Хуыцауы ӕппӕты стырдӕр лӕварӕн аргъ кӕнӕм?
1. Йегъовӕйӕ стыр бузныг цӕмӕн стӕм?
1 Йегъовӕ нын цы бирӕ лӕвӕрттӕ радта, уыдонӕй ӕппӕты стырдӕр у йӕ уарзон Фырты нывонд (Иак. 1:17). Чырыстийы нывонды руаджы бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын стӕм, зӕгъӕм, нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуынц (Еф. 1:7). Уый тыххӕй Хуыцауӕй стыр бузныг стӕм. Ӕрымысӕн изӕры размӕ мах рахицӕн кӕнӕм рӕстӕг, цӕмӕй-иу уыцы зынаргъ лӕварыл ахъуыды кӕнӕм.
2. Цы у нӕ бон саразын, цӕмӕй нӕ бинонтӕ дӕр ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр Чырыстийы нывондӕн стырдӕр аргъ кӕнӕм?
2 Чырыстийы нывондӕн стырдӕр аргъ кӕнӕм. Цӕмӕй нӕ бинонтӕ Чырыстийы нывондӕн стырдӕр аргъ кӕной, уый тыххӕй-иу Ӕрымысӕн изӕры размӕ нӕ бинонты ахуыры рӕстӕг фылдӕр ныхас кӕнӕм уыцы фарстайыл. Стӕй нын, Библийӕ цы кӕсинаг ис, уый иумӕ алы бон дӕр кӕсӕм. Алчидӕр-иу нӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕд, Чырыстийы нывонд ын цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, ууыл. Уыцы нывонд куыд фӕзындзӕн, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, ууыл, нӕхиуыл, иннӕтыл ӕмӕ нӕ фидӕныл (Пс. 77:12).
3. Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
3 Бузныг кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн дзурӕм Йегъовӕйы стыр уарзондзинады тыххӕй (Пс. 145:2–7). Иуӕй-иу бинонтӕ сӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнынц, цӕмӕй уалдзӕджы мӕйты сӕ бинонтӕй, ӕппынкъаддӕр, иу адӕймаг ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕна. Афтӕмӕй равдисынц, Йесойы нывондӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый. Кӕд уын ахӕм фадат нӕй, уӕд та, чи зоны, уыцы мӕйты уӕ бон суыдзӕн фылдӕр хъусын кӕнын (Еф. 5:16). Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, иннӕтӕн немӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынӕн куы баххуыс кӕнӕм, уӕд (Рарг. 22:17). Гӕххӕттыл ныффысс, кӕй фӕхондзынӕ, уыдоны: Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, дыккаг хатт кӕмӕ бацӕуыс, дӕ хӕстӕджыты, де ’мкусджыты ӕмӕ дӕ сыхӕгты. Стӕй-иу адӕмы зӕрдиагӕй хон Ӕрымысӕн изӕрмӕ.
4. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нӕ рӕстӕгӕй хорз куыд спайда кӕнӕм?
4 Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нын фылдӕр фадӕттӕ фӕзыны, цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕ адӕмӕн цы стыр лӕвар радта, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Цӕй уӕдӕ-иу нӕ рӕстӕгӕй афтӕ спайда кӕнӕм, цӕмӕй бӕрӕг уа Чырыстийы нывондӕн ӕмӕ йе «’нӕбын хӕзнатӕн» кӕй аргъ кӕнӕм, уый (Еф. 3:8).