӕмбарын, уыйбӕрц рӕстӕг нӕ иумӕ ӕрвитын ӕмӕ кӕрӕдзимӕ афтӕ арӕх СМС-тӕ ӕрвитын кӕй нӕ хъуыди» (Мелиндӕ).

Куыд хъуыды кӕныс? Мелиндӕйӕн йе ’мбал йӕ зӕрдӕ кӕй раргом кодта, уый сыл куыд фӕзынд?

Ахъуыды кӕн, хабар ӕндӕрхуызон кӕд рауадаид. Куыд хъуамӕ дардтаид йӕхи Мелиндӕ, цӕмӕй уыцы лӕппуимӕ ӕмбӕлттӕй баззадаиккой?

Цы фыссыс

СМС-тӕ ӕрвитын ӕнцон у, сӕ исын та у ӕхсызгон, ӕмӕ адӕймаджы хатт айрох вӕййы, ӕмӕ цы фыссы, уый, гӕнӕн ис, иннӕ раст ма бамбара.

Цы хъӕуы зонын. СМС-ы цы фыст ис, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ раст ма бамбарой.

«СМС-тӕй зын бамбарӕн вӕййы, адӕймаг дӕм цы зӕрдӕйӕ фыссы ӕмӕ дын уыцы ныхӕстӕ цы хъӕлӕсы уагӕй загътаид, кӕд дзы смайликтӕ ӕмӕ ӕндӕр нысӕнттӕ дӕр вӕййы, уӕддӕр. Гӕнӕн ис, ӕмӕ кӕрӕдзи ма бамбарат» (Бриана).

«Ахӕм чызджыты зонын, ӕмӕ сӕ кад дӕлӕмӕ ӕрхауд, стӕй, дзырдӕппарӕнтӕ кӕнын чи уарзы, ахӕм ном сыл сбадт, лӕппутӕм СМС-ты цытӕ фыстой, уый тыххӕй» (Лорӕ).

Библийы цы фыст ис. «Рӕстгӕнӕджы зӕрдӕ дзуапп раттыны размӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 15:28). Зондӕн дзы цы исӕм? Цалынмӕ дӕ СМС нӕ арвыстай, уӕдмӕ ма йӕ иу хатт бакӕс!

Кӕд фыссыс

Хорз ахъуыды кӕн ӕмӕ СМС-тӕ фыссынӕн дӕхицӕн бӕлвырд ӕгъдау скӕн.

Цы хъӕуы зонын. СМС-тӕ ӕрвитынӕн цы хорз ӕгъдӕуттӕ ис, уыдоныл куы нӕ хъуыды кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ де ’мбӕлтты фӕхъыг кӕнай ӕмӕ демӕ мауал дзурой.

«СМС-тӕ ӕрвитынӕн цы хорз ӕгъдӕуттӕ ис, уыдон ферох кӕнын тынг ӕнцон у. Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ кӕимӕдӕр фӕныхас кӕнын кӕнӕ фынгыл фӕбадын, ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг СМС-тӕ фӕфыссын» (Аллисон).

«Машинӕ скъӕргӕйӕ СМС-тӕ фыссын тӕссаг у. Дӕ фӕндагмӕ куы нӕ кӕсай, уӕд авари дӕр скӕндзынӕ» (Аннӕ).

Библийы цы фыст ис. «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон... ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Екклесиаст 3:1, 7). Уый ӕрмӕст ныхас кӕнынмӕ нӕ хауы, фӕлӕ СМС-тӕм дӕр!

Уынаффӕтӕ

Кӕмӕ фыссыс

  • ;-) Дӕ ныййарджытӕ дын бар цӕмӕн дӕттынц, ӕрмӕстдӕр уый кӕн (Колоссӕгтӕм 3:20).

  • ;-) Дӕ телефоны номыр алкӕмӕн ма дӕтт. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ дӕ исчи, ӕрмӕст дӕхимӕ цы хауы, ахӕм цӕмӕйдӕр бафӕрсы, зӕгъӕм, дӕ телефоны номыр дӕ фӕкуры. Ахӕм адӕмӕн уӕзданӕй «нӕ» дзурын куы сахуыр уай, уӕд дын уый стырӕй дӕр ӕххуыс кӕндзӕн.

  • ;-) СМС-ты ӕгӕр уӕндон ныхас ма кӕн ӕмӕ ахӕмӕй мацы фысс, цӕмӕй, кӕмӕ фыссыс, уый афтӕ ма фенхъӕла, ӕмӕ йӕ уарзгӕ кӕныс. Афтӕмӕй исчи искӕй куы бауарзы, уӕд адӕймаг фыдӕнхъӕл цы фӕвӕййы ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цы фӕриссы, ӕндӕр дзы хорзӕй ницы вӕййы.

