Хъусын кӕнынӕн фадӕттӕ агур
1 Чырыстон ӕмбырды ис алыхуызон адӕм ӕмӕ сӕ фадӕттӕ дӕр сты алыхуызон. Фӕлӕ не ’ппӕтмӕ дӕр ис иу фӕндон – Иегъовӕйы кадджын кӕнын (Пс. 78:13). Кӕд не ’нӕниздзинад ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдты аххосӕй уацамынды къуылымпы ӕййафӕм, уӕддӕр нӕ бон куыд у хъусын кӕнынӕн фадӕттӕ агурын?
2 Ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ. Чырысти алы фадатӕй дӕр пайда кодта, цӕмӕй адӕмӕн дзырдтаид хорз хабар. Матфеимӕ ныхас кодта хъалонӕмбырдгӕнӕны рӕзты цӕугӕйӕ, Закхеимӕ – фӕндагыл цӕугӕйӕ, самариаг сылгоймагимӕ та ныхас кодта, йӕ фӕллад куы уагъта, уӕд (Матф. 9:9; Лук. 19:1–5; Иоан. 4:6–10). Махӕн дӕр нӕ бон у адӕмимӕ ӕнӕуи ныхасгӕнгӕйӕ сын се ’ргом Хуыцауы Ныхасмӕ здахын. Немӕ Библи, трактаттӕ ӕмӕ брошюрӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд та нын ноджы ӕнцондӕр уыдзӕн хорз хабарыл искӕимӕ аныхас кӕнын (1 Пет. 3:15).
3 Мыййаг де ’нӕниздзинады тыххӕй дӕ бон хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын бирӕ нӕу? Дохтыртӕм куы уай, йе та ӕндӕр искӕимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд хъусын кӕнынӕн фадат ма ауадз (Ап. к. 28:30, 31). Кӕд дӕ уавӕртӕм гӕсгӕ арӕх дӕ бон нӕ вӕййы хӕдзарӕй рацӕуын, уӕд фӕархайыс телефонӕй кӕнӕ фыстӕджыты руаджы хъусын кӕнын? Цӕвиттон, иу хо ӕдзух фӕфыссы, йӕ хӕстӕджытӕй Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонмӕ. Йӕ фыстӕджыты сын ныффыссы Библийӕ ныфсдӕттӕг хъуыдытӕ, ӕмӕ йыл хъусынгӕнгӕйӕ цы цымыдисаг цаутӕ ӕрцыди, уыдон.
4 Куысты кӕнӕ скъолайы. Иегъовӕйы кадджын кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ фадӕттӕ агурдзыстӕм, цӕмӕй не ’мкусджытӕ кӕнӕ не ’мкъласонты ’хсӕн дӕр ӕцӕгады мыггӕгтӕ тауӕм. Иу астаздзыд хъусынгӕнӕг йе ’мкъласонтӕн радзырдта, журнал «Райхъал ут!»-ы Мӕйы тыххӕй цы бакасти, уый. Йӕ ахуыргӕнӕг куы базыдта, лӕппу уыцы ӕрмӕг цавӕр журналӕй райста, уӕд ӕй бафӕндыд, цӕмӕй йын хӕсса журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Нӕ куысты, иннӕтӕ йӕ куыд уыной, ахӕм ран куы дарӕм чиныг «Библи цы дзуры», уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ не ’мкусджытӕм фарстытӕ фӕзына ӕмӕ нын хорз фадат уыдзӕн хъусын кӕнынӕн.
5 Дӕ бон у ахъуыды кӕнын, дӕ хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ цавӕр фадӕттӕ ис ссарӕн хъусын кӕнынӕн? Цӕй ӕмӕ нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй алы бон дӕр «хӕссӕм Хуыцауӕн ӕппӕлды нывонд» (Дзут. 13:15).