Фадатӕй спайда кӕндзынӕ?
Ӕрымысӕн изӕр нын хорз фадат уыдзӕн нӕ бузныгдзинад равдисынӕн
1. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нын цавӕр диссаджы фадат уыдзӕн?
1 Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 14 апрелы. Уый уыдзӕн диссаджы фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕларзӕрдӕдзинадӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм ӕмӕ уый хъуыддагӕй равдисӕм. Лукайы 17:11–18 фыст хабарӕй зыны, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо бузныгдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый. Хъыгагӕн, хъотырӕй чи сдзӕбӕх, уыцы дӕс лӕгӕй ӕрмӕстдӕр иу загъта бузныг, кӕд уыцы фадат се ’ппӕтӕн дӕр уыд, уӕддӕр. Фидӕны Чырыстийы нывонды фӕрцы адӕм бынтондӕр фервӕздзысты сӕ низтӕй ӕмӕ ӕнустӕм цӕрдзысты! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах Йегъовӕйӕ алы бон дӕр бузныг уыдзыстӕм ахӕм арфӕдзинӕдты тыххӕй. Фӕлӕ цы къуыритӕ ӕрӕввахс кӕны, уыцы рӕстӕг нӕ бон куыд у нӕ бузныгдзинад ӕвдисын?
2. Чырыстийы нывондӕн тынгдӕр куыд аргъ кӕндзыстӕм?
2 Ахуыр кӕнӕм аргъ кӕнын. Цӕмӕй адӕймаг истӕмӕн аргъ кӕнын сахуыр уа, уый тыххӕй хъуамӕ хъуыды кӕна. Цӕмӕй Чырыстийы нывондӕн аргъ кӕнын сахуыр уӕм, уый тыххӕй Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Библийӕ фӕкӕсӕм скъуыддзӕгтӕ. Ссарӕн сӕ уыдзӕн цалдӕр раны, зӕгъӕм, къӕлиндары ӕмӕ брошюрӕйы «Алы бон дӕр Фыстад иртас». Хорз уаид, Библийӕ уыцы скъуыддзӕгтӕ нӕ бинонтимӕ куы кӕсиккам. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Чырыстийы нывондӕн тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Уый та хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн нӕ хъуыддӕгтыл (2 Кор. 5:14, 15; 1 Иоан. 4:11).
3. Бузныг кӕй стӕм, уый Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
3 Бузныг кӕй стӕм, уый ӕвдисӕм. Бузныг кӕй стӕм, уый бӕрӕг вӕййы нӕ хъуыддӕгтӕй (Кол. 3:15). Бузныгзӕрдӕ хъотырджын ацыд, Йесойы ссардта ӕмӕ йын бузныг загъта. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесо йӕ диссаджы хуызы кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй кӕй дзырдта (Лук. 6:45). Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ цымӕ сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй мах дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ адӕмы зӕрдиагӕй хонӕм? Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг ӕххуысгӕнӕг пионертӕй кӕнӕ фылдӕр куы балӕггад кӕнӕм, уӕд уымӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, бузныг кӕй стӕм, уый. Ӕрымысӕн изӕр куы бӕрӕг кӕнӕм, уӕд нӕ нӕ бузныг зӕрдӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй-иу уазджытыл бацин кӕнӕм ӕмӕ-иу сын сӕ фарстатӕн дзуапп раттӕм.
4. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нын цы фадат уыдзӕн, уымӕй спайда кӕндзыстӕм?
4 Цымӕ ацы Ӕрымысӕн изӕр фӕстаг уыдзӕн? (1 Кор. 11:26). Мах ӕй нӕ зонӕм. Фӕлӕ иу хъуыддаг хорз зонӕм, ацы бӕрӕгбон куы ацӕуа, уӕд нын нӕ бузныгдзинад равдисынӕн диссаджы фадат нал уыдзӕн. Уыцы фадатӕй спайда кӕндзынӕ? Цӕй уӕдӕ, нӕ бузныджы ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыдытӕй рухс кӕнӕм Йегъовӕйы зӕрдӕ, мах тыххӕй рӕдауӕй ахӕм нывонд чи ӕрхаста, уый зӕрдӕ (Пс. 19:14).