Фылдӕр адӕмӕн хорз хабар хӕссӕм
1. Фыццаг чырыстӕттӕ фылдӕр адӕмӕн хорз хабар куыд хастой?
1 Йесойы фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ ӕдзух фадӕттӕ агуырдтой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар дзурынӕн. Архайдтой, цӕмӕй йӕ фылдӕр адӕммӕ фӕхӕццӕ кодтаиккой. Библийы фысджытӕ Хуыцауы фӕндӕй фыстой иумӕйаг грекъаг ӕвзагыл – Ромы паддзахады ӕхсӕнадӕмон ӕвзагыл. Уымӕй уӕлдай ма, н. э. II ӕмӕ III ӕнусты зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ уыдысты, кодексӕй фыццаг пайда кӕнын чи райдыдта, уыдон. Тыхтонӕй уӕлдай кодексы бирӕ ӕнцондӕр уыди стихтӕ агурын.
2, 3. а) Исайы 60:16 нӕ рӕстӕджы куыд ӕххӕст кӕны? ӕ) Адӕмы ӕнтыстыты руаджы Хуыцауы хъуыддаг размӕ куыд цӕуы?
2 Адӕмы ӕнтыстытӕй пайда кӕнӕм. Пехуымпар Исайы уылты Иегъовӕ загъта: «Дӕхи ӕфсаддзынӕ адӕмты ӕхсырӕй» (Ис. 60:16). Нӕ рӕстӕджы ацы пехуымпарад афтӕ ӕххӕст кӕны, ӕмӕ, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ йӕ хъуыддаг размӕ кӕнынӕн пайда кӕнынц, адӕм хорзӕй цы ӕрхъуыды кӕнынц, уымӕй. Зӕгъӕм 1914 азы, цалынмӕ дзургӕ киноныв афтӕ арӕх нӕма уыди, уӕдмӕ Библи иртасджытӕ ӕвдыстой «Сфӕлдыстады фотодрамӕ». Астсахатон дзургӕ киноныв ӕмӕ, хуызджын ӕмӕ дзургӕ слайдтӕ, стыр ӕвдисӕнад уыдысты милуантӕн.
3 Абон Хуыцауы адӕм пайда кӕнынц тагъд мыхуыргӕнӕн пресстӕй ӕмӕ компьютертӕй Библитӕ ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ сӕдӕгай ӕвзӕгтыл уадзынӕн. Ӕмӕ зӕххы алы кӕрӕттӕм литературӕ фӕхӕццӕ кӕнынӕн цы транспортӕй пайда кӕнынц, уый руаджы ӕххӕссынц 235 бӕстӕйыл. Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй йӕ лӕггадгӕнджыты разӕнгард кӕны уыцы фӕрӕзтӕй ӕнтыстджынӕй пайда кӕнын, цӕмӕй историйы куыд никуы ма уыд, афтӕ фылдӕр адӕмӕн ӕцӕгад хӕссой.
4. Иуӕй-иутӕ сӕ царды цы фӕивтой, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн хорз хабар хӕссой?
4 Нӕ разы цы нысӕнттӕ ӕвӕрӕм. Ӕцӕг лӕггадгӕнджыты дӕр фӕнды сӕ царды цыдӕртӕ афтӕ фӕивын, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕной. Уый тыххӕй бирӕтӕ сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой. Иуӕй-иутӕ та ацыдысты, Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ фылдӕр кӕм хъӕуы, уырдӕм. Иннӕтӕ та ахуыр кӕнынц ӕндӕр ӕвзаг.
5, 6. Цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй кӕм цӕрӕм, уым хорз хабар фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнӕм?
5 Уыимӕ ма нӕ бон у хорз хабар фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнын, сӕ хӕдзӕртты куы уой, уӕд ӕмӕ сыл кӕм ис сӕмбӕлӕн, уым. Кӕм хъусын кӕныс, уым кӕд арӕх адӕмы боныгон хӕдзары нӕ баййафыс, уӕд сӕм изӕрыгӕтты нӕй цӕуӕн? Дӕ бон хъусын кӕнын кӕм у, ахӕм ӕхсӕнадон бынӕттӕ ис? Искуы бафӕлвӕрдтай телефонӕй ӕмӕ куыстуӕтты хъусын кӕнын? Кӕнӕ дын фадат куы фӕзыны, уӕд?
6 Цӕй стыр кад у Иегъовӕйы номы ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй ӕппӕтдунеон хъусын кӕныны хъуыддаджы архайын! Уӕдӕ дарддӕр дӕр фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнӕм Хуыцауы Ныхасы цардхӕссӕг ӕцӕгад (Матф. 28:19, 20).