Ӕрымысӕн изӕрмӕ дзӕбӕх бацӕттӕ кӕнӕм
Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ стыр кадыл нымайынц сӕ Хицауы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ алцыдӕр дзӕбӕх бацӕттӕ кӕнын (Лук. 22:19). Цы хъуамӕ бацӕттӕ кӕной?
◼ Кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн. Иууылдӕр хъуамӕ зоной, Ӕрымысӕн изӕр цал сахатыл ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый. Иу Паддзахады залы цалдӕр ӕмбырды куы ӕмбӕла, уӕд-иу хъуамӕ алчидӕр афоныл ӕрбацӕуа ӕмӕ ацӕуа, уымӕн ӕмӕ дыууӕ ӕмбырды ’хсӕн бирӕ рӕстӕг нӕ вӕййы. Хъуамӕ бацӕуӕнты ӕмӕ уынджы адӕм ма ӕмбырд кӕной ӕмӕ машинӕты лӕууӕндӕтты машинӕтӕ кӕрӕдзи ма хъыгдарой.
◼ Хуынды гӕххӕттытӕ. Цымӕ алы хъусынгӕнӕгмӕ дӕр хуынды гӕххӕттытӕ фаг ис ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый зоны? Хуынды гӕххӕтт куыд дӕтдзынӕ, уый афӕлвӕрдтай? Кӕмӕн дзы ратдзынӕ? Бацархайын хъӕуы, цӕмӕй сӕ иууылдӕр байуарӕм.
◼ Транспорт. Чи зоны, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты кӕнӕ ӕндӕр искӕй хъӕуы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбаласын кӕнӕ сын ӕндӕр истӕмӕй баххуыс кӕнын. Куыд сын баххуыс кӕндзыстут, ууыл ахъуыды кодтат?
◼ Нысӕнттӕ. Фембӕлд хъуамӕ ахӕм рӕстӕг райдайа, цӕмӕй нысӕнттӕ адӕттой ӕрмӕстдӕр хурныгуылды фӕстӕ. Сӕрст чырыстӕттӕй искӕмӕн йӕ бон ӕрбацӕуын куы нӕ уа йе ’нӕниздзинады аххосӕй, уӕд ын хъӕуы нысӕнттӕ бахӕссын. Хъӕуы ӕрцӕттӕ кӕнын донгонд дзултӕ ӕмӕ сыгъдӕг сӕн. (Кӕс 2003 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 10, 11 фф., 14, 17 абз.)
◼ Паддзахады зал. Зал хъӕуы хорз бафснайын. Рагацау залмӕ ӕрбахӕссын хъӕуы тӕбӕгътӕ, агуывзӕтӕ, стъол ӕмӕ стъолӕмбӕрзӕн. Ӕрымысӕн изӕр ӕндӕр ран искуы куы уа, уӕд хъӕудзӕн бацархайын, цӕмӕй раныхас алкӕмӕдӕр хорз хъуыса. Рагацау хъӕуы равзарын уагдарты ӕмӕ, нысӕнттӕ чи хӕсдзӕн, уыдоны. Хъӕудзӕн сын сӕ хӕстӕ ӕмӕ фембӕлд куыд цӕудзӕн, уый бамбарын кӕнын. Стӕй ма сын зӕгъын хъӕудзӕн се ’ддаг бакаст ӕмӕ сӕ уӕлӕдарӕсы тыххӕй.
Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр у ӕппӕты ахсджиагдӕр бон ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм не ’ппӕт дӕр цӕттӕ уӕм. Йегъовӕ йӕ уарзон Фырты нывонды фӕрцы адӕмы хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ сын аргъ чи кӕны, уыдонӕн раарфӕ кӕндзӕн.