Адӕмыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ тыхс – уацамындмӕ цӕттӕ кӕн
1 Уацамындмӕ хорз цӕттӕ куы уӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн адӕмыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ тыхсын. Куыд? Хорз цӕттӕ куы уӕм, уӕд къаддӕр хъуыды кӕндзыстӕм, нӕ ныхас цӕмӕй райдайӕм, ууыл, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ хъус фылдӕр дардзыстӕм адӕймагмӕ. Уый руаджы ма ӕгӕр тынг нӕ тыхсдзыстӕм ӕмӕ нӕ ныхас уыдзӕн зӕрдӕбын. Уӕдӕ куыд цӕттӕ кӕнӕм, цӕмӕй нӕ ныхас ӕнтыстджын уа?
2 Хуыздӕр чи уыдзӕн, ахӕм цӕвиттонтӕй пайда кӕн. 2006 азы январы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» уӕлӕмхасӕн сыфы цӕвиттонтӕй равзар, кӕм хъусын кӕныс, уым хуыздӕр кӕцы уыдзӕн, ахӕм, ӕмӕ ахъуыды кӕн, дӕхи ныхӕстӕй йӕ куыд зӕгъис, ууыл. Зӕгъӕм, арӕх ӕмбӕлыс цавӕрдӕр диныл хӕст адӕмыл кӕнӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи у, ахӕмтыл. Ахъуыды кӕн, цы сын хуыздӕр уыдзӕн зӕгъын, цӕмӕй сӕ бацымыдис кӕнай. Дӕ ныхасӕмбалы уавӕртӕм гӕсгӕ куы аразай дӕ ныхас, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, зӕрдиагӕй йыл кӕй тыхсыс, уый (1 Кор. 9:22).
3 Цы цӕвиттонтӕй райдайыс пайда кӕнын, уыдон фӕхуыздӕр кӕныныл архай. Фыццаг ныхӕстӕ уӕлдай ахсджиаг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ дӕ хъус дар, адӕймаг сӕм цы цӕстӕй ракӕсы, уымӕ. Цӕуыл дзурыс, уый йӕ цымыдис кӕны? Дӕ фарст ӕй йӕ хъуыды зӕгъынмӕ сразӕнгард кӕны? Кӕд нӕ, уӕд архай, дӕ ныхас куыд райдайыс, уый фӕхуыздӕр кӕныныл, цалынмӕ ахадын нӕ райдайа, уӕдмӕ.
4 Цы нын баххуыс кӕндзӕн бахъуыды кӕнын. Бирӕтӕ искӕй дуары раз куы ’рлӕууынц, уӕд сӕ ферох вӕййы, сӕ ныхас цӕмӕй райдайынмӕ хъавыдысты, уый. Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры уыдтӕ, уӕд никуы архайдтай, цы зӕгъинаг дӕ, уый рагацау искӕмӕн радзурыныл? Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цы зӕгъинаг дӕ, уый хуыздӕр бахъуыды кӕнын ӕмӕ ӕнӕкъуыхцыйӕ дӕ хъуыдытӕ бӕлвырд дзурын. Стӕй ма афтӕмӕй, адӕймаг цыфӕнды дзуапп ма ратта, уӕддӕр зондзынӕ, дарддӕр цы зӕгъай, уый.
5 Дӕ ныхас куыд райдайдзынӕ, уый бахъуыды кӕнынӕн ма ис ӕндӕр мадзал. Гӕххӕттыл ӕй цыбыртӕй ныффысс ӕмӕ йӕм дуары раз ӕркӕс. Бирӕтӕ, афтӕ кӕй кӕнынц, уый руаджы сӕхи сӕрибардӕр хатынц ӕмӕ адӕмимӕ ныфсджындӕрӕй ныхас кӕнынц. Уӕдӕ хорз цӕттӕ куы уӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн адӕмыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ тыхсын ӕмӕ хорз хабар ӕнтыстджындӕрӕй хъусын кӕнын.