Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй зӕрдылдаринӕгтӕ
Ӕрымысӕн изӕр ацы аз уыдзӕн 28 мартъийы, цыппӕрӕмы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ сӕ хъус ӕрдарой ацы хъуыддӕгтӕм:
◼ Фембӕлды рӕстӕг афтӕ саразын хъӕуы, цӕмӕй символтӕ адӕттой ӕрмӕстдӕр хурныгуылды фӕстӕ.
◼ Иууылдӕр, уыимӕ докладгӕнӕг дӕр, хъуамӕ бӕлвырд зоной, Ӕрымысӕн изӕр цал сахатыл ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый.
◼ Хъӕуы ӕрцӕттӕ кӕнын донгонд дзул ӕмӕ сыгъдӕг сӕн. (Кӕс «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1985 аз, 15 февраль, 17 фарс, уырыссаг.)
◼ Рагацау залмӕ ӕрбахӕссын хъӕуы тӕбӕгътӕ, агуывзӕтӕ, стъол ӕмӕ стъолӕмбӕрзӕн ӕмӕ сӕ хъӕуы зынгӕ бынаты сӕвӕрын.
◼ Паддзахады зал кӕнӕ фембӕлд цы агъуысты уа, уый хъӕуы рагацау хорз бафснайын.
◼ Рагацау хъӕуы снысан кӕнын уагдарты ӕмӕ символтӕ чи хӕсдзӕн, уыдоны, ӕмӕ сын хъӕудзӕн бамбарын кӕнын сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ фембӕлд куыд цӕудзӕн, уый; афтӕ ма сыгъдӕг ӕмӕ аив уӕлӕдарӕсы ӕрбацӕуын кӕй хъӕуы, уый дӕр.
◼ Сӕрстытӕй искӕмӕн йӕ бон ӕрбацӕуын куы нӕ уа, уӕд ын хъӕуы баххуыс кӕнын.
◼ Паддзахады залы цалдӕр ӕмбырды куы ӕмбырд кӕной, уӕд хорз уаид, ӕмбырдтӕ куы баныхас кӕниккой, цӕмӕй вестибюлы, бацӕуӕнты ӕмӕ уынджы адӕм ма ӕмбырд кӕной ӕмӕ машинӕты лӕууӕндӕтты та машинӕтӕ кӕрӕдзи ма хъыгдарой.