Цӕй ӕмӕ равдисӕм, бузныг кӕй стӕм!
Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 17 апрелы
1. Псаломзарӕггӕнӕгау Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг уӕлдай бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
1 Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйӕ бузныг уыд, тынг фӕлмӕнзӕрдӕ йӕм кӕй уыд ӕмӕ йӕ бирӕ хӕттыты кӕй ирвӕзын кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн?» (Пс. 116:12). Ӕмӕ дзы абон та йӕ лӕггадгӕнджытӕ ноджы тынгдӕр хъуамӕ уой бузныг. Ацы ныхӕстӕ Хуыцауы Ныхасы фыст куы ’рцыдысты, уымӕй бирӕ ӕнусты фӕстӕ Йегъовӕ адӕмӕн скодта ӕппӕты стырдӕр лӕвар – йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста ӕмӕ афтӕмӕй ахӕсты аргъ бафыста. 17 апрелы уыдзӕн Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр. Ӕмӕ уыцы бонмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ нӕ бон у, бузныг кӕй стӕм, уый равдисын (Кол. 3:15).
2. Чырыстийы нывондӕн цӕмӕн аргъ кӕнӕм?
2 Ахӕсты аргъ цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы. Ахӕсты аргъ фыст кӕй ӕрцыд, уый фӕрцы гӕнӕн ис, ӕмӕ «нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой» (Кол. 1:13, 14, фип.). Уый фӕрцы нӕ бон у Йегъовӕйӕн сыгъдӕг цӕсгомӕй лӕггад кӕнын (Дзут. 9:13, 14). Нӕ бон ма у Йегъовӕмӕ ныфсджынӕй кувын дӕр (Дзут. 4:14–16). Уымӕй уӕлдай, Чырыстийы нывондыл чи ’ууӕнды, уыдонӕн ис диссаджы ныфс – ӕнустӕм цӕрыны ныфс! (Иоан. 3:16).
3. Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы лӕвары тыххӕй бузныг кӕй стӕм?
3 Равдисӕм, бузныг кӕй стӕм, уый. Ахӕсты аргъы тыххӕй тынг бузныг кӕй стӕм, уый равдисынӕн иу фадат у, Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нын Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ ис кӕсинаг, уыдон алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнӕм. Уыцы хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзӕн статья, «Ацы азы ӕппӕты ахсджиагдӕр бонмӕ цӕттӕ дӕ?», зӕгъгӕ, ис брошюрӕйы «Иумӕ цӕрӕнбонтӕм – цӕй фӕрцы?». Нӕ бон ма у Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй скувын ӕмӕ йын зӕгъын, уыцы нывондӕн куыд тынг аргъ кӕнӕм (1 Фес. 5:17, 18). Йесойы фӕдзӕхстмӕ куы байхъусӕм ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд уымӕй дӕр равдисдзыстӕм, бузныг кӕй стӕм (1 Кор. 11:24, 25). Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у Йегъовӕйы стыр уарзондзинад бафӕзмын ӕмӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмы фӕхонын, цӕмӕй уыдон дӕр ӕрбацӕуой (Ис. 55:1–3).
4. Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?
4 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй Чырыстийы нывондӕн чи аргъ кӕны, уыдон афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр у иннӕ фембӕлдты хуызӕн. Афӕдзы мидӕг уый у ӕппӕты ахсджиагдӕр фембӕлд! Уӕдӕ уыцы бон куыд ӕввахс кӕны, афтӕ махӕн дӕр псаломзарӕггӕнӕгау нӕ фидар фӕнд уӕд ахӕм: «Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд, ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕй иу дӕр ма рох кӕн» (Пс. 103:2).