Сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд!
1 Чырыстон бинонтӕ бирӕ бӕстӕты зӕрдиаг арфӕтӕ фӕкодтой видеофильм «Фӕсивӕды фарстытӕ. Куыд ис ссарӕн ӕцӕг хӕлӕрттӕ?»- йы тыххӕй. Иугонд Штатты иу нӕлгоймаг загъта, зӕгъгӕ йӕм мӕ фырттӕ куы бакастысты, уӕд иуцасдӕр сӕ мидбынаты ӕмырӕй бадгӕйӕ баззадысты — цы федтой, уый сын сӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ бацагайдта! Малавийӕ фыссынц, ацы видеофильм уым дӕр ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты зӕрдӕмӕ тынг кӕй фӕцыд, уымӕн ӕмӕ уыдоны дӕр скъолайы се ’мгӕрттӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл амидин кӕнынц. Германӕй иу нӕлгоймаг, ис ын сывӕллӕттӕ, загъта: «Хуыцау мын мӕ куывдтытӕ фехъуыста». «Бузныг уын, мӕ зӕрдыл мын кӕй ӕрлӕууын кодтад, Иегъовӕ мыл кӕй ауды»,— адон та сты иу чызджы ныхӕстӕ. Ног Зеландийӕ хистӕр нӕлгоймаг фыссы: «Ацы видеойы фӕрцы нӕ ӕрыгон хотӕй иу фӕстӕмӕ царды фӕндагмӕ раздӕхт». Бинонтӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм хо та загъта: «Куыд тынг мӕ фӕнды, нӕ фӕсивӕдӕй алчидӕр ацы видеофильммӕ куы бакӕсид ӕмӕ сын ахӕм ӕххуыс куы фӕуид, цӕмӕй ӕцӕгады фӕндаг макуы ныууадзой!». Бинонтӕ, хорз нӕ уаид, ногӕй йӕм куы бакӕсиккат? Уый фӕстӕ иумӕ дӕлдӕр лӕвӕрд фарстытыл аныхас кӕнут.
2 Разныхас. Чи у ӕцӕг хӕлар? (Ӕмб. 18:24).
3 Цӕлхдуртӕ хӕлардзинады фӕндагыл. Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ никӕй хъӕуыс, уӕд цы ис саразӕн? (Фил. 2:4). Дӕхиуыл дӕ цӕмӕн хъӕуы кусын ӕмӕ дын уымӕн чи баххуыс кӕндзӕн? Нӕхицӕн фылдӕр хӕлӕрттӕ цӕй фӕрцы скӕндзыстӕм ӕмӕ сӕ кӕм ис ссарӕн? (2 Кор. 6:13).
4 Хӕлардзинад Хуыцауимӕ. Дӕ бон куыд у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар суай ӕмӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ цӕмӕн у? (Пс. 33:9). Хуыцауимӕ дын дӕ хӕлардзинады тӕгтӕ иууыл тынгдӕр чи бафидар кӕндзӕн?
5 Ӕвзӕр хӕлӕрттӕ. Чи сты «ӕвзӕр ӕмбаладтӕ»? (1 Кор. 15:33). Ӕвзӕр хӕлӕрттӕ нӕ Хуыцауимӕ куыд сызнаг кӕндзысты? Цӕуыл дӕ ахуыр кӕны, Библийы Динӕйы тыххӕй цы хабар фыст ис, уый? (Уӕв. 34:1, 2, 7, 19).
6 Нырыккон драмӕ. Тарӕмӕ афтӕ кӕй каст, ӕмӕ иунӕг у, никӕй хъӕуы, уый йыл куыд фӕзынд? Ӕнӕуырнӕгтимӕ куы слымӕн, уӕд йӕхи куыд рӕстытӕ кодта? Цавӕр бӕллӕхы йӕ фӕцӕйӕппӕрстой? Тӕссаг уавӕры кӕй уыд, уый йӕ ныййарджытӕ цӕуылнӕ уыдтой, фӕлӕ йын стӕй куыд баххуыс кодтой? Пионер-хо Тарӕйӕн ӕцӕг хӕлар куыд разынд? Чырыстӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусой Ӕмбисӕндты 13:20 ӕмӕ Иеремийы 17:9 фыст ныхӕстӕм? Тарӕйӕн зондзонӕн цы фӕци?
7 Кӕронбӕттӕн. Ацы видеофильмӕй цӕуыл сахуыр дӕ? Цы араздзынӕ, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр фӕахъаз уа? (Пс. 70:17).