Дӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕн хъусын кӕнын
1. Псалом 148:12, 13 ныййарджыты цӕмӕ разӕнгард кӕны?
1 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ ӕрыгӕттӕ кадджын кӕной (Пс. 148:12, 13). Ӕцӕгдӕр, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн канд Библийы ахуырӕдтӕ ӕмӕ, Хуыцау ӕфсармы тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдон нӕ амонынц, фӕлӕ ма сӕ хорз хабар хъусын кӕнын дӕр ахуыр кӕнынц. Уымӕн сын цы баххуыс кӕндзӕн?
2. Ныййарджыты хорз цӕвиттон сывӕллӕттыл куыд бандавы?
2 Хорз цӕвиттон. Тӕрхонгӕнӕг Гедеон йӕ 300 ӕфсӕддонӕн загъта: «Ӕз куыд кӕнон, афтӕ кӕнут» (Тӕрх. 7:17). Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты алцӕмӕйдӕр фӕфӕзмынц. Иу ӕфсымӕрӕн ис сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕвыгӕтты фӕкусы. Ӕмӕ сабаты райсомӕй хӕдзармӕ куы ӕрбаздӕхы, уӕд фынӕй кӕнынмӕ нӕ бацӕуы, фӕлӕ йӕ сывӕллӕтты йемӕ уацамынды акӕны, кӕд тынг фӕллад вӕййы, уӕддӕр. Уацамындмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй, ууыл сӕ ныхасӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй ахуыр кӕны (Матф. 6:33). Дӕ сывӕллӕттӕ уынынц, чырыстон хъуыддӕгтӕ зӕрдӕрайгӕйӕ кӕй фӕкӕныс: кӕй фӕкувыс, Библи кӕй фӕкӕсыс, комментаритӕ кӕй фӕдӕттыс ӕмӕ хорз хабар кӕй фӕхъусын кӕныс? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алцӕмӕй ӕххӕст ныййарджытӕ нӕй. Йегъовӕйӕн ӕппӕт тыхтӕй кӕй лӕггад кӕныс, уый дӕ сывӕллӕттӕ куы уыной, уӕд дӕ зӕрдиагӕй фӕзмдзысты (Дык. з. 6:6, 7; Ром. 2:21, 22).
3. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн цавӕр чырыстон нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕной?
3 Нӕ нысӕнттӕ. Ныййарджытӕ сӕ тыхтӕ не ’вгъау кӕнынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты сахуыр кӕной цӕуын, дзурын, сӕ дзаумӕттӕ кӕнын ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Куыд стыр кӕнынц, афтӕ сын сӕ разы ног нысӕнттӕ сӕвӕрынц. Кӕд ныййарджытӕ чырыстӕттӕ сты, уӕд сӕ сывӕллӕттӕн феххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ кармӕ ӕмӕ сӕ гӕнӕнтӕм гӕсгӕ алыхуызон чырыстон нысӕнттӕм тырной (1 Кор. 9:26). Дӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕныс, цӕмӕй-иу сӕхи ныхӕстӕй дзуапп дӕттой? Феххуыс сын кӕныс Хъусынгӕнджыты скъолайы сӕ хӕслӕвӕрдтӕ бацӕттӕ кӕнынӕн? (Пс. 35:18). Ахуыр сӕ кӕныс хъусын кӕнын хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, уынджы ӕмӕ афтӕ дарддӕр? Разӕнгард сӕ кӕныс, цӕмӕй донаргъуыд райсой ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕной? Дӕ сывӕллӕтты бӕттыс, сӕ зӕрдӕйы зынг сын тынгдӕр чи ссудза, ахӕм хъӕлдзӕг ӕмӕ зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытыл? (Ӕмб. 13:20).
4. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ хъусын кӕнын куы ахуыр кӕной, уӕд сын уый цы пайда уыдзӕн?
4 Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «О Хуыцау, ды мӕ ахуыр кодтай мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ, ӕмӕ ныры онг дӕр дзурын дӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй» (Пс. 71:17). Уӕ сывӕллӕтты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ахуыр кӕнут хъусын кӕнын. Гыццылӕй сын Хуыцауы куы бауарзын кӕнат, уӕд сын уый стырӕй дӕр ӕххуыс кӕндзӕн (Ӕмб. 22:6).