Дӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕн Йегъовӕйы кадджын кӕнын
1. Цымӕ сывӕллӕтты бон у Йегъовӕйы кадджын кӕнын?
1 Псалом 148:12, 13 дзурынц, цӕмӕй лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ Йегъовӕйы ном кадджын кӕной. Библийы ахӕм фӕсивӕды тыххӕй бирӕ ис фыст. Зӕгъӕм, «гыццыл Самуил лӕггад кодта Йегъовӕйӕн» (1 Пад. 2:18). Иу «гыццыл чызг» та Нееманы усӕн загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы пехуымпарӕн йӕ бон у дӕ лӕджы хъотырӕй сдзӕбӕх кӕнын (4 Пад. 5:1–3). Йесо Чырысти кувӕндонмӕ куы бацыд ӕмӕ дзы диссӕгтӕ куы сарӕзта, уӕд «лӕппутӕ» хъӕр кодтой: «О, Хуыцау, фервӕзын кӕн Давиды Фырты» (Матф. 21:15). Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕной?
2. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг цӕмӕн хъуамӕ уой?
2 Дӕхӕдӕг фӕзминаг у. Израилы-иу фыд хъуамӕ фыццаг йӕхӕдӕг сахуыр уыдаид Йегъовӕйы уарзын ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын, уый фӕстӕ та сӕ йӕ сывӕллӕттӕн амыдтаид (Дык. з 6:5–9). Уӕ сывӕллӕттӕн куы дзурат, уацамынды цӕуын хорз кӕй у ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр алы къуыри куы хъусын кӕнат, уӕд ӕй уыдон дӕр уындзысты, уый ахсджиаг ӕмӕ ӕхсызгон хъуыддаг кӕй у.
3. Иу хойыл йӕ ныййарджытӕ хорзырдӕм куыд фӕзындысты?
3 Иу хойы зӕрдыл лӕууы: «Куы фестырдӕр дӕн, уӕд нӕ бинонтӕ алы сабат ӕмӕ хуыцаубон дӕр цыдысты уацамынды. Ӕз уыдтон, мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд ӕцӕгӕйдӕр кӕй уарзтой хъусын кӕнын. Нӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ нын уацамынд цыдӕр ӕхсызгон хъуыддаг уыд». Уыцы хойыл 7 азы куы цыд, уӕд ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг сси ӕмӕ ныр 33 азы дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕны.
4. Куыд ис сывӕллӕтты ахуыр кӕнын?
4 Ӕдзух сӕ ахуыр кӕнут. Уӕ сывӕллӕтты-иу уемӕ хъусын кӕнынмӕ кӕнут. Чи зоны, сӕ бон у дуары дзӕнгӕрӕгыл ныххӕцын, трактат раттын, йе та Библийӕ стих бакӕсын. Уый сын тынг ӕхсызгон уыдзӕн ӕмӕ сӕм ныфс фӕзындзӕн, сӕ бон кӕй у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын. Куыд стырдӕр кӕной, афтӕ хъуамӕ фылдӕр хъусын кӕной. Уымӕ гӕсгӕ сын ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй фӕлтӕрой ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрой.
5. Цы хъӕуы, цӕмӕй сывӕллон ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг суа?
5 Кӕд ӕй уынут, уӕ сывӕллон цӕттӕ у ӕмӕ йӕхи дӕр фӕнды, цӕмӕй ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг суа, уӕд уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъут. Хъусынгӕнӕг куы суа, уӕд хуыздӕр ӕмбардзӕн, Йегъовӕйы кадджын кӕнын йӕ хӕс кӕй у. Уӕ зӕрдыл дарут, стыртӕ цас зонынц, сывӕллонӕй уыйбӕрц домын кӕй нӕ хъӕуы. Уӕ сывӕллон Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ зоны? Библи уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ цӕры? Фӕнды йӕ хъусын кӕнын? Фӕнды йӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уа? Кӕд о, уӕд, чи зоны, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕгъой, зӕгъгӕ, цӕттӕ у ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕгӕй лӕггад кӕнынмӕ (Кӕс чиныг «Организованы, чтобы исполнять волю Иеговы», 79–82 фф.).
6. Сывӕллӕтты ахуыр кӕнын йӕ фыдӕбоны аргъ цӕмӕн у?
6 Цӕмӕй сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнын сахуыр уой, уый тыххӕй бафыдӕбон кӕнын хъӕуы. Фӕлӕ сывӕллӕтӕн сӕ уырнындзинад кӕй фидар кӕны, уымӕй ӕхсызгондӕр ма цы хъуамӕ уа. Уымӕй ахсджиагдӕр та, Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн, сывӕллӕттӕ йын йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй куы дзурой, уӕд.