Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 1/10 2 ф.
  • Фарстаты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстаты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын дын цы пайда уыдзӕн?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Хуыцауы ныхасмӕ лӕмбынӕг хъус
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Куыд нӕ кӕны Иегъовӕ
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
km 1/10 2 ф.

Фарстаты асыкк

◼ Алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын ӕмбырд пайда хӕсса (Дык. з. 31:12).

Йегъовӕйӕн кӕй кад кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй фӕархайӕм, цӕмӕй-иу ӕмбырдтӕм рагацау ӕрбацӕуӕм ӕмӕ цӕттӕ уӕм ахуыр кӕнынмӕ. Хуыздӕр вӕййы, бынӕттӕ-иу разӕй куы бацахсӕм, фӕстейы цы бынӕттӕ ис, уыдон та-иу сывӕллонджынтӕн ӕмӕ чи байрӕджы кӕны, уыдонӕн куы ныууадзӕм. Цалынмӕ ӕмбырд нӕ райдыдта, уӕдмӕ хъӕуы телефонтӕ ахуыссын кӕнын. Ӕмбырды рӕстӕг нӕ куы нӕ рох кӕна, кӕм стӕм, уый, уӕд ӕмбырд цӕудзӕн уаг ӕмӕ ӕгъдауыл (Еккл. 5:1; Фил. 2:4).

Ӕмбырдмӕ ногтӕ куы ӕрбацӕуынц, уӕд-иу семӕ сӕ бон у сбадын, чи сӕ зоны, уыдонӕй искӕмӕн. Уый сын стыр пайда уыдзӕн, уӕлдайдӕр та сын кӕд сывӕллӕттӕ ис, уӕд. Кӕд бинонтӕ уый размӕ ӕмбырды никуы уыдысты, уӕд сын, чи зоны, хуыздӕр уаид фӕстейы сбадын, уымӕн ӕмӕ уым иннӕты къаддӕр хъыгдардзысты. Чи зоны сӕ рӕстӕгмӕ бахъӕуа залӕй ахизын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕм сӕ хъус фӕдарой (Ӕмб. 22:6, 15). Гыццыл сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, ахӕм бинонтӕ хъуамӕ хицӕн агъуысты иумӕ ма бадой, цӕмӕй дзы сывӕллӕттӕ ма фыдуаг кӕной. Хуыздӕр вӕййы, ныййарджытӕй исчи йӕ сывӕллоны залӕй куы ракӕны, цӕмӕй йӕ басабыр кӕна кӕнӕ йӕм ӕндӕр истӕмӕй фӕкӕса. Уый фӕстӕ та йӕ бон уыдзӕн сывӕллӕттимӕ залы сбадын.

Уагдартӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, цӕмӕй ӕмбырды уа уаг ӕмӕ ӕгъдау. Уыдон ӕмбырдмӕ раздӕр ӕрбацӕуынц, цӕмӕй бинонтӕн ӕмӕ, чи байрӕджы кӕны, уыдонӕн бынӕттӕ ссарынӕн баххуыс кӕной. Уыцы хъуыддаджы хъуамӕ уой ӕрхъуыдыджын, уӕздан ӕмӕ арфуынӕг, ӕмӕ сӕ хӕстӕ афтӕ ӕххӕст кӕной, цӕмӕй иннӕты ма хъыгдарой. Ӕмбырды исты хъӕлӕба куы вӕййы, уӕд уагдарты фӕхъӕуы уӕззау зондӕй архайын. Сывӕллӕттӕ иннӕты куы фӕхъыгдарынц, уӕд уагдартӕн сӕ бон у ныййарджытӕн уӕзданӕй бамбарын кӕнын, цы сӕ хъӕуы бакӕнын, уый.

Ӕмбырд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл цӕудзӕн ӕви нӕ, уый алкӕмӕйдӕр кӕнгӕ у. Куы ницы нӕ фӕхъыгдары, уӕд нӕ бон вӕййы фылдӕр базонын Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, фарн ӕмӕ рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног дунейы тыххӕй (Дзут. 10:24, 25).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын