Программӕ 29 декабрӕй райдайгӕ къуырийӕн
29 ДЕКАБРӔЙ РАЙДАЙГӔ КЪУЫРИ
37 зарӕг ӕмӕ куывд
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
dg 3 хай, 10–18 абз. (30 мин.)
Хъусынгӕнджыты скъола
Библийӕ кӕсӕм: Йесо Навин 12–15 (10 мин.)
Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм (20 мин.)
Хъусын кӕныны фембӕлд
Ацы мӕйы темӕ: Нӕ хорздзинады къӕбицӕй хӕссӕм «хорздзинӕдтӕ» (Матф. 12:35а).
20 мин. Нӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ нӕ уырнӕг сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм «хорздзинӕдтӕ» ссарынӕн (Матф. 12:35а). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. 1 Коринфӕгтӕм 13:11 ӕмӕ 1 Петры 2:2, 3 стихтӕм гӕсгӕ бамбарын кӕн, нӕ ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ нӕ уырнӕг сывӕллӕтты цы хъӕуы кӕнын. Бамбарын кӕн, ацы ныхӕстӕ, «уӕ зӕрдӕ агурӕд, Хуыцауы ныхасы чи ис, уыцы сыгъдӕг ӕхсыр», зӕгъгӕ, цы нысан кӕнынц ӕмӕ нӕ бон куыд у нӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй ууыл архайой. Марчы 4:28 стихы цы уагӕвӕрд ис, уый бамбарын кӕн. (Кӕс брошюрӕ «Байхъусут ӕмӕ, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ахъуыды кӕнут», 12 ф., 6–8 абз.) Интервью райс фӕлтӕрд хъусынгӕнӕгӕй кӕнӕ ныййарӕгӕй: йӕ ахуыргӕнинагӕн кӕнӕ йӕ сывӕллонӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ уырнындзинад сфидар уыдаид (Еф. 4:13–15; кӕс 2014 азы майы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», «Фарстаты асыкк»).
10 мин. «Уазӕгуарзон у – иннӕтӕн „хорздзинӕдтӕй“ хай кӕн» (Матф. 12:35а). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Уазӕгуарзондзинад чи равдыста, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты ӕмӕ сыл цавӕр ӕхсызгон хабӕрттӕ ӕрцыд? Хъусджыты бафӕрс, сӕ бон куыд у иннӕтӕм уазӕгуарзондзинад ӕвдисын, уӕлдайдӕр та, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ. Кӕд уе ’мбырды ахӕм ӕгъдау ис, ӕмӕ уӕм раныхасимӕ чи ӕрбацӕуы, уыцы ӕфсымӕры уазӕгуаты фӕхонут, уӕд уый кой дӕр скӕн.
124 зарӕг ӕмӕ куывд