Ногты хъусын кӕнын куыд ахуыр кӕнӕм?
1. Хъуыды ма кӕныс, уацамынды фыццаг хатт куы ацыдтӕ?
1 Хъуыды ма кӕныс, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фыццаг хатт хъусын кӕнынмӕ куы ацыдтӕ? Ӕвӕццӕгӕн, тынг тыхстӕ. Демӕ Библи чи ахуыр кодта кӕнӕ ӕндӕр хъусынгӕнӕг дын уацамынды куы ӕххуыс кодта, уӕд дын ӕхсызгон куыннӕ уыдаид. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ арӕхстджынӕй-арӕхстджындӕр кодтай ӕмӕ ныр дӕхи бон дӕр у ногты ахуыр кӕнын.
2. Ног хъусынгӕнӕг цӕуыл хъуамӕ сахуыр уа?
2 Ног хъусынгӕнӕг хъуамӕ бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр уа: адӕймагимӕ куыд сныхас кӕна, куыд хъӕуы Библийӕ пайда кӕнын, дыккаг хатт бацӕугӕйӕ цы зӕгъӕн ис ӕмӕ адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнӕн куыд ис, уыдӕттыл. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ сахуыр уа уынджы, базарты, дуканиты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм рӕтты хъусын кӕнын. Дӕ бон ын у ӕппӕт уыцы хъуыддӕгты баххуыс кӕнын уынаффӕйӕ дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр.
3. Ногтӕн хъуыддагӕй ӕххуыс кӕнӕн куыд ис?
3 Хъуыддагӕй сын ӕххуыс кӕн. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн равдыста, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый (Лук. 8:1; 1 Пет. 2:21). Кӕд ды дӕр уацамынды ног хъусынгӕнӕгимӕ цӕудзынӕ, уӕд-иу рагацау бацӕттӕ кӕн, дӕ ныхас цӕмӕй райдайдзынӕ, уый. Дӕ ныхас уӕд хуымӕтӕг, цӕмӕй дӕ уый дӕр бафӕзма. Спайда кӕн, нӕ литературӕйы цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй. Иу-дыууӕ хӕдзармӕ уал ды бахой, цӕмӕй ног хъусынгӕнӕг хъуса, куыд дзурыс, уымӕ. Цалынмӕ иу хӕдзарӕй иннӕ хӕдзармӕ цӕуат, уӕдмӕ-иу де ’мбалы афӕрс, цы мӕ фӕхуыздӕр кӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ. Уый руаджы бамбардзӕн, уацамынды кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын куыд хорз у, ӕмӕ йын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ уынаффӕтӕм дӕр байхъусын.
4. Ног хъусынгӕнӕгӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн?
4 Уынаффӕ-иу сын дӕтт. Чырысти ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бӕлвырд амындтӕ дӕр радта, куыд хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уый фӕдыл (Матф. 10:5–14). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у ног хъусынгӕнӕгӕн афтӕ ӕххуыс кӕнын. Уацамынды уый куы дзура, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг байхъус. Йӕ ныхас куы фӕуа, уӕд-иу дзы зӕрдиагӕй истӕй тыххӕй раппӕл, кӕд ӕй цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын хъӕуы, уӕддӕр. Уынаффӕ раттыны размӕ дӕ, чи зоны, бафӕнда бакӕсын, ӕндӕр адӕймагимӕ та куыд аныхас кӕндзӕн, уымӕ. Кӕд ын цыдӕр хорз нӕ рауад, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тыхсгӕ кӕй фӕкодта, уый тыххӕй. Дӕ зӕрдыл дар, алчи ӕмхуызон дзырдарӕхст кӕй нӕу, стӕй уыцы иу хъуыддаг алыхуызон саразӕн кӕй ис, уый дӕр (1 Кор. 12:4–7).
5. Ног хъусынгӕнӕгӕн уынаффӕ куыд раттӕн ис?
5 Иуӕй-иу хатт ног хъусынгӕнӕг уынаффӕ йӕхӕдӕг ракуры. Кӕд нӕ, уӕд та йын дӕхӕдӕг ратт уынаффӕ. Фӕлӕ йын афтӕ куыд баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй нӕм ма фӕхъыг уа? Фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ афтӕ бафӕрсынц: «Мӕ хъуыды дын зӕгъон?» кӕнӕ, «Дӕхимӕ куыд кӕсы, куыд дын рауад?» Кӕнӕ та ис афтӕ зӕгъӕн: «Мӕнӕн дӕр-иу фыццаг зын уыд..., фӕлӕ мын баххуыс кодта...». Иуӕй-иу хатт хорз вӕййы иумӕ ’ркӕсын, «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ. Цӕмӕй ног хъусынгӕнӕгӕн йӕ ныфс ма асӕтта, уый тыххӕй-иу ӕй уынаффӕты бын ма фӕкӕнӕм, фӕлӕ уал ын иу цӕмӕдӕр йӕ хъус ӕрдарӕм.
6. Уацамынды кӕрӕдзийы куыд «цыргъ кӕнӕм»?
6 Ӕфсӕйнаг ӕфсӕйнаджы цыргъ кӕны. Павел фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕг Тимофейы разӕнгард кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр иннӕты ахуыр кодтаид ӕмӕ йын йе ’нтыстдзинад алчидӕр уыдтаид (1 Тим. 4:13, 15). Кӕд ды дӕр рагӕй хъусын кӕныс, уӕддӕр ӕдзух дӕхиуыл кус. Уацамынды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй ахуыр кӕн, суанг ӕрӕджы чи райдыдта хъусын кӕнын, уыдонӕй дӕр. Стӕй-иу иннӕтӕн, уӕлдайдӕр та ног хъусынгӕнджытӕн фӕлмӕнӕй ӕххуыс кӕн, цӕмӕй хорз хабар арӕхстджынӕй хъусын кӕной (Ӕмб. 27:17).