Фарстыты асыкк
◼ Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цы ахуыр кӕнӕм, уымӕн нӕ литературӕйӕ ӕрмӕг ӕмбырд кӕнӕн ӕмӕ йӕ парахат кӕнӕн ис?
Нӕ бинонтӕн ӕмӕ не ’ввахс хӕлӕрттӕн ахӕм ӕрмӕг кӕй ӕмбырд кӕнӕм, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ йӕ парахат кӕнӕн, йе та йӕ уӕй кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй халӕм рауагъдады бартӕ (Ром. 13:1).
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы иуӕй-иу хӕслӕвӕрдтӕн амынд вӕййынц ӕрмӕст сӕ темӕтӕ. Уыцы хӕслӕвӕрдтӕ чи райсы, уыдонӕн, ӕрмӕг ссарӕн кӕм ис, уый хыгъд кӕнӕ ӕрмӕг йӕхи раттӕн ис? Нӕй. Стӕй ма нӕй Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы дзургӕ фӕлхаты цӕттӕ дзуаппытӕ иннӕтӕн дӕттӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд ӕрмӕг хорз нӕ бамбардзысты. Ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ сӕхӕдӕг агурой ӕрмӕг. Уый тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ахуыр кӕнӕм Иегъовӕйы зондыл цӕуын (Ис. 50:4).