Программӕ 15 июнӕй райдайгӕ къуырийӕн
15 ИЮНӔЙ РАЙДАЙГӔ КЪУЫРИ
77 зарӕг ӕмӕ куывд
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
bm 12, 13 фф. (30 мин.)
Хъусынгӕнджыты скъола
Библийӕ кӕсӕм: 2 Самуилы 22–24 (8 мин.)
№ 1: 2 Самуилы 22:21–32 (3 мин. кӕнӕ къаддӕр)
№ 2: Бинонтӕ хъуамӕ кад кӕной хӕдзары хистӕрӕн (td 9Ӕ) (5 мин.)
№ 3: Иннӕты куы уарзай ӕмӕ Хуыцауы коммӕ куы кӕсай, уӕд амондджын уыдзынӕ (igw 22 ф., 4–6 абз.) (5 мин.)
Хъусын кӕныны фембӕлд
Ацы мӕйы темӕ: «Ӕрхъуыды-ма кӕн рагон замантӕ» (Дык. з. 32:7).
12 мин. Библи цы адӕмы кой кӕны, уыдонӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи цӕуы? Интервью ӕмӕ раныхас. Фыццаг уал интервью райс уе ’мбырды сывӕллӕттӕй дыууӕйӕ кӕнӕ ӕртӕйӕ. Библийы цы адӕмы кой ис, уыдонӕй сӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи цӕуы? Цавӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис? Уыцы адӕмы фӕзмын сӕ цӕмӕй фӕнды? Уый фӕстӕ бамбарын кӕн, нӕ сайты цы хӕслӕвӕрд ис, «Карточкӕтӕ: Библийы архайджытӕ», зӕгъгӕ, уый сывӕллӕттӕн цы пайда ӕрхӕсдзӕн. Алы карточкӕйы дӕр фыст сты адӕймагӕн йӕ царды хабӕрттӕ, стӕй дзы ис йӕ нывтӕ, кӕм цард, уыцы бынат картӕйыл ӕмӕ, кӕд цард, уыцы рӕстӕг схемӕйыл. Ис ма дзы уыцы адӕймаджы тыххӕй ӕртӕ фарстайы ӕмӕ дзуаппытӕ. Алы карточкӕ дӕр афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ ис гӕххӕттыл рауадзӕн ӕмӕ сӕ ӕмбырд кӕнӕн. Ныййарджыты баразӕнгард кӕн, цӕмӕй уыцы мадзалы фӕрцы сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕной, цӕмӕй-иу «рагон замантӕ» сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной (Дык. з. 32:7).
18 мин. «Фӕлтӕрдджындӕр хъусынгӕнджытӕй ахуыр кӕнӕм». Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Дыккаг абзацыл куы ныхас кӕнат, уӕд-иу хъусджытӕ радзурӕнт, фӕлтӕрд хъусынгӕнджытимӕ уацамынды кӕй вӕййынц, уый сын цы пайда фӕци.
4 зарӕг ӕмӕ куывд