Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй зӕрдылдаринӕгтӕ
Ӕрымысӕн изӕр ацы аз уыдзӕн 2 апрелы, къуырисӕры. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ сӕ хъус ӕрдарой ахӕм хъуыддӕгтӕм:
◼ Фембӕлд хъуамӕ ахӕм рӕстӕг райдайа, цӕмӕй нысӕнттӕ адӕттой ӕрмӕстдӕр хурныгуылды фӕстӕ.
◼ Иууылдӕр, уыимӕ ныхасы чи рацӕуа, уый дӕр, хъуамӕ бӕлвырд зоной, Ӕрымысӕн изӕр цал сахатыл ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый.
◼ Хъӕуы ӕрцӕттӕ кӕнын донгонд дзултӕ ӕмӕ сыгъдӕг сӕн. (Кӕс «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 2003 аз, 1 мартъи, 10, 11 фф.)
◼ Рагацау залмӕ ӕрбахӕссын хъӕуы тӕбӕгътӕ, агуывзӕтӕ, стъол ӕмӕ стъолӕмбӕрзӕн.
◼ Паддзахады зал кӕнӕ, фембӕлд цы агъуысты уа, уый хъӕуы хорз бафснайын.
◼ Рагацау хъӕуы равзарын уагдарты ӕмӕ, нысӕнттӕ чи хӕсдзӕн, уыдоны. Хъӕудзӕн сын сӕ хӕстӕ бамбарын кӕнын ӕмӕ фембӕлд куыд цӕудзӕн, уый. Стӕй ма сын зӕгъын хъӕудзӕн се ’ддаг бакаст ӕмӕ сӕ уӕлӕдарӕсы тыххӕй. Нысӕнттӕ иууылдӕр куы адӕттой, уӕд сӕ чи хаста, уыдон разӕй сбаддзысты ӕмӕ сӕм, ныхасы чи рацӕуа, уый нысӕнттӕ ратдзӕн. Фӕстагмӕ ма йӕм уыцы ӕфсымӕртӕй иу нысӕнттӕ йӕхимӕ ратдзӕн.
◼ Сӕрстытӕй искӕмӕн йӕ бон ӕрбацӕуын куы нӕ уа йе ’нӕниздзинады аххосӕй, уӕд ын хъӕуы нысӕнттӕ бахӕссын.
◼ Иу Паддзахады залы цалдӕр ӕмбырды куы ӕмбӕла, уӕд хорз уаид, ӕмбырдтӕ куы баныхас кӕниккой, цӕмӕй бацӕуӕнты ӕмӕ уынджы адӕм ма ӕмбырд кӕной ӕмӕ машинӕты лӕууӕндӕтты машинӕтӕ кӕрӕдзи ма хъыгдарой.