Иннӕты куы уарзӕм, уӕд фылдӕр нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕты хорзыл хъуыды кӕндзыстӕм
Иннӕты кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?
Мах не ’ппӕт дӕр стӕм фыццаг адӕймаджы, Адамы, байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, стӕм иу бинонтӕ. Бинонтӕ хъуамӕ кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕной. Фӕлӕ абон бирӕ бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал ис. Нӕ уарзӕгой Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ уа.
СЫГЪДӔГ ФЫСТАД УАРЗОНДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ДЗУРЫ
«Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (ЛЕВИТ 19:18).
«Уарзут уе знӕгты» (МАТФЕЙЫ 5:44).
ИННӔТЫ КӔЙ УАРЗӔМ, УЫЙ ЦӔМӔЙ УЫДЗӔН БӔРӔГ?
Хуыцау йӕ Ныхасы, 1 Коринфӕгтӕм 13:4–7 стихты, ныффыссын кодта, уарзондзинад цы хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг, уый тыххӕй.
«Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ».
Ахъуыды кӕн: иннӕтӕ демӕ фӕразон куы вӕййынц, хӕлар зӕрдӕ дӕм куы фӕдарынц ӕмӕ, куы фӕрӕдийыс, уӕд дӕм куы не смӕсты вӕййынц, уӕд дын ӕхсызгон нӕ вӕййы?
«Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны».
Ахъуыды кӕн: иннӕтӕ дӕм хӕлӕг куы фӕкӕнынц, уӕд уымӕ цы цӕстӕй фӕкӕсыс?
Уарзондзинад, «йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны».
Ахъуыды кӕн: иннӕтӕ дын дӕ хъуыдыйӕн куы фӕаргъ кӕнынц ӕмӕ алы хатт сӕ ныхасыл куы нӕ ныллӕууынц, уӕд дын ӕхсызгон нӕ вӕййы?
Уарзондзинад, «ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы».
Ахъуