Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 12/12 1 ф.
  • «Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрут»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрут»
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Адӕймаг мӕсты куы уа, уӕд-иу йемӕ фӕлмӕнӕй дзурӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2015
  • Уӕндон, фӕлӕ хӕларзӕрдӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Адӕймагӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй хъуыды кӕна
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Уацамынды хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уӕздан уӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
km 12/12 1 ф.

«Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрут»

1. Мӕстджын адӕймаг нӕм куы ракӕса, уӕд нын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрд баххуыс кӕндзӕн?

1 Йегъовӕйы адӕм сты фарнуарзаг адӕм, ӕмӕ хъусын кӕнынц фарны хабар (Ис. 52:7). Фӕлӕ нӕм хатт чидӕртӕ смӕсты вӕййынц, сӕ дуар сын куы бахойӕм, уӕд. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм уавӕрты хӕларзӕрдӕ уӕм? (Ром. 12:18).

2. Ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

2 Ӕмбаргӕ ут. Иуӕй-иутӕ рамӕсты вӕййынц, кӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй, иннӕтӕ та – ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй. Чи зоны адӕймаджы уыцы рӕстӕг не ’вдӕлы кӕнӕ та йын цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ ис. Ӕмӕ нӕм кӕд хорз хабары тыххӕй мӕсты кӕны, уӕддӕр ма рох кӕнӕм, афтӕ уый тыххӕй кӕй у, ӕмӕ нӕ зоны, адӕммӕ цӕмӕн цӕуӕм, уый (2 Кор. 4:4). Ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд нӕ мӕсты кӕндзыстӕм ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ нӕхимӕ нӕ исдзыстӕм (Ӕмб. 19:11).

3. Нӕ бон куыд у равдисын, адӕймагӕн кӕй аргъ кӕнӕм?

3 Бӕрӕг уӕд, кӕй сын аргъ кӕнут. Нӕ участокы чи цӕры, уыдонӕй бирӕтӕ Хуыцауыл тынг ӕууӕндынц (2 Кор. 10:4). Ӕмӕ сӕхи бар у, хъусдзысты нӕм ӕви нӕ. Адӕймаг цӕуыл ӕууӕнды, уый нӕ къӕхты бын макуы ссӕндӕм кӕнӕ нӕхи афтӕ ма дарӕм, цыма мах уымӕй хуыздӕр стӕм, уымӕн ӕмӕ Библи хуыздӕр зонӕм. Афтӕ нын куы зӕгъа, ацӕут, зӕгъгӕ, уӕд хъуамӕ ацӕуӕм.

4. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, фӕлмӕнӕй кӕй дзурӕм?

4 Фӕлмӕнӕй дзурут. Адӕймаг нӕ куы ’фхӕра, уӕддӕр нӕ ныхас хъуамӕ уа фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ (Кол. 4:6; 1 Пет. 2:23). Тыхдзырд кӕныны бӕсты ныхас кӕндзыстӕм, цӕуыл сразы уыдзӕн, ууыл. Нӕ бон ма у адӕймаджы фӕлмӕнӕй бафӕрсын, афтӕ хъуыды кӕнын цӕмӕн райдыдта. Цӕмӕй йӕ тынгдӕр ма смӕсты кӕнӕм, уый тыххӕй, хатт, хуыздӕр вӕййы уайтагъд ацӕуын (Ӕмб. 9:7; 17:14).

5. Хъусын кӕнгӕйӕ хӕларзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

5 Адӕймагимӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд ын уый, чи зоны, йӕ зӕрдӕ бацагайа ӕмӕ йӕм Ӕвдисӕнтӕ ӕндӕр хатт куы ’рбацӕуой, уӕд сӕм хорз байхъуса (Ром. 12:20, 21). Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ нӕм никуы байхъусдзӕн, уӕддӕр, чи зоны, искуы Ӕвдисӕн суа (Гал. 1:13, 14). Куыдфӕнды ма уа, уӕд дӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй нӕхиуыл хӕцын фӕразӕм ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уӕм. Афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ лӕггадмӕ фау ӕрхӕссӕн нӕ уыдзӕн (2 Кор. 6:3).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын