Сфӕлдыстад кадджын кӕны Хуыцауы
Бирӕтӕ уарзынц, дунейы цы диссӕгтӕ ис, уыдонмӕ кӕсын. Фӕлӕ алчи не ’мбары, ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы кӕй ис базонӕн Дунесфӕлдисӕг Хуыцауы миниуджытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ (Ром. 1:20). Бирӕ азты размӕ уыдӕттӕ Давид базыдта Хуыцауы Ныхасӕй. Фӕлӕ ма уарзта, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонмӕ кӕсын дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй йемӕ бангом (Пс. 8:3, 4). Киноныв «Чудеса творения прославляют Бога» баххуыс кӕндзӕн нӕхицӕн дӕр, нӕ сывӕллӕттӕн дӕр ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн дӕр, цӕмӕй хуыздӕр базонӕм Дунесфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйы сконд дуне ӕмӕ йӕ миниуджытӕ, ӕмӕ йӕм уый фӕрцы баввахсдӕр уыдзыстӕм. Кинонывмӕ куы бакӕсай, уӕд мӕнӕ ацы фарстатӕн дзуапп ратт.
1) Дун-дуне цӕйас у ӕмӕ дзы цы закъӕттӕ ис, уый тыххӕй нӕ Йегъовӕйы тынгдӕр кадджын кӕнын цӕмӕн фӕнды? (Ис. 40:26). 2) Доныл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд Хуыцауы тыххӕй цы базондзыстӕм? (Рарг. 14:7). 3) Зӕхх цӕйас у ӕмӕ хурмӕ куыд дард лӕууы, уый Йегъовӕйы стыр зонды тыххӕй цы дзуры? 4) Хуыцау Мӕй цӕмӕн сфӕлдыста? (Пс. 89:37). 5) Йегъовӕ адӕймаджы куыд сфӕлдыста, цӕмӕй йын цард циндзинад хӕсса? 6) ДНК цы у? (Пс. 139:16). 7) Йегъовӕ зӕххыл цы сфӕлдыста, уыдонӕй адӕймаг цӕмӕй хицӕн кӕны? (Райд. 1:26). 8) Ног дунейы цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?
Уӕлӕмхасӕн. 9) Алыхуызон хуызтӕ куыд фӕзынынц? 10) Дон гравитацийы закъоны сӕрты куыд ахизы ӕмӕ бӕласы цъупмӕ куыд схӕццӕ вӕййы? 11) Нӕ буарӕн дон цы пайда у? 12) Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ, цӕрӕгойтӕ кӕрӕдзийӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уымӕн. 13) Цӕрӕгойтӕ кӕцӕй зонынц, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын кӕй хъӕуы, уый? 14) Цы у «сыгъзӕрин къуым» («золотой угол») ӕмӕ уый ӕрдзы мидӕг куыд зыны?
Акӕсут-ма, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уымӕ. Йесо нын дзуры, цӕмӕй акӕсӕм, «уӕларвон мӕргътӕм» ӕмӕ «быдыры дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ» ӕмӕ дзы нӕхицӕн зондӕн исты райсӕм (Матф. 6:26, 28). Афтӕмӕй нӕ уырнындзинад бафидар кӕндзыстӕм, не Сфӕлдисӕгыл нӕ ныфс тынгдӕр дардзыстӕм ӕмӕ тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм Йегъовӕйы зондӕн, йӕ уарзондзинадӕн ӕмӕ йӕ бон адӕмы хъахъхъӕнын кӕй у, уымӕн. Ацы дунейӕн уый бар ма дӕттӕм, цӕмӕй нӕ уыйонг скӕна, ӕмӕ нӕ мауал ӕвдӕла ӕмӕ нӕ мауал фӕнда Йегъовӕйы диссаджы сфӕлдыстадмӕ нӕ хъус дарын ӕмӕ нын сфӕлдыстад нӕ Хуыцауы тыххӕй цы дзуры, ууыл хъуыды кӕнын (Пс. 19:1).