Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Адӕймаг мӕсты куы уа, уӕд-иу йемӕ фӕлмӕнӕй дзурӕм
Уый ахсджиаг цӕмӕн у. Хъусын кӕнгӕйӕ кӕуыл сӕмбӕлӕм, уыдонӕй бирӕтӕ уӕздан вӕййынц. Фӕлӕ Чырысти загъта, иуӕй-иутӕ нӕ се сӕфт кӕй уындзысты (Иоан. 17:14). Уӕдӕ-иу хъусын кӕнгӕйӕ мӕстыгӕр адӕймагыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд-иу хъуамӕ дис ма кӕнӕм. Мах дзурӕм Йегъовӕйы номӕй, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, адӕмимӕ куыд ныхас кӕнӕм, уымӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Ром. 12:17–21; 1 Пет. 3:15). Адӕймагимӕ фӕлмӕнӕй куы дзурӕм, уӕд нӕ ныхас быцӕумӕ нӕ ахиздзӕн. Стӕй ма, чи зоны, кӕмӕ ӕрбацыдыстӕм йе та нӕм фӕрсырдыгӕй чи кӕсы, уыдонӕй искӕй бафӕнда фылдӕр базонын, иннӕ хатт сӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы ’рбацӕуой, уӕд (2 Кор. 6:3).
Бафӕлвар мӕйы дӕргъы:
Уацамынды ахӕм уавӕры куы бахауат, уӕд куыд ныхас кӕндзыстут, уый-иу уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг афӕлварут.
Мӕсты адӕймагыл куы сӕмбӕлат, уӕд-иу уый фӕстӕ, уацамынды кӕимӕ уай, уыимӕ аныхас кӕнут, уыцы уавӕры уӕ бон хуыздӕр бакӕнын куыд уыдаид, ууыл.