Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй зӕрдылдаринӕгтӕ
Ӕрымысӕн изӕр ацы аз уыдзӕн 8 апрелы, хуыцаубоны. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ сӕ хъус ӕрдарой ацы хъуыддӕгтӕм:
◼ Фембӕлды рӕстӕг афтӕ снысан кӕнын хъӕуы, цӕмӕй символтӕ ӕрмӕстдӕр хурныгуылды фӕстӕ лӕвӕрд ӕрцӕуой.
◼ Иууылдӕр, уыимӕ докладгӕнӕг дӕр, хъуамӕ бӕлвырд зоной, Ӕрымысӕн изӕр цал сахатыл ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый.
◼ Хъӕуы ӕрцӕттӕ кӕнын ӕнӕнхъызт дзул ӕмӕ сыгъдӕг сӕн. (Кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1985 аз, 15 февраль, 17 фарс, уырыссаг.)
◼ Развӕлгъау залмӕ ӕрбахӕссын хъӕуы тӕбӕгътӕ, агуывзӕтӕ, стъол ӕмӕ стъолӕмбӕрзӕн ӕмӕ сӕ хъӕуы зынгӕ бынаты сӕвӕрын.
◼ Паддзахады зал кӕнӕ фембӕлд цы агъуысты уа, уый хъӕуы рагацау хорз бафснайын.
◼ Цӕмӕй алцыдӕр ӕгъдауыл уа, уый тыххӕй уагдартӕ рагацау хъуамӕ зоной сӕ хӕслӕвӕрдтӕ.
◼ Сӕрстытӕй искӕмӕн йӕ бон ӕрбацӕуын куы нӕ уа, уӕд ын хъӕуы баххуыс кӕнын.
◼ Паддзахады залӕй цалдӕр ӕмбырды куы пайда кӕной, уӕд хорз уаид, ӕмбырдтӕ куы баныхас кӕниккой, цӕмӕй вестибюлы, бацӕуӕнты ӕмӕ тротуартыл адӕм ма ӕмбырд кӕной ӕмӕ машинӕты лӕууӕндӕтты та машинӕтӕ кӕрӕдзийы ма хъыгдарой.