Чырыстийы нывондӕн аргъ кӕнӕм
1, 2. Цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм Чырыстийы нывондӕн?
1 Чырысти куыд ныффӕдзӕхста, афтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы дӕр 2008 азы 22 мартъийы сабаты ӕмбырд кӕндзысты хурныгуылды фӕстӕ, цӕмӕй йын йӕ мӕлӕты бон сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной (Лук. 22:19; 1 Кор. 11:23–26). Уыцы бон уый тыххӕй бӕрӕг кӕнӕм, ӕмӕ 1 975 азы размӕ цы хабар ӕрцыд, уымӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ аргъ кӕнӕм. Йесо Чырысти хъӕдыл хъизӕмайраг мӕлӕт кӕй бавзӕрста ӕмӕ иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй скадджын кодта йӕ Фыды ном ӕмӕ Сайтаны фидистӕн аккаг дзуапп радта (Иов 1:11; Ӕмб. 27:11).
2 Йесо йӕ туг куы ныккалдта, уӕд йӕ тыхы бацыд ног бадзырд. Уый фӕрцы ӕнӕххӕст адӕм свӕййынц Хуыцауы фырттӕ ӕмӕ сын фӕзыны фадат, цӕмӕй Чырыстиимӕ йӕ уӕларвон Паддзахады разамынд дӕттой (Йер. 31:31–34; Марчы 14:24). Стӕй ма Йегъовӕ адӕмы тынг кӕй уарзы, уый равдыста, йӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ Фырты нывондӕн кӕй радта, уымӕй. Уый тыххӕй Йесо йӕхӕдӕг загъта Никодимӕн (Иоан. 3:16).
3. Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацӕудзӕн, уыдонӕн уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?
3 Адӕмы хон. Январы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» уыд уынаффӕ, цӕмӕй, Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй хондзыстӕм, уыдоны нӕмттӕ гӕххӕттыл ныффыссӕм. Искӕй фӕхуыдтай? 1 мартъийӕ адӕмы хондзыстӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кодтай, цӕмӕй уыцы рӕстӕг фылдӕр адӕмы фӕхонай? Чи ӕрбацӕуа, уыдон Библийӕ фехъусдзысты бирӕ ахсджиаг хъуыдытӕ, ӕмӕ уый фӕрцы Чырыстийы новондыл тынгдӕр баууӕнддзысты ӕмӕ сӕ уый, чи зоны, ӕркӕна ӕнусон цардмӕ (Ром. 10:17).
4. Ӕрымысӕн изӕрмӕ раздӕр ӕрбацӕуын цӕмӕн хъӕуы?
4 Йӕ бон кӕмӕн у, уыдон-иу раздӕр ӕрбацӕуӕнт, цӕмӕй уазджытӕн зӕрдиаг ӕгасцуай зӕгъой ӕмӕ сыл бацин кӕной. Ӕрымысӕн изӕрмӕ бирӕ адӕм кӕй ӕрбацӕуы, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уӕлдай тынгдӕр нӕ хъус ӕрдарӕм, фыццаг хатт чи ӕрбацыд, стӕй иуӕй-иухатт ӕмбырдты чи вӕййы, уыдонмӕ.
5. Нӕ зӕрдӕ куыд бацӕттӕ кӕнӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ?
5 Дӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕн. 2008 азӕн брошюрӕйы «Алы бон дӕр Фыстад иртас» ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты къӕлиндары ис Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл Библи кӕсынӕн пълан (райдайы 17 мартъийӕ). Йесойы зӕххон царды фӕстаг бонты цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон куы кӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ бацӕттӕ кӕндзыстӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ (Езд. 7:10). Уыцы хабӕрттыл арф куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ куы кувӕм, уӕд тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм уыцы стыр нывондӕн, уымӕн ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты уарзондзинад (Пс. 143:5).
6. Чырыстийы нывондӕн тынгдӕр куы аргъ кӕнӕм, уӕд ныл уый куыд фӕзындзӕн?
6 Ӕрымысӕн изӕр куыд ӕввахсдӕр кӕны, афтӕ нӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр цӕттӕ кӕнӕм ацы ахсджиаг бонмӕ. Чырыстийы нывондӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм (2 Кор. 5:14, 15). Стӕй ма уыдонау адӕмы зӕрдиагӕй уарздзыстӕм (1 Иоан. 4:11).