«Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут»
1. 19 октябрӕй райдайгӕ къуырийӕ ӕмбырды цавӕр чиныг ахуыр кӕндзыстӕм?
1 2015 азы 19 октябрӕй райдайгӕ къуырийӕ ӕмбырды ахуыр кӕндзыстӕм чиныг «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут». Ацы чиныджы дзырд цӕуы, Библийы кӕй кой ис ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыд, 14 ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагыл. Хабӕрттӕ дзы афтӕ фыст сты, ӕмӕ нын ӕнцондӕр у, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ цавӕр адӕймӕгтӕ уыдысты, уый нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын ӕмӕ, кӕддӕр ӕцӕгдӕр кӕй цардысты, ууыл ӕууӕндын. Стӕй нӕ бон базонын у, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уый дӕр. Чиныг ма нын не ’ргом здахы, уыцы хабӕрттӕй мах абон цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ дӕр (Дзут. 6:12).
2. Бамбарын кӕн, чиныг «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут» куыд конд у, уый.
2 Чиныг куыд конд у. Чиныджы ис схемӕтӕ ӕмӕ картӕтӕ, ӕмӕ уыдоны фӕрцы нӕ бон базонын у, цы адӕмы кой дзы цӕуы, уыдон кӕд ӕмӕ кӕм цардысты, уый. Стӕй алы сӕры кӕрон дӕр ис рамкӕ «Ахъуыды кӕн...», ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у ахъуыды кӕнын, цы хабӕртты кой дзы цӕуы ӕмӕ дзы цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма чиныджы ис рӕсугъд нывтӕ дӕр. Уыцы нывты ис бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ фенӕн, стӕй бӕрӕг у, нывгӕнӕг уыцы хабӕрттӕ бӕстон кӕй раиртӕста. Уыдӕтты фӕрцы хабӕрттӕ нӕ цӕстытыл ирдӕй ауайынц.
3. Ацы чиныг нын пайда цӕй фӕрцы ӕрхӕсдзӕн?
3 Пайда дын цӕй фӕрцы ӕрхӕсдзӕн. Чиныджы райдианы Разамонӕг советы писмойы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Хабӕрттӕ-иу уӕ цӕстытыл ауайын кӕнут. Бамбарут-иу, кӕй тыххӕй дзы кӕсат, уыдонмӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзындаид, ӕмӕ-иу фенут, уыдон цытӕ уыдтой, уый. Ахъуыды-иу кӕнут, алыхуызон уавӕрты-иу уыдон куыд бакодтой ӕмӕ сымах та куыд бакодтаиккат, ууыл». Цӕстытыл хабӕрттӕ ауайын кӕнын ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ нӕхӕдӕг цыдӕр хабӕрттӕ ӕрымысӕм, фӕлӕ-иу нӕ цӕстытыл Библийы фыст хабӕрттӕ ауайын кӕнӕм ӕмӕ дзы кӕй кой цӕуы, уыдоны бынаты-иу нӕхи сӕвӕрӕм. Уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕг ссарын ӕмӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнын (Неем. 8:8). Ӕрмӕг сӕры райдианӕй нӕ, фӕлӕ кӕцыдӕр дӕлсӕргондӕй ӕвзӕрст куы цӕуа, уӕд уал-иу ӕфсымӕр 30–60 секундмӕ хъусджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, уый размӕ цы ӕрмӕг ӕвзӕрст цыд, уый. Стӕй, рамкӕ «Ахъуыды кӕн...» ӕрмӕгмӕ куы нӕ хауа, уӕд-иу кӕронбӕттӕны ӕфсымӕрӕн йӕ бон уыдзӕн иу кӕнӕ дыууӕ фарстайы раттын, цӕмӕй-иу ӕрмӕг сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной.
4. Чиныг «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут» ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
4 Ацы дуне алы бон дӕр архайы, цӕмӕй нӕ цыфӕндыйӕ дӕр рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд кӕна йе та нын нӕ уырнындзинад фӕцудын кӕна. Ацы чиныг, стӕй нӕ брошюрӕтӕй цы рубрикӕйыл арӕзт у, «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут», зӕгъгӕ, уый дӕр у Йегъовӕйы лӕвар ӕмӕ нын стыр ӕххуыс у, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕна (Иак. 1:17). Цӕй уӕдӕ алы къуыри дӕр фембӕлдтӕм цӕуӕм ӕмӕ, ацы чиныг иумӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алы хатт дӕр дзуапп дӕттӕм!