Хуыцауы ныхасмӕ лӕмбынӕг хъус
1 Адӕймаджы ныхасмӕ алкӕд лӕмбынӕг хъусын нӕ фӕхъӕуы, фӕлӕ Хуыцау цы дзуры, уымӕ хъусын тынг ахсджиаг у (Дык. з. 28:1, 2). Нӕ амондӕн, Хуыцауы удцырынӕй фысджытӕ нӕ пайдайӕн ныффыстой «Хуыцауы ныхас» (Ром. 3:2). Тагъд нын облӕстон конгрессы уыдзӕн диссаджы фадат уыцы ныхасмӕ байхъусынӕн, куы йӕ кӕсой ӕмӕ йыл куы ныхас кӕной, уӕд. Куыд у дӕ бон лӕмбынӕгдӕр хъусын?
2 Алы райсом дӕр-иу раджы ӕрбацу: Ахъуыды ма кӕн, израилӕгтӕн Иегъовӕ куы загъта, цӕмӕй Синайы хохмӕ ссыдаиккой ӕмӕ йын йӕ Закъонмӕ байхъуыстаккой, уӕд сӕ зӕрдӕтӕ куыд гуыпп-гуыпп кодтой, ууыл! (Рац. 19:10, 11, 16—19). Облӕстон конгрессы Иегъовӕйӕ цы амындтӕ райсай, уыдонмӕ дӕуӕн дӕр ахӕм ахаст куы уа, уӕд бацархайдзынӕ, цӕмӕй алы райсом дӕр раджы ӕрбацӕуай. Куы байрӕджы кӕнӕм, уӕд нӕ бон не суыдзӕн программӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй байхъусын ӕмӕ ма, бынӕттӕ агургӕйӕ, иннӕты дӕр хъыгдардзыстӕм. Алы бон дӕр-иу дуӕрттӕ байгом кӕндзысты райсомы 8 сахатыл, программӕ та-иу райдайдзӕн 9 сахат ӕмӕ 30 минутыл.
3 Фӕлӕ ма раджы чи ӕрбацӕуы, уыдон дӕр конгрессы райдианмӕ сӕ бынӕтты нӕ вӕййынц. Цӕуылнӕ? Уыдон сӕ хӕлӕрттимӕ фӕныхас кӕнынц, цалынмӕ конгрессы сӕрдар фыццаг зарӕг нӕ фехъусын кӕны, уӕдмӕ; стӕй сӕ бынӕттӕ агурын райдайынц. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл бадарӕм, конгресс цы зарӕгӕй райдайы, уымӕ ма цалдӕр минуты куы баззайы, уӕд сӕрдар сценӕмӕ кӕй рацӕуы ӕмӕ йӕ бынат кӕй ӕрцахсы, ӕмӕ уыцы рӕстӕджы Паддзахады мелоди дӕр цӕгъдын райдайы. Уый махӕн ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ кӕй хъӕуы нӕ бынӕттӕ бацахсын! Афтӕмӕй, фыццаг зарӕг куы фехъусын кӕной, уӕд мах уыдзыстӕм цӕттӕ иннӕтимӕ Иегъовӕйӕн кады зарӕг зарынмӕ.
4 Хъус дӕ бинонтимӕ иумӕ: Израилӕгтӕ-иу куы ӕрӕмбырд сты ӕмӕ-иу сын Хуыцауы ныхас куы кастысты, уӕд-иу бинонтӕ сӕ «сывӕллӕттимӕ» хъуамӕ хъуыстаиккой ӕмӕ ахуыр кодтаиккой (Дык. з. 31:12). Нӕ конгресты рӕстӕджы сывӕллӕтты нӕ хъӕуы «сӕхи бар» уадзын (Фӕс. н. 29:15, НД). Ныййарджытӕ, афтӕ бакӕнут, цӕмӕй ӕнӕхъӕн бинонтӕй дӕр иумӕ сбадат, уыимӕ уӕ ӕрыгӕтты дӕр уемӕ сбадын кӕнут. Иуӕй-иу ныййарджытӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц, цалынмӕ фыццаг зарӕг нӕ райдайы, уӕдмӕ; стӕй сӕ сывӕллӕтты уазӕгдонмӕ акӕнынц. Фӕлӕ сывӕллӕттӕ афтӕмӕй нӕ бамбардзысты, зарӕг ӕмӕ куывд нӕ кувынады цы ахсджиаг бынат ахсынц, уый. Цас хуыздӕр уаид уазӕгдонмӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, конгрессы алы хайы райдайӕны размӕ ацӕуын!
5 Лӕмбынӕг хъусынӕн ма нын баххуыс кӕндзӕн, алы ӕхсӕв дӕр хорз куы улӕфӕм ӕмӕ боныгон уӕззау хӕринӕгтӕ куы нӕ хӕрӕм, уый дӕр. Докладгӕнӕг цы дзуры, уымӕ дӕ хъус дар. Дӕ хъуыдытӕ-иу кӕдӕмдӕрты ма адзӕгъӕл уӕнт. Стихтӕ куы кӕсой, уӕд сӕ дӕ Библийы кӕс. Хъуыдытӕ цыбыртӕй фысс. Алы доклады рӕстӕг дӕр докладгӕнӕджы ныхӕстӕ дӕхинымӕр фӕлхат кӕн ӕмӕ хъуыды кӕн, дӕ царды сӕ куыд ис спайдагӕнӕн, ууыл. Изӕрӕй уӕ бинонтимӕ программӕйыл аныхас кӕнут. Алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр дзы цы фӕцыд? Дӕ бинонтӕ уыцы хъуыдытӕй куыд спайда кӕндзысты?
6 Хуыцауы Ныхасӕн кӕй аргъ кӕныс, уый ӕвдис: Конгресты нын ис хорз фадат нӕ хӕлӕрттимӕ ныхас кӕнынӕн ӕмӕ нӕ пайдайӕн семӕ рӕстӕг ӕрвитынӕн. Рагацау куы ӕрбацӕуӕм, уӕд нын программӕйы размӕ уыдзӕн рӕстӕг аныхас кӕнынӕн. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ фӕныхас кӕнынц программӕйы рӕстӕджы, афтӕ сӕм фӕкӕсы, цыма ахӕм стыр залы никӕй бахъыгдардзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕдийынц. Фембӕлдтӕ стыр агъуысты куы уой, уӕддӕр хъӕуы хъусын, Паддзахады Залы фембӕлды куыд фӕхъусӕм, афтӕ. Дзыппы хӕсгӕ телефонтӕ, пейджертӕ, видеокамерӕтӕ ӕмӕ фотоаппараттӕй афтӕ пайда кӕнын хъӕуы, цӕмӕй адӕмы программӕмӕ хъусын ма хъыгдарой.
7 Моисей Иегъовӕйӕ Закъон куы иста, уӕд «дзул дӕр нӕ хордта ӕмӕ дон дӕр нӕ нуӕзта» (Рац. 34:28, НД). Афтӕ конгрессы программӕйы рӕстӕджы дӕр хӕрын ӕмӕ нуазын раст нӕ уаид. Кӕд дӕ де ’нӕниздзинад нӕ хъыгдары, уӕд банхъӕлмӕ кӕс хӕрынӕн «нысангонд рӕстӕгмӕ» (Еккл. 3:1, НД).
8 Хаттӕй-хатт ма конгресты бирӕ ӕфсымӕртӕ, хотӕ ӕмӕ ма сывӕллӕттӕ дӕр программӕйы рӕстӕджы ахизӕнты фӕрацу-бацу кӕнынц. Уагдартӕн уыдзӕн хӕсгонд, цӕмӕй-иу ахӕмты уӕзданӕй фӕстӕмӕ сӕ бынӕттӕм ӕрвитой. Алыхуызон хайӕдты цы бархи кусджытӕ лӕггад кӕна, уыдон куыддӕр сӕ куыст фӕуой, афтӕ хъуамӕ сӕ бынӕттӕ ӕрцахсой. Бархи кусджытӕн программӕйы рӕстӕджы ӕнӕмӕнгхъӕугӕ куыст куы нӕ бабар кӕной, уӕд уыдон хъуамӕ сӕ бынӕтты бадой ӕмӕ программӕмӕ хъусой. Программӕйы рӕстӕджы хъуамӕ хайӕдты ма лӕууой ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ ма ныхас кӕной.
9 Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасмӕ хъусынмӕ искуы «уӕзхъус» суӕм (Дзут. 5:11, НФ). Цӕй уӕдӕ, тагъд цы облӕстон конгресс уыдзӕн, уым Иегъовӕйы ныхасмӕ лӕмбынӕг байхъусӕм ӕмӕ уымӕй равдисӕм, кӕй йын аргъ кӕнӕм, уый.