«Вопросы молодежи. Как найти настоящих друзей?»
Йегъовӕ адӕмы афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвитой ӕмӕ-иу сӕхицӕн хӕлӕрттӕ ссарой (Ӕмб. 17:17; 18:1, 24). Цӕмӕй нын нӕ хӕлӕрттӕ ныфсы хос уой, уый тыххӕй хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, куы сӕ ӕвзарӕм, уӕд (Ӕмб. 13:20). Кинонывмӕ «Вопросы молодежи. Как найти настоящих друзей?» куы бакӕсай, уӕд дӕ бон бауыдзӕн, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдонӕн дзуапп раттын?
Разныхас.
1) Ӕцӕг ӕмбал чи у?
Хӕлардзинадӕн къуылымпыйы хос цы вӕййы.
2) Адӕймагмӕ афтӕ куы кӕса, ӕмӕ никӕй хъӕуы, уӕд ын цы баххуыс кӕндзӕн? (Фил. 2:4) 3) Нӕхиуыл цӕмӕн хъуамӕ кусӕм, цӕмӕй нӕм хорз миниуджытӕ уа, ӕмӕ нын ацы хъуыддаджы чи баххуыс кӕндзӕн? (2 Кор. 13:11) 4) Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын фылдӕр ӕмбӕлттӕ уа? (2 Кор. 6:13)
Хуыцауимӕ хӕлардзинад.
5) Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм, ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у? (Пс. 34:8) 6) Йегъовӕ нӕ хуыздӕр ӕмбал куы суа, уӕд нӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ ссардзыстӕм?
Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ.
7) Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ чи сты? (1 Кор. 15:33) 8) Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ нын нӕ ахастытыл Йегъовӕимӕ куыд бандавдзысты?
Нӕ рӕстӕджы чи ӕрцыд, ахӕм хабар.
9) Библийы Динӕйы тыххӕй цы хабар ис, уый нын зондзонӕн куыд у? (Райд. 34:1, 2, 7, 19) 10) Тарӕ, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кодта, уыдонимӕ куы балымӕн, уӕд йӕхи куыд рӕстытӕ кодта? 11) Тарӕйы йе ’мбӕлттӕ цавӕр тӕссаг уавӕры ’ппӕрстой? 12) Тарӕ цы тӕссаг уавӕры уыди, уый йӕ ныййарджытӕ цӕуылнӕ уыдтой? Сӕ чызджы хабар куы базыдтой, уӕд ын куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уыдаид? 13) Иу пионер-хо куыд равдыста, Тарӕйӕн йе ’цӕг ӕмбал кӕй у? 14) Тарӕ цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бамбӕрста?
Кӕронбӕттӕн.
15) Ацы кинонывы цавӕр зондзонӕнтӕ ис? 16) Ацы кинонывы фӕрцы дӕ бон куыд у иннӕтӕн баххуыс кӕнын?
Уӕдӕ нын Хуыцауимӕ хӕларӕй цӕрынӕн чи ӕххуыс кӕндзӕн, нӕхицӕн ахӕм хӕлӕрттӕ ӕвзарӕм! (Пс. 15:1, 4; Ис. 41:8).