Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 12/11 1 ф.
  • Алкӕддӕр хъусын кӕнӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Алкӕддӕр хъусын кӕнӕм
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • «Ӕххӕст кӕн хорз хабар хъусынгӕнӕджы хъуыддаг»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Иегъовӕйы кадджын кӕн, фадат дын куы фӕзыны, уӕд
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
km 12/11 1 ф.

Алкӕддӕр хъусын кӕнӕм

1. Кӕцӕй зонӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ алкӕддӕр хорз хабар кӕй хъусын кодтой?

1 Фыццаг ӕнусы зынгзӕрдӕ чырыстӕттӕ хорз хабар «ӕппынӕдзух амыдтой», адӕмыл кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлдысты, уым (Хъуыд. 5:42). Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ-иу фӕндагыл кӕуыл ӕмбӕлдысты, уыдонӕн дӕр-иу, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъусын кодтаиккой. Уацамынды фӕстӕ-иу базармӕ цыдӕртӕ ӕлхӕнынмӕ куы бацыдысты, уӕддӕр-иу афтӕ никуы уыдаид, ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй макӕмӕн радзырдтаиккой. Уыдон дӕр Йесойау алкӕддӕр хорз хабар хъусын кодтой (Мар. 6:31–34).

2. Цы ном хӕссӕм, уый цӕуыл дзурӕг у?

2 Хъусын кӕнынмӕ цӕттӕ уӕм. Цы ном хӕссӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, уый, цы кусӕм, ӕрмӕст ууыл дзурӕг нӕу. Уый ма ӕвдисы, чи стӕм, уый дӕр (Ис. 43:10–12). Уӕдӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ уӕм нӕ ныфсы тыххӕй дзурынмӕ, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы нӕ хъусын кӕнӕм, уӕд дӕр (1 Пет. 3:15). Дӕ бон у рагацау ахъуыды кӕнын, хъусын кӕнынӕн дын фадат куы фӕзына, уӕд адӕймагӕн цы зӕгъдзынӕ, ууыл? Дӕ бон у демӕ литературӕ хӕссын, цӕмӕй-иу ӕй раттай, фылдӕр базонын кӕй фӕнда, уымӕн? (Ӕмб. 21:5). Мыййаг, ӕрмӕст хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фӕхъусын кӕныс ӕви дын фадат куы фӕзыны, уӕд дӕр?

3. Уынджы, машинӕты лӕууӕндӕтты, паркты, куыстуӕтты ӕмӕ ӕндӕр рӕтты хъусын кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

3 Хъусын кӕнӕм алы ран дӕр. Мах фӕхъусын кӕнӕм уынджы, машинӕты лӕууӕндӕтты, паркты, куыстуӕтты ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы рӕтты хъусын кӕнын ахсджиаг нӕу? Апостол Павел загъта, кӕй хъусын кодта «адӕмы раз дӕр» ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр (Хъуыд. 20:20). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон мах дӕр сӕйраджыдӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ къухы фылдӕр бафты. Фӕлӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн сӕ нысан хӕдзӕрттыл азилын нӕ уыд, фӕлӕ фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕнын. Ӕмӕ алы фадатӕй дӕр пайда кодтой, цӕмӕй хорз хабар дзырдтаиккой уынгты, базарты, адӕмыл кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлдысты, уым ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ. Мах дӕр сӕ фӕзмӕм, цӕмӕй нӕ лӕггад кӕронмӕ бакӕнӕм (2 Тим. 4:5).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын