Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 5/02 5 ф.
  • Дӕ уырнындзинад фидар кӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ уырнындзинад фидар кӕн
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Байхъус, ӕмӕ дӕ зонындзинӕдтыл бафта»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Хъусӕм ӕмӕ ахуыр кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Иумӕ ӕмбырд кӕнӕм Иегъовӕйы кадджын кӕнынмӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Хуыцауы ныхасмӕ лӕмбынӕг хъус
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
km 5/02 5 ф.

Дӕ уырнындзинад фидар кӕн

1 Облӕстон конгресс «Хуыцауы Паддзахады зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ», зӕгъгӕ, ӕрхӕццӕ кӕны ӕмӕ та нын уыдзӕн диссаджы фадат нӕ уырнындзинад бафидар кӕнынӕн. Хӕрзгъӕд хӕринагау нӕ конгрессы программӕ дӕр бафидар кӕндзӕн «уырнындзинады дзырдтӕй» (1 Тим. 4:6). Уый фӕрцы Иегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдзыстӕм. Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕм. Иегъовӕ нын ныфс ӕвӕры: «Бацамондзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дын фенын кӕндзынӕн фӕндаг, ды кӕуыл ацӕуай, уый; ратдзынӕн дӕуӕн зонындзинад, Мӕ цӕст дӕуырдӕм у» (Пс. 31:8, МГТ). Цӕй амондджын стӕм, нӕ цардӕн нын Хуыцау кӕй дӕтты разамынд! Ӕркӕсӕм, цӕмӕй конгрессы программӕйӕ фылдӕр пайда райсӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм, уымӕ.

2 Хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕ бацӕттӕ кӕнӕм. Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ хӕс у йӕ зӕрдӕ, йӕ фӕндӕтты гуырӕн, хъахъхъӕнын (Ӕмб. 4:23). Уый тыххӕй та хъуамӕ нӕхиуыл кусӕм ӕмӕ бӕлвырд кӕнӕм нӕ мидзӕрдӕйы цы ис, уый. Конгресс у хорз рӕстӕг, цӕмӕй ахъуыды кӕнӕм нӕ ахастытыл Иегъовӕимӕ ӕмӕ «ӕдзынӕгӕй ныккӕсӕм» (НФ) «ӕххӕст закъонмӕ, сӕрибары закъонмӕ». Цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ бацӕттӕ кӕнӕм, «кӕй тауынц, уыцы дзырд» (НФ) райсынмӕ, уый тыххӕй хъуамӕ Иегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нӕ басгара, «тӕссаг фӕндагмӕ» куы аздӕхӕм, уӕд нӕ сраст кӕна, ӕмӕ нӕ сараза «ӕнусмӕйы фӕндагыл» (Иак. 1:21, 25; Пс. 138:23, 24).

3 Хъусӕм ӕмӕ хъуыды кӕнӕм. Йесо Мариайӕ раппӕлыд йӕ ныхӕстӕм ын лӕмбынӕг кӕй хъуыста, уый тыххӕй. Уый загъта: «Мариа... равзӕрста хуыздӕр хай, кӕцы уымӕй ист не ’рцӕудзӕн» (Лук. 10:39, 42). Махӕн дӕр ахӕм зондахаст куы уа, уӕд нӕ, стыр нысаниуӕг кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ хъыгдардзысты. Программӕйы рӕстӕджы иууылдӕр хъуамӕ нӕ бынӕтты бадӕм ӕмӕ лӕмбынӕг хъусӕм, ӕнӕхъуаджы ма ныхас кӕнӕм ӕмӕ ма рацу-бацу кӕнӕм, ӕмӕ нӕм дзыппыхӕсгӕ телефонтӕ, пейджертӕ, видеокамерӕтӕ ӕмӕ къамисӕнтӕ куы уа, уӕд иннӕты хъуамӕ ма хъыгдарӕм.

4 Хорз уыдзӕн, раныхӕстӕ цыбыртӕй куы фыссиккам, уымӕн ӕмӕ нын уый баххуыс кӕндзӕн сӕйраг хъуыдытӕ бамбарынӕн. Хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, цы хъусӕм, уый цы зонӕм, уыимӕ куыд баст у. Афтӕмӕй ӕрмӕг бамбардзыстӕм ӕмӕ йӕ бахъуыды кӕндзыстӕм. Цы ныффысӕм, уый куы фӕлхат кӕнӕм, уӕд дзы стӕй царды дӕр хъуамӕ спайда кӕнӕм. Алчидӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна ахӕм фарстытыл: уый куыд ӕндавы мӕ ахастытыл Иегъовӕимӕ? Мӕ царды мӕ цы хъӕуы фӕивын? Ацы хъуыдытӕй куыд ис спайда кӕнӕн, цӕмӕй мын адӕмимӕ ӕнцондӕр цӕрӕн уа? Куыд дзы спайда кӕнон уацамынды? Дӕ зӕрдӕмӕ дзы тынгдӕр цы фӕцыд, ууыл искӕимӕ аныхас кӕн. Уыдӕттӕ куы саразӕм, уӕд Иегъовӕйы ныхӕстӕ «нӕ зӕрдӕйы арф» нывӕрдзыстӕм (Ӕмб. 4:20, 21).

5 Цы базонӕм, уымӕй пайда кӕнӕм. Облӕстон конгрессы фӕстӕ иу ӕфсымӕр загъта: «Программӕ алы адӕймагмӕ дӕр хаудта. Уый алкӕйдӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй алчидӕр йӕхи зӕрдӕйы ӕмӕ йӕ бинонты зӕрдӕты дӕр цы ис, уый сбӕлвырд кӕна, ӕмӕ кӕд хъӕуа, уӕд сын Библийӕ уынаффӕ радта ӕмӕ сын баххуыс кӕна. Уый фӕрцы хуыздӕр бамбӕрстон, мӕ хӕс кӕй у ӕмбырды фылдӕр аразын». Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ махӕй бирӕтӕм фӕзындаид. Фӕлӕ конгрессы фӕстӕ нӕхи уӕнгрогдӕр ӕмӕ фидардӕр кӕй хатдзыстӕм, уый фаг нӕу. Йесо загъта: «Кӕд ай зонут сымах, ӕмӕ йӕ кӕд ӕххӕст кӕнут, уӕд тӕхудиаг [«амондджын», НД] стут» (Иоан. 13:17, НФ). Мах хъуамӕ зӕрдӕбынӕй ӕххӕст кӕнӕм, комкоммӕ махмӕ цы хауы, уый (Фил. 4:9). Сӕйраджыдӕр уый фӕрцы бафидар кӕндзыстӕм нӕ уырнындзинад.

[Рамкӕ 5 фарсыл]

Хъуыды кӕн, цы хъусыс, ууыл.

■ Уый куыд ӕндавы мӕ ахастытыл Иегъовӕимӕ?

■ Куыд мын ӕххуыс кӕны адӕмимӕ хуыздӕр цӕрынӕн?

■ Куыд дзы у мӕ бон спайда кӕнын мӕ царды ӕмӕ уацамынды?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын