Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 11/06 1 ф.
  • Уӕндон, фӕлӕ хӕларзӕрдӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕндон, фӕлӕ хӕларзӕрдӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрут»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
  • «Агур фарн ӕмӕ йӕм тындз»
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнӕм!
    Зарут Иегъовӕйы кадӕн
  • Ныфсджынӕй хъусын кӕнут?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
km 11/06 1 ф.

Уӕндон, фӕлӕ хӕларзӕрдӕ

1 Хорз хабар кӕмӕн фӕдзурӕм, уыдонӕй бирӕтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕуыл феууӕндынц, уыдӕттӕ Библимӕ гӕсгӕ раст нӕ вӕййынц. Кӕд хъусын кӕнын уӕндонӕй хъӕуы, уӕддӕр хъуамӕ «алкӕмӕ дӕр» хӕларзӕрдӕ уӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй сӕ мацӕмӕй фӕхъыг кӕнӕм (Ром. 12:18; Ап. хъ. 4:29). Уӕдӕ хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у, ӕмӕ уӕм уӕндон, фӕлӕ хӕларзӕрдӕ?

2 Нӕ ныхас аразӕм, кӕрӕдзиимӕ разы цӕуыл уыдзыстӕм, ууыл. Хӕларзӕрдӕ, фарнуарзаг адӕймаг быцӕу ныхас нӕ фӕкӕны. Адӕймаг фидарӕй цӕуыл ӕууӕнды, уыдӕттӕ фауын куы райдайӕм, уӕд нын нӕ хабармӕ зынтӕй байхъусдзӕн. Кӕд йӕ ныхӕстӕ раст не сты, уӕд нӕ бон у фӕлмӕнӕй ахӕм исты зӕгъын, немӕ цӕуыл сразы уа. Куы фена, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм ӕмхуызон цӕстӕй кӕй кӕсӕм, уӕд нӕм тызмӕгӕй нӕ ракӕсдзӕн ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссардзыстӕм.

3 Адӕймаг исты ӕнӕраст хъуыды куы зӕгъа ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ куы ницӕмӕ ӕрдарӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йемӕ разы стӕм кӕнӕ ӕцӕгдзинады ныхмӕ цӕуӕм? Нӕ. Махӕн, чырыстӕттӕн, нӕ хӕс у, алы рӕдыд хъуыды раст кӕнын нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Матф. 24:14). Уӕдӕ адӕймагӕн йӕ алы ӕнӕраст ныхас нӕ зӕрдӕмӕ ма исӕм. Уый бӕсты архайӕм, цӕмӕй бамбарӕм, куыд хъуыды кӕны, уый (Ӕмб. 16:23).

4 Аргъ сын кӕн. Вӕййы афтӕ, ӕмӕ хъуамӕ уӕндон ӕмӕ фидар уӕм, мӕнг ахуырӕдты ныхмӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы фӕхӕссӕм, уӕд. Фӕлӕ хӕларзӕрдӕ, фарнуарзаг адӕм кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ, йӕ дин раст кӕмӕн нӕу ӕмӕ иннӕты раст чи нӕ ахуыр кӕны, уыдоныл нӕ фӕхудӕм ӕмӕ сӕ нӕ фӕфауӕм. Схъӕл ныхас чи фӕкӕны, уымӕ иннӕтӕ ӕввахс нӕ фӕцӕуынц, фӕлӕ сӕрныллӕгӕй ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ чи фӕдзуры, уый рӕстдзинад уарзджыты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссары. Нӕ хъусджытӕн, стӕй цӕуыл ӕууӕндынц, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн хорз хабармӕ байхъусын.

5 Апостол Павел аргъ кодта, кӕмӕн хъусын кодта, уыдон цӕуыл ӕууӕндыдысты, уымӕн, ӕмӕ архайдта, хорз хабар сын сӕ зӕрдӕтӕ куыд бацагайдтаид, ууыл (Ап. хъ. 17:22–31). Уый ӕнӕзивӕгӕй «алыхуызон адӕмӕн дӕр сси алцыдӕр, цӕмӕй исты хуызы иуӕй-иуты уӕддӕр фервӕзын кодтаид» (1 Кор. 9:22). Махӕн дӕр ӕй нӕ бон у фӕзмын, хӕларзӕрдӕ куы уӕм ӕмӕ хорз хабар уӕндонӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын