«Ӕнӕзивӕг ут алы хорз хъуыддагмӕ дӕр»
1 Цалынмӕ Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты хъусын кӕнынмӕ нӕ арвыста, уӕдмӕ рӕстӕг рахицӕн кодта, цӕмӕй сӕ бацӕттӕ кодтаид (Матф. 10:5–14). Кӕд ӕнӕвдӕлон стӕм, уӕддӕр-иу хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕныны размӕ цалдӕр минуты куы ссарӕм нӕхи бацӕттӕ кӕнынӕн, уӕд нын бирӕ ӕнтысдзӕн (2 Кор. 9:6).
2 Куыд цӕттӕ кӕнӕм? Фыццаг уал ӕркӕсын хъӕуы, цы литературӕ дӕтдзыстӕм, уымӕ. Ахъуыды кӕнын ма хъӕуы, нӕ участокы цы адӕм цӕры, уыдоныл дӕр. Цы сӕ тыхсын кӕны? Цӕуыл ӕууӕндынц? Ныхас райдайӕн куыд ис, уый тыххӕй нӕ бон у ӕркӕсын «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-мӕ ӕмӕ чиныгмӕ «Рассуждение с помощью Писаний».
3 Хъусын кӕныны фембӕлды цы равдыстытӕ вӕййы, уыдонмӕ лӕмбынӕг куы хъусӕм, уӕд нын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн. Цас фӕлтӕрдджындӕр кӕнӕм уацамынды, уыйас нӕ къаддӕр рӕстӕг хъӕудзӕн цӕттӕ кӕнынӕн. Фӕлӕ-иу алы хатт дӕр уацамынды размӕ куы ахъуыды кӕнӕм, нӕ ныхас цӕмӕй райдайдзыстӕм, ууыл, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы фӕхуыздӕр кӕныныл куы архайӕм, уӕд уыдзыстӕм ноджы ӕнтыстджындӕр. Стӕй-иу хъуамӕ ӕркӕсӕм нӕ сумкӕтӕм, цы литературӕ нӕ бахъӕудзӕн, уый дзы ис ӕви нӕ.
4 Нӕ ныхас цӕмӕй райдайдзыстӕм, уый куыд бахъуыды кӕнӕм? Иу мадзал – хъӕрӕй-иу ӕй радзурӕм. Иуӕй-иутӕ, сӕ ныхас цӕмӕй райдайдзысты, уый сӕ бинонты ахуыры рӕстӕг фӕцӕттӕ кӕнынц. Иннӕтӕ та сӕ ныхӕстӕ цыбыртӕй гӕххӕттыл афыссынц ӕмӕ йыл сӕ цӕст ахӕссынц дуар бахойыны размӕ.
5 Цӕттӕ кӕнын хорз цӕмӕй у? Уӕд хуыздӕр амондзыстӕм Хуыцауы ныхас ӕмӕ нын уый хӕсдзӕн фылдӕр циндзинад. Уацамынды нын уыдзӕн ӕнцондӕр ӕмӕ тыхсгӕ дӕр къаддӕр кӕндзыстӕм. Афтӕмӕй, дарддӕр цы зӕгъдзыстӕм, ууыл хъуыды кӕныны бӕсты адӕймагмӕ лӕмбынӕгдӕр хъусдзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма, цы литературӕ дӕтдзыстӕм, уый рагацау куы бакӕсӕм, уӕд ӕй ноджы зӕрдиагдӕрӕй парахат кӕндзыстӕм.
6 Фыстад нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «ӕнӕзивӕг уӕм алы хорз хъуыддагмӕ дӕр» (Тит. 3:1). Цымӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕй хуыздӕр куыст ис? Уацамындмӕ нӕхи хорз куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд уымӕй равдисдзыстӕм, чи нӕм хъусы, уыцы адӕймагӕн ӕмӕ, кӕй номӕй дзурӕм, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕн кӕй аргъ кӕнӕм (Ис. 43:10).