Ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ фӕархайыс?
1. Дунейы уавӕртӕ кӕй ивынц, уымӕ гӕсгӕ нӕ цавӕр ивындзинӕдтӕ саразын бахъӕуы?
1 Ацы дуне куыд ивы, уый 1 Коринфӕгтӕм 7:31 барст цӕуы, театры нывтӕ ӕмӕ артисттӕ ӕдзухдӕр кӕрӕдзи куыд ивынц, уыимӕ. Дунейы уавӕртӕ кӕй ивынц, уымӕ гӕсгӕ нӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уацамынды бахъӕуы ног мадзӕлттӕй пайда кӕнын, стӕй нӕ график ӕмӕ, адӕмимӕ ныхас кӕнын куыд райдайӕм, уый дӕр фӕивын. Ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ фӕархайыс?
2. Нӕ организациимӕ иумӕ размӕ цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм?
2 Куыд хъусын кӕныс. Чырыстон ӕмбырд кӕддӕриддӕр цӕттӕ вӕййы ивындзинӕдтӕм. Йесо фыццаг хатт йӕ ахуыргӕнинӕгты уацамынды куы арвыста, уӕд сын загъта, цӕмӕй семӕ ма ахастаиккой мадӕр хӕринаг ӕмӕ мадӕр ӕхца (Матф. 10:9, 10). Фӕлӕ сын фӕстӕдӕр та загъта, цӕмӕй бынтон ӕндӕрхуызон бакодтаиккой. Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм знаджы цӕстӕй кӕсын кӕй райдайдзысты ӕмӕ сӕ дард рӕтты хъусын кӕнын кӕй хъӕудзӕн (Лук. 22:36). Ивгъуыд ӕнусы Йегъовӕйы организаци уацамынды пайда кодта алыхуызон мадзӕлттӕй, зӕгъӕм, хорз хабар фыст кӕм уыди, ахӕм карточкӕтӕй, радиопередачӕтӕ ӕмӕ, рупортӕ кӕуыл уыд, ахӕм машинӕтӕй. Пайда кодтой, уыцы рӕстӕг иууыл хуыздӕр цы уыди, уымӕй. Абон бирӕ рӕтты зын у адӕмы сӕ хӕдзӕртты баййафын. Уымӕ гӕсгӕ фӕархайӕм, цӕмӕй хъусын кӕнӕм ӕрмӕст хӕдзарӕй-хӕдзармӕ нӕ, фӕлӕ ма адӕм кӕмдӕриддӕр вӕййы, уым дӕр. Стӕй ма хорз хабар фӕхъусын кӕнӕм, фадат нын куы фӕзыны, уӕд дӕр. Бирӕтӕ боныгон куысты кӕй вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ ма хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фӕхъусын кӕнӕм изӕрыгӕтты дӕр. Уӕдӕ Йегъовӕйы уӕларвон уӕрдон йӕ фӕндаг куы фӕивы, уӕд ды дӕр фӕархайыс, цӕмӕй йемӕ размӕ цӕуай? (Йез. 1:20, 21).
3. Нӕ ныхас фӕивынмӕ цӕттӕ куы уӕм, уӕд нӕ участокы ӕнтыстджындӕр куыд уыдзыстӕм?
3 Дӕ ныхас куыд райдайыс. Кӕм цӕрыс, уым адӕмы цы тыхсын кӕны? Экономикӕ? Бинонты цард? Хӕст? Нӕ участокы адӕм цӕуыл тыхсынц ӕмӕ цы уавӕрты цӕрынц, уый куы зонӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ ныхас афтӕ райдайын, цӕмӕй адӕймаджы фылдӕр базонын бафӕнда (1 Кор. 9:20–23). Адӕймаг нын йӕ хъуыды куы дзура, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг байхъусӕм ӕмӕ дарддӕр нӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ аразӕм, нӕхӕдӕг цы бацӕттӕ кодтам, уый дзурынмӕ-иу ма фӕуӕм.
4. Ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй архайын цӕмӕн хъӕуы?
4 Театры артисттӕ фӕстаг ныв куыд ахъазынц ӕмӕ спектакль куыд фӕвӕййы, афтӕ ацы дунейӕн дӕр тагъд йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн ӕмӕ райдайдзӕн стыр бӕллӕх. «Рӕстӕг бирӕ нал баззад» (1 Кор. 7:29). Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй архайӕм ӕмӕ ма цы рӕстӕг баззад, уымӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнӕм!