Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 2/09 2–6 фф.
  • Алцыдӕр «аразӕм хорз хабары тыххӕй»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Алцыдӕр «аразӕм хорз хабары тыххӕй»
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ фӕархайыс?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Дӕ бон у дӕ график фӕивын?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Фылдӕр адӕмӕн хорз хабар хӕссӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • «Адӕмахсӕг» суай, уымӕ цӕттӕ дӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
km 2/09 2–6 фф.

Алцыдӕр «аразӕм хорз хабары тыххӕй»

1. Цы нӕ фӕнды аразын ӕмӕ цӕмӕн?

1 Апостол Павел йӕ хӕсыл нымадта иннӕтӕн хорз хабар дзурын (1 Кор. 9:16, 19, 23). Мах дӕр зӕрдиагӕй архайдзыстӕм адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕныныл, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой.

2. Нӕ хъуыддӕгтӕ куыд хъуамӕ спълан кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?

2 Хъусын кӕнӕм, адӕм кӕм ис, уым. Хорз кӕсагахсӕг, йӕхицӕн кӕд ӕмӕ кӕм ӕнцондӕр у, уым нӕ фӕахсы кӕсаг, фӕлӕ фылдӕр кӕд ӕмӕ кӕм вӕййы, уым. Мах дӕр «адӕмахсджытӕ» кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуӕм, нӕ участокты фылдӕр адӕмы баййафӕн кӕд вӕййы, уӕд. Афтӕмӕй «алыхуызон кӕсӕгтӕ» ахсдзыстӕм ӕмӕ нӕ куыстӕй нӕ зӕрдӕ тынгдӕр райдзӕн (Матф. 4:19; 13:47). Цымӕ нӕ бон нӕу изӕры, адӕм хӕдзары куы вӕййынц, уӕд хъусын кӕнын кӕнӕ райсомӕй раджы уынджы, куыстмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд? Павелӕн йӕ нысан уыд «хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнын», ӕмӕ-иу ын фадат куы фӕзынд, уӕд-иу дзы спайда кодта (Ап. хъ. 17:17; 20:20, 24).

3, 4. Нӕ ныхас уавӕртӕм гӕсгӕ куыд ивӕм ӕмӕ нын цы бантысдзӕн?

3 Дӕ ныхас уавӕртӕм гӕсгӕ ив. Цӕмӕй кӕсагахсӕг цавӕрдӕр кӕсаг ӕрцахса, уый тыххӕй алыхуызон мадзӕлттӕй фӕархайы – йе ’нгуырыл куы цы бакӕны, куы цы. Нӕ бон куыд у афтӕ ныхас кӕнын, цӕмӕй адӕймаг хорз хабармӕ байхъуса? Нӕ участокты адӕмы тынгдӕр цы тыхсын кӕны, ууыл-иу уӕзданӕй ныхас кӕнын райдайӕм, стӕй-иу сӕм лӕмбынӕг байхъусӕм (Иак. 1:19). Уый тыххӕй сӕ нӕ бон у сӕ хъуыдыйӕ бафӕрсын (Ӕмб. 20:5). Афтӕмӕй нӕ ныхас уавӕртӕм гӕсгӕ ивдзыстӕм, цӕмӕй сӕ цы тыхсын кӕны, ууыл ныхас кӕнӕм. Павел «алыхуызон адӕмӕн дӕр сси алцыдӕр» (1 Кор. 9:22). Нӕ ныхас уавӕртӕм гӕсгӕ куы ивӕм, уӕд адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардзыстӕм.

4 Куыд ӕхсызгон у, «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕнын! (Ис. 52:7). Цӕй уӕдӕ алцыдӕр «аразӕм хорз хабары тыххӕй», цӕмӕй йӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм (1 Кор. 9:23).

[Таблицӕ 3–6 фарсыл]

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ ӔППӔТДУНЕОН ХЫГЪД 2008 ЛӔГГАДЫ АЗӔН

(Кӕс публикацимӕ)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын