«Вопросы молодежи. Чему посвятить свою жизнь?» (1 хай)
Сывӕллон куы бахъомыл вӕййы, уӕд ӕй фӕхъӕуы ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй рацыд киноныв «Вопросы молодежи. Чему посвятить свою жизнь?». Сӕйраг менюйы равзар «Фильм» ӕмӕ дзуапп ратт, 2 абзацы цы фарстатӕ ис, уыдонӕн. Уый фӕстӕ сӕйраг менюйы равзар «Интервью», стӕй та «Вспоминая прошлое» ӕмӕ дзуапп ратт 3 абзацы фыст фарстатӕн.
Фильм: 1) Тимофейы уавӕртӕ ӕмӕ нӕ рӕстӕджы бирӕ ӕрыгон чырыстӕтты уавӕртӕ ӕмхуызон цӕмӕй сты? 2) Андрейы куыд разӕнгард кодтой, цӕмӕй спорты размӕ ацыдаид? 3) Ӕфсымӕр Флайсиг Андрейӕн цы радзырдта, а) цард Йегъовӕйӕн ӕмӕ спортӕн снывонд кӕныны тыххӕй? (Матф. 6:24); ӕ) адӕймаг ӕцӕгдӕр амондджын цӕй фӕрцы уыдзӕн, уый тыххӕй? б) концлагерӕй йӕм цы къус баззад, уый йын йӕ зӕрдыл цы лӕууын кодта, уый тыххӕй? в) къамы йемӕ ӕмӕ йӕ усимӕ чи уыди, уыцы адӕмы тыххӕй? г) царды йӕ нысӕнттӕ кӕй фӕивта, ууыл фӕфӕсмон кодта ӕви нӕ, уый тыххӕй? (Фил. 3:8). 4) Андре йӕ мадымады куы бафарста, чемпион суон, уый мӕ кӕй фӕнды, уым ӕвзӕрӕй цы ис, зӕгъгӕ, уӕд ын цавӕр дзуапп радта? (Лук. 4:5–7). 5) Андре дугъы кӕй рамбылдта, уый тыххӕй ӕцӕгдӕр амондджын уыди? 6) Ӕфсымӕр Флайсиг Андремӕ йӕ писмойы цы ныффыста, уым дӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыд? (Ӕмб. 10:22). 7) Ӕфсымӕр Флайсигы фӕрцы Андре цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бамбӕрста?
Вспоминая прошлое: 8) Иу хо ӕмӕ иу ӕфсымӕр царды цӕмӕ бӕллыдысты ӕмӕ цӕмӕн? 9) Цы сын бантыст? 10) Цы сын баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ цард фӕивтаиккой? (2 Кор. 5:15). 11) Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдтой ӕмӕ цӕй фӕрцы бамбӕрстой, сӕ бон кӕй нӕу дыууӕ нысанмӕ тырнын? 12) Цымӕ, сӕ царды нысӕнттӕ кӕй фӕивтой, ууыл фӕфӕсмон кодтой? 13) Сӕ ныхӕстӕй дӕ цы сразӕнгард кодта, дӕ цард цӕмӕн снывонд кӕндзынӕ, ууыл ахъуыды кӕнынмӕ?
Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс иннӕ интервьютӕм ӕмӕ «Дополнительный материал»-ы цы ис, уымӕ дӕр ӕмӕ-иу дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕн. Уыдоныл ныхас цӕудзӕн иннӕ Хъусын кӕныны фембӕлды.