«Телефонӕй раст кӕй пайда кӕнын, уымӕ гӕсгӕ мыл мӕ ныййарджытӕ ӕууӕндынц. Уыдон ӕй зонынц, мӕ телефоны алкӕй номыр кӕй нӕ ныффыссын» (Бриана).

Цы фыссыс

  • ;-) СМС ныффыссыны размӕ ахъуыды кӕн: «Ацы уавӕры СМС ныффыссын ӕмбӕлы?» Чи зоны, хуыздӕр уаид адӕймагмӕ телефонӕй бадзурын кӕнӕ йемӕ фембӕлын, ӕмӕ афтӕ аныхас кӕнын.

  • ;-) Адӕймагӕн комкоммӕ цы нӕ зӕгъдзынӕ, уый йӕм фысгӕ дӕр ма ныккӕн. «Зӕгъын цы не ’мбӕлы, уый фыссӕн дӕр нӕй»,– зӕгъы 23-аздзыд Сарӕ.

«Исчи дӕм ӕнӕгъдау нывтӕ куы ӕрвита, уӕд дӕ ныййарджытӕн зӕгъ. Афтӕмӕй дӕхи бахъахъхъӕндзынӕ ӕмӕ дыл дӕ ныййарджытӕ тынгдӕр ӕууӕнддзысты» (Сирван).

Кӕд фыссыс

  • ;-) Ахъуыды кӕн, ӕмӕ аскъуыддзаг кӕн, телефонӕй кӕд нӕ пайда кӕндзынӕ. «Хӕрынмӕ куы ӕрбадын кӕнӕ исты куы фӕахуыр кӕнын, уӕд мӕ телефон мемӕ нӕ вӕййы,– зӕгъы Оливия.– Ӕмбырды рӕстӕг ӕй ахуыссын кӕнын, цӕмӕй-иу ӕм ма ӕркӕс-ӕркӕс кӕнон».

  • ;-) Иннӕтыл хъуыды кӕн (Филиппӕгтӕм 2:4). Искӕимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд-иу СМС-тӕ ма фысс.

«Мӕхицӕн загътон, ме ’мбӕлттимӕ куы уон, уӕд СМС-тӕ кӕй нӕ фысдзынӕн, мацы ӕрцӕуӕд, уый йеддӕмӕ. Стӕй хорз кӕй нӕ зонын, уыдонӕн мӕ номыр нӕ раттын» (Джейнелли).

Тест

1 уавӕр

Кӕимӕдӕр афӕдзы ’рдӕг ӕмбӕлыс ӕмӕ йӕ ӕмбарыс, цардӕмбалӕн дын кӕй не сбӕздзӕн. Цавӕр СМС хуыздӕр уаид арвитын?

  1. А. «Амӕй фӕстӕмӕ нал ӕмбӕлдзыстӕм».

  2. Ӕ. «Аныхас кӕнын нӕ хъӕуы. Рӕстӕг дын кӕд уыдзӕн?»

Раст дзуапп – Ӕ. Уый тынг ахсджиаг фарста у, ӕмӕ гӕнӕн куы уа, уӕд хуыздӕр уыдзӕн фембӕлын ӕмӕ афтӕмӕй аныхас кӕнын (Лукайы 6:31).

2 уавӕр

Де ’мкласон дӕм ӕрбарвыста, йӕхӕдӕг кӕм ис, ахӕм ӕнӕгъдау къам. Хуыздӕр куыд уаид бакӕнын?

  1. А. Къам уайтагъд сыхалын.

  2. Ӕ. Де ’мбӕлттӕм ӕй се ’ппӕтмӕ дӕр арвитын.

Раст дзуапп – А. Секстинг ӕгад кӕны алкӕй дӕр – чи йӕ ӕрвиты, уый дӕр ӕмӕ йӕ кӕмӕ ӕрвитынц, уый дӕр. Ахӕм хъуыддаджы макуы архай! (Ефесӕгтӕм 5:3, 4).

3 уавӕр

Дӕ бинонтимӕ фынджы уӕлхъус бадыс ӕмӕ дӕм чидӕр СМС ӕрбарвыста. Хуыздӕр куыд уаид бакӕнын?

  1. А. СМС бакӕсын, мӕ бинонтӕ мӕ бамбардзысты, зӕгъгӕ.

  2. Ӕ. Банхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ фынгӕй нӕ сыстат, уӕдмӕ.

Раст дзуапп – Ӕ. СМС уайтагъд куы нӕ бакӕсай, уӕддӕр ын ницы уыдзӕн. Бинонтӕ ахсджиагдӕр сты (Филиппӕгтӕм 1:10).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын