Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/10 2–3 фф.
  • Адӕм махмӕ кӕсгӕйӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕм махмӕ кӕсгӕйӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Йесо Чырыстийы фӕзмӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Ногты ахуыр кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2015
  • Фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ тырнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
km 4/10 2–3 фф.

Адӕм махмӕ кӕсгӕйӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

1. Чырыстимӕ кӕсгӕйӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цӕуыл ахуыр кодтой?

1 Чырысти загъта: «Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут» (Матф. 11:29). Йесо иннӕты ӕрмӕст дзыхыныхасӕй нӕ ахуыр кодта, фӕлӕ хъуыддагӕй дӕр. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Чырыстимӕ кӕсгӕйӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цӕуыл ахуыр кодтой, ууыл. Чырысти уыди фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ, стӕй адӕмы бирӕ уарзта (Матф. 8:1–3; Марчы 6:30–34). Уымӕй уӕлдай ма уыди сӕрныллӕг дӕр (Иоан. 13:2–5). Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йемӕ куы хъусын кодтой, уӕд уыдтой, йӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрста ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы ныхас арӕхстджынӕй кӕй амыдта (Лук. 8:1; 21:37, 38). Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд махмӕ кӕсгӕйӕ адӕм цы фӕуынынц?

2. Адӕмыл куыд фӕзыны, семӕ уӕзданӕй куы фӕныхас кӕнӕм ӕмӕ нӕ уӕлӕдарӕс ӕфсармыл дзурӕг куы вӕййы, уый?

2 Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыцы адӕм. Адӕмыл зӕрдиагӕй куы тыхсӕм, семӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм ӕмӕ нӕ уӕлӕдарӕс ӕфсармыл дзурӕг куы уа, уӕд уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ йӕ адӕм ма бафиппайой (2 Кор. 6:3; Фил. 1:27). Бирӕты зӕрдӕмӕ цӕуы, Библийӕ арӕх кӕй фӕпайда кӕнӕм, уый. Иннӕтӕн та ӕхсызгон вӕййы, лӕмбынӕг сӕм куы фӕхъусӕм, уӕд. Ӕппӕт ацы хъуыддӕгты фӕзминаг куы уӕм, уӕд адӕм Хуыцауы Паддзахады хабармӕ зӕрдиагдӕрӕй хъусдзысты.

3. Нӕ лӕггад нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл хорзырдӕм куыд фӕзыны?

3 Не ’мчырыстӕттӕ. Ма рох кӕнӕм, нӕ лӕггад нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл дӕр хорзырдӕм кӕй фӕзыны. Иннӕтӕ куы фӕуынынц, зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ уыдон дӕр бафӕзмынц. Ӕфсӕйнаг ӕфсӕйнаджы куыд цыргъ кӕны, афтӕ мах дӕр уацамындмӕ хорз цӕттӕ куы вӕййӕм, уӕд уый руаджы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты дӕр бафӕнды арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын (Ӕмб. 27:17). Уацамынды нӕм чи байхъуыста, уыдоны тыххӕй алцыдӕр бӕстон куы фыссӕм ӕмӕ сӕ йӕ рӕстӕгыл куы бӕрӕг кӕнӕм, уӕд иннӕты дӕр бафӕнддзӕн афтӕ архайын. «Нӕ лӕггады рохуаты» куы ницы уадзӕм, уӕд уымӕй не ’мчырыстӕттӕн дӕр ӕххуыс кӕндзыстӕм (2 Тим. 4:5).

4. Цӕмӕн фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, иннӕтӕн фӕзминаг стӕм ӕви нӕ?

4 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, нӕ ныхӕстӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй иннӕтӕн фӕзминаг стӕм ӕви нӕ. Фау ӕрхӕссӕн нӕм куы нӕ уа, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн апостол Павелау зӕгъын: «Мӕн фӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ» (1 Кор. 11:1).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын