Царды цавӕр фӕндаг равзардзынӕ?
1 Сывӕллӕтты арӕх афӕрсынц, куы сыстыр уай, уӕд цы кусдзынӕ, зӕгъгӕ. Ды гыццыл куы уыдтӕ, уӕд-иу ацы фарстӕн цавӕр дзуапп радтай: пожарник, космонавт, районон цӕстдарӕг? Кӕд чызг дӕ, уӕд-иу цы загътай: артисткӕ, дохтыр, сӕрмагонд пионер? Ныр куы фестырдӕр дӕ, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕнай ахӕм фарстыл: «Царды цавӕр фӕндаг равзардзынӕн?» Ацы фарстӕн дзуапп раттынмӕ цӕттӕ дӕ?
2 Царды раст фӕндаг равзарынӕн дын баххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕйы организаци цы киноныв (DVD) рауагъта, уый – «Молодые люди спрашивают. Чему посвятить свою жизнь?» Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс кинонывмӕ, интервьютӕм ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ӕрмӕгмӕ, стӕй сыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. DVD-йы цы ис, уый фенӕн ис фӕлгӕты.
3 Киноныв. Кинонывмӕ куы бакӕсай, уӕд иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстытыл: 1) Чырыстон Грекъаг Фыстыты кӕй кой ис, уыцы Тимофей ӕмӕ Андре ӕмхуызон цӕмӕй сты? (Ап. хъ. 16:1; 1 Тим. 4:8; 2 Тим. 1:5). 2) Андрейы спортмӕ чи ӕмӕ куыд разӕнгард кодта? 3) Тимофей ӕмӕ Андрейӕн раст фӕндаг равзарынӕн чи баххуыс кодта ӕмӕ куыд? (2 Тим. 1:1–4; 3:14, 15). 4) Матфейы 6:24 ӕмӕ Филиппӕгтӕм 3:8 цы ныхӕстӕ ис, уыдон Андрейӕн куыд баххуыс кодтой, ӕмӕ дӕуӕн та куыд ӕххуыс кӕнынц?
4 Иуӕй-иу хӕйттӕ (Эпизоды). Кинонывмӕ куы бакӕсай, уӕд ма ногӕй бакӕс иуӕй-иу хӕйттӕм ӕмӕ фарстытӕн дзуапп ратт. «Павел и Тимофей»: Фӕстагмӕ Павел Тимофейӕн цы уынаффӕ радта? (2 Тим. 4:5). «Отдавать Иегове лучшее»: Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрыс? «Выбрал Иегову»: Ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у? «Совет бабушки»: Сайтаны дунейы кадджын уай, уый ӕвзӕр цӕмӕй у? (Матф. 4:9). «Никаких сожалений»: Цы хъуамӕ бамбарай, цӕмӕй раст фӕндаг равзарай ӕмӕ амондджын уай? (Ӕмб. 10:22).
5 Интервьютӕ. Алы хаймӕ дӕр куы бакӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн: мӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын? 1) «Растратить жизнь впустую или посвятить ее Богу?» (1 Иоан. 2:17). 2) «Как находить радость в служении» (Пс. 26:14). 3) «Открытая дверь в служении» (Матф. 6:33).
6 Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Цавӕр дзуапп радтис? 1) Интервью чи радта, уыцы хо ӕмӕ ӕфсымӕр раздӕр цӕмӕ бӕллыдысты, ӕмӕ цӕмӕн? 2) Цы сын бантыст? 3) Сӕ дыууӕ дӕр сӕ цард цӕмӕн фӕивтой? (2 Кор. 5:15). 4) Ныр та сын сӕйрагдӕр цы у, ӕмӕ куыд бамбӕрстой, дунейы хъуыддӕгтӕ дӕр аразой ӕмӕ Хуыцауӕн дӕр лӕггад кӕной, уымӕн гӕнӕн кӕй нӕй? 5) Царды цӕмӕ бӕллыдысты, уый кӕй фӕивтой, уый тыххӕй фӕсмон кӕнынц? 6) Цы загътой, уымӕй дын уӕлдай тынгдӕр цы баххуыс кодта, царды цавӕр фӕндаг равзардзынӕ, уыцы хъуыддаджы?
7 Ӕндӕр интервьютӕ. Ацы интервьютӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнай? 1) «Ценность личного изучения». 2) «Разные виды служения». 3) «Вефильское служение». 4) «Миссионерская Школа Галаад». 5) «Школа усовершенствования служения». Ӕркӕс «Индекс дополнительных ссылок на публикации» ӕмӕ бакӕс, фылдӕр базонын дӕ цӕй тыххӕй фӕнды, уый.
8 Уӕдӕ царды цавӕр фӕндаг равзардзынӕ? Павел Тимофейӕн дзырдта: «Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уӕнт уыцы хъуыддӕгтыл, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (1 Тим. 4:15). Хорз уаид, кинонывмӕ кӕсгӕйӕ, ды дӕр афтӕ куы кӕнис. Ӕххуыс кур Йегъовӕйӕ, цӕмӕй раст фӕндаг равзарай ӕмӕ амондджын уай, абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр.
[Рамкӕ 6 фарсыл]
«ГЛАВНОЕ МЕНЮ»
Фильм
Эпизоды (11 эпизодов)
Интервью
Воспроизвести все
Разделы (3 раздела)
Вспоминая прошлое
Дополнительный материал
Дополнительные интервью
Индекс дополнительных ссылок на публикации
Субтитры
Для слабослышащих
Ничего
Для поиска используйте экранные клавиши «Вперед ▶», «◀ Назад», и «Главное меню».