Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕджыты скъолайы 2012 азы 27 февралӕй райдайгӕ къуырийы. Скъолайы цӕстдарӕг 20 минуты ныхас кӕндзӕн, 2 январӕй 27 февралмӕ Скъолайы цы хӕслӕвӕрдтӕ уыди, уыдоныл.
1. Цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ ирвӕзын кӕна? (Ис. 30:15) (w06 1/12 32 ф., 3 абз.).
2. Севнӕйы йӕ бынатӕй кӕй систой, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Ис. 36:2, 3, 22) (w07 1/3 4 ф., 6 абз.).
3. Исай 37:1, 14–20 стихтӕм гӕсгӕ бӕллӕхы бахаугӕйӕ цы хъуамӕ кӕнӕм? (w07 1/3 5 ф., 1, 2 абз.).
4. Израил цӕмӕн дзуры: «Йегъовӕ мын мӕ фӕндаг нӕ уыны, мӕ хъуыддаг мын рӕстӕй равзарын кӕй хъӕуы, уый мӕ Хуыцау ницӕмӕ дары»? (Ис. 40:27, 28) (w07 1/3 5 ф., 6 абз.).
5. Исай 38:9–20 стихтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (w07 1/3 5 ф., 3 абз.).
6. Мессийӕ ӕндӕр «адӕмтӕн... рухс» куыд у, кӕд ӕрмӕст израилӕгтӕн хъусын кодта, уӕд? (Ис. 49:6) (w07 1/3 5 ф., 8 абз.).
7. Мессийӕ бирӕ адӕмы рӕстаг уавӕрмӕ цы зонындзинӕдты фӕрцы ӕркӕндзӕн, уыдон цы сты? (Ис. 53:11) (w07 1/3 6 ф., 1 абз.).
8. Иннӕты цӕстмӕ дӕхи рӕстгӕнӕгӕй ӕвдисай, уый раст цӕуылнӕ у? (Ис. 58:1–14) (w07 1/3 7 ф., 1 абз.).
9. Цы у «ӕнусон бадзырд» ӕмӕ чи сты йӕ «байзӕддӕгтӕ»? (Ис. 61:8, 9) (w07 1/3 7 ф., 5 абз.).
10. Хуыцауӕн йӕ маст куыд ӕххуыс кӕны? (Ис. 63:5) (w07 1/3 7 ф., 6 абз.).