Фембӕлдты уыдзӕн
11 июлӕй райдайгӕ къуыри
10 мин. Хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы нӕ «Хъусын кӕныны хъуыддаг»-ӕй.
15 мин. Ӕркӕсинаг фарстатӕ.
20 мин. «Фылдӕр адӕмӕн хорз хабар хӕссӕм»a. 5 абзацыл куы ныхас кӕнай, уӕд равзар 2005 азы июны «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ы 8 фарсыл цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй уӕ территорийы хорз чи уыдзӕн, ахӕмтӕ.
20 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
18 июлӕй райдайгӕ къуыри
10 мин. Хъусинӕгтӕ. Цыбыртӕй равзар 2000 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы статья 32 фарсыл (уыр.). Ӕрдзур, алы бон дӕр Библи кӕсын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, улӕфты рӕстӕг дӕр ӕмӕ нӕ боны фӕтк куы фӕива, уӕддӕр.
15 мин. «Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм уырнындзинады рӕзынӕн» (11 хай)b. Равдыст: ӕфсымӕр/хо ног хъусынгӕнӕгимӕ цӕттӕ кӕнынц, адӕймагмӕ дыккаг хатт куыд бацӕудзӕн, уый. Фыццаг фембӕлды рӕстӕджы цӕуыл дзырдтой, уыцы фыстытӕм кӕсынц ӕмӕ ӕвзарынц, ногӕй йӕм куы бацӕуой, уӕд цӕуыл дзурдзысты, уый. Цӕттӕ ма кӕнынц, сӕ ныхас хуымӕтӕгӕй куыд райдайдзысты, уый, ӕмӕ сӕ ныхас цӕмӕй фӕуыдзысты, ахӕм фарст. Равдыст фӕуыдзӕн, цы цӕвиттон бацӕттӕ кодтой, уый сфӕлхат кӕндзысты, афтӕмӕй.
20 мин. Адӕмӕн ӕххуыс кӕн Библийӕн аргъ кӕнын. Ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ чиныг «Кувут Хуыцауӕн», 23–25 фф., 3–6 абз. Чиныджы цы фарстытӕ ис, уыдон ратт. Спайда ма кӕн брошюрӕ «Чиныг алкӕмӕндӕр»-ы 32 фарсӕй дӕр.
5 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
25 июлӕй райдайгӕ къуыри
15 мин. Хъусинӕгтӕ. Бакӕс ӕхцайы хыгъд ӕмӕ мысайнӕгты тыххӕй раарфӕ кӕн. Ӕркӕс 4 фарсыл цы уынаффӕ ис, уымӕ, ӕмӕ равдис, куыд раттӕн ис 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Уӕ бон у уӕ ныхас ӕндӕрхуызон дӕр райдайын. Кӕнӕ журнал куыд раттӕн ис базары, йе та ӕндӕр ӕхсӕнадон бынӕтты.
10 мин. Уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты ӕцӕгад фидар кӕнут (Дык. з. 6:7). Хистӕр нӕлгоймаджы раныхас арӕзт у 2002 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ыл, 30, 31 фф. (уыр.). Чырыстон ныййарджытӕй йӕ цардӕмбал ӕнӕуырнӕг кӕмӕн у, уыдонӕн сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн чи фӕахъаз уа, Фыстадӕй ахӕм уагӕвӕрдтӕ равзар.
20 мин. «Адӕмӕй хӕсджын стӕм»c. Ӕрхӕсс цалдӕр хъуыдыйы 2000 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй, 21 ф., 13 абз.
37 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
1 августӕй райдайгӕ къуыри
15 мин. Хъусинӕгтӕ. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй июлы уацамынды хыгъд раттой. Хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй бакӕной «Хъусынгӕнджыты скъолайы» чиныг 70 фарсыл ӕмӕ ӕрныхас кӕнут 2, 3 абзацтыл ӕмӕ фӕлгӕтыл «Куыд хъӕуы фембӕлдты дзуапп дӕттын».
15 мин. «Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут хуыздӕр хъусын кӕнын». Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ. Равдыст: ныййарӕг йӕ сывӕллонимӕ цӕттӕ кӕны хуымӕтӕг цӕвиттон. Равдысты кӕрон ныййарӕг цыбыртӕй ӕмбарын кӕны, нӕ хъуыддаг барвӕндон мысайнӕгты фӕрцы куыд цӕуы.
15 мин. Дӕ ныхас уӕвӕртӕм гӕсгӕ аразыс? Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ арӕзт у 2005 азы январы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ыл, 6 ф. Ӕрдзур уынаффӕтыл ӕмӕ равдис, уавӕртӕм гӕсгӕ августы литературӕ дӕттӕн куыд ис. Бацӕттӕ кӕн иу кӕнӕ дыууӕ равдысты.
2 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Дӕ раныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
b Дӕ раныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
c Дӕ раныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.