Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй зӕрдылдаринӕгтӕ
Ӕрымысӕн изӕр ацы аз уыдзӕн 24 мартъийы, цыппӕрӕмы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ сӕ хъус ӕрдарой ахӕм хъуыддӕгтӕм:
◼ Фембӕлды рӕстӕг афтӕ снысан кӕнын хъӕуы, цӕмӕй нысӕнттӕ адӕттой ӕрмӕстдӕр хурныгуылды фӕстӕ.
◼ Иууылдӕр, уыимӕ ныхасы рацӕуӕг дӕр, хъуамӕ бӕлвырд зоной, Ӕрымысӕн изӕр цал сахатыл ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый.
◼ Хъӕуы ӕрцӕттӕ кӕнын донгонд дзул ӕмӕ сыгъдӕг сӕн. (Кӕс «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 2003 аз, 1 мартъи, 10, 11 фф.)
◼ Рагацау залмӕ ӕрбахӕссын хъӕуы тӕбӕгътӕ, агуывзӕтӕ, стъол ӕмӕ стъолӕмбӕрзӕн.
◼ Паддзахады зал кӕнӕ, фембӕлд цы агъуысты уа, уый хъӕуы хорз бафснайын.
◼ Рагацау хъӕуы снысан кӕнын уагдарты ӕмӕ, нысӕнттӕ чи хӕсдзӕн, уыдоны, ӕмӕ сын хъӕудзӕн бамбарын кӕнын сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ, фембӕлд куыд цӕудзӕн, уый, афтӕ ма, сӕ ӕддаг бакаст ӕмӕ сӕ уӕлӕдарӕс дӕр аив кӕй хъуамӕ уой. Ӕрбацӕуджытӕ иууылдӕр нысӕнттӕ куы адӕттой, уӕд сӕ чи хаста, уыдон разӕй сбаддзысты ӕмӕ сӕм ныхасырацӕуӕг нысӕнттӕ ратдзӕн. Фӕстагмӕ ма сӕ иу нысӕнттӕ ратдзӕн ныхасырацӕуӕгмӕ.
◼ Сӕрстытӕй искӕмӕн йӕ бон бӕрӕгбонмӕ ӕрбацӕуын куы нӕ уа йӕ ӕнӕниздзинады аххосӕй, уӕд ын хъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ сбӕрӕг кӕна.
◼ Паддзахады залы цалдӕр ӕмбырдӕн фембӕлдтӕ куы уа, уӕд хорз уаид, ӕмбырдтӕ куы баныхас кӕниккой, цӕмӕй бацӕуӕнты ӕмӕ уынджы адӕм ма ӕмбырд кӕной ӕмӕ машинӕты лӕууӕндӕтты та машинӕтӕ кӕрӕдзи ма хъыгдарой.