Программӕ 12 январӕй райдайгӕ къуырийӕн
12 ЯНВАРӔЙ РАЙДАЙГӔ КЪУЫРИ
114 зарӕг ӕмӕ куывд
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
dg 4 хай, 1–10 абз. (30 мин.)
Хъусынгӕнджыты скъола
Библийӕ кӕсӕм: Йесо Навин 21–24 (8 мин.)
№ 1: Йесо Навин 24:14–21 (3 мин. кӕнӕ къаддӕр)
№ 2: Ӕнӕуынгӕ аргъуан, арӕзт у Чырыстийыл (td 2А) (5 мин.)
№ 3: Йегъовӕ у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕмӕ Сфӕлдисӕг (igw 2 ф., 4 абз.–3 ф., 1 абз.) (5 мин.)
Хъусын кӕныны фембӕлд
Ацы мӕйы темӕ: Хицауӕн цагъартау лӕггад кӕнут тынг сӕрныллӕгӕй (Хъуыд. 20:19).
10 мин. Хицауӕн цагъартау лӕггад кӕнут тынг сӕрныллӕгӕй. Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 20:19. Уый фӕстӕ хъусджыты бафӕрс: 1) Куыд ӕмбаргӕ у, «цагъарау лӕггад кӕнын», зӕгъгӕ? 2) Нӕ бон куыд у Хицауӕн цагъартау лӕггад кӕнын? 3) Цы у сӕрныллӕгдзинад? 4) Сӕрныллӕгдзинад нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм?
20 мин. «Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Адӕймаг мӕсты куы уа, уӕд-иу йемӕ фӕлмӕнӕй дзурӕм». Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Статьяйыл куы аныхас кӕнат, уӕд-иу равдисут дыууӕ хайӕ конд цыбыр равдыст. Равдыст хъуамӕ уа, уацамынды ӕцӕгдӕр куыд вӕййы, афтӕ. Фыццаг хай: адӕймаг мӕстыйӕ сдзырдта, ӕмӕ хъусынгӕнӕг йемӕ фӕлмӕнӕй нӕ дзуры. Дыккаг хай: хъусынгӕнӕг адӕймагимӕ фӕлмӕнӕй дзуры. Алкӕй дӕр баразӕнгард кӕн, цӕмӕй дӕлсӕргонды, «Бафӕлвар мӕйы дӕргъы», зӕгъгӕ, цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ бацархайой.
76 зарӕг ӕмӕ куывд