Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/06 2 ф.
  • Фембӕлдты уыдзӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фембӕлдты уыдзӕн
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Сӕргӕндтӕ
  • 11 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
  • 18 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
  • 25 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
  • 2 октябрӕй райдайгӕ къуыри
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
km 9/06 2 ф.

Фембӕлдты уыдзӕн

11 сентябрӕй райдайгӕ къуыри

81 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ӕй. Се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъ, цӕмӕй бакӕсой кинонывмӕ «Фӕсивӕды фарстытӕ. Куыд ис ссарӕн ӕцӕг хӕлӕрттӕ?», зӕгъгӕ, ӕмӕ цӕттӕ уой, 25 сентябрӕй райдайгӕ къуырийы фембӕлды йӕ куы ’взарӕм, уӕдмӕ.

20 мин. Хъусын кӕныны фембӕлд ӕмӕ Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола нын стыр ӕххуыс сты. Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ арӕзт у чиныг «Цӕттӕ стӕм»-ы (уыр.) 64 фарсыл дӕлсӕргондӕй 69 фарсыл дӕлсӕргондмӕ.

15 мин. Филиалӕй фыстӕг. Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ арӕзт у «Хъусын кӕныны хъуыддаджы» фыццаг фарсыл. Фӕстаг абзацыл куы ныхас кӕнат, уӕд хъус ӕрдар, 2003 азы августы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ы 4 фарсыл 6 ӕмӕ 7 абзацты цы хъуыдытӕ ис, уыдонмӕ.

8 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

18 сентябрӕй райдайгӕ къуыри

95 зарӕг.

5 мин. Хъусинӕгтӕ.

15 мин. Ивгъуыд азы нын цы бантыст? Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг дзуры, ивгъуыд аз куыд балӕггад кодтам, ууыл. Дӕ хъус тынгдӕр ӕрдар, ӕмбырдӕн хорзӕй цы бантыст, уымӕ. Кӕм хъӕуы, уым сӕ ӕппӕлгӕ дӕр ракӕн. Фидӕны фӕхуыздӕр кӕнинаг цы у, иу-дыууӕ ахӕм хъуыддагыл ӕрдзур. Пионерты лӕггады тыххӕй дӕр зӕгъ ӕмӕ сын сӕ ӕнувыд куыстӕй раппӕл. Рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыдонӕн куыд баххуыс кодтат, уый тыххӕй дӕр радзур.

25 мин. «16 октябрӕй 12 ноябрмӕ ӕппӕтдунеон зиу!» Хистӕр нӕлгоймаджы зӕрдӕбын ныхас. 2006 азы 6 июнӕй хистӕр нӕлгоймӕгты советӕн фыстӕджы цы хъусинаг уыд, уый куы бакӕса, уӕд фембӕлды чи ис, уыдонӕй алкӕмӕндӕр ратдзысты иу трактат «Паддзахады хабар №37». Уый фӕстӕ статья равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ. Зӕгъ, уе ’мбырды цы арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй уӕ территорийыл аххӕссат. Хъусынгӕнджыты се ’ппӕты дӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй фылдӕр балӕггад кӕной ацы зиуы рӕстӕг. Трактат куыд дӕттӕн ис, уымӕн иу цыбыр цӕвиттон равдис.

24 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

25 сентябрӕй райдайгӕ къуыри

47 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Бакӕс ӕхцайы хыгъд ӕмӕ мысайнӕгты тыххӕй раарфӕ кӕн. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй сентябрӕн уацамынды хыгъд радтой. 8-ӕм фарсыл амынд цӕвиттонмӕ гӕсгӕ кӕнӕ, уӕ территорийы чи сбӕзза, ӕндӕр ахӕм цӕвиттонмӕ гӕсгӕ, равдис, куыд ис раттӕн 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» уынджы хъусынгӕнгӕйӕ.

25 мин. «Лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын кӕуыл хъӕуы, ахӕм киноныв»a. 1 абзацыл куы ныхас кӕнат, уӕд зӕгъ, цӕмӕй цыбыртӕй сӕ хъуыдытӕ зӕгъой киноныв «Фӕсивӕды фарстытӕ. Куыд ис ссарӕн ӕцӕг хӕлӕрттӕ?»-йы тыххӕй. Стӕй статья равзарут, 2–7 абзацтӕм цы фарстытӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ.

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Хъусынгӕнджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, цы ӕхсызгон цаутӕ сыл ӕрцыд «Райхъал ут!»-ы сӕрмагонд номыр парахат кӕнгӕйӕ кӕнӕ чиныг «Библи цы дзуры»-йы руаджы Библийы ахуыртӕ куыд райдыдтой. Иу-дыууӕ цӕвиттоны дзы равдисӕн дӕр ис.

82 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

2 октябрӕй райдайгӕ къуыри

71 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Равзар «Фарстыты асыкк».

15 мин. Ӕркӕсинаг фарстатӕ.

20 мин. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынb. Рӕстӕг куы амона, уӕд хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй, статьяйы Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдоны фӕдыл сӕ хъуыдытӕ зӕгъой.

51 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

[Фиппаинӕгтӕ]

a Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.

b Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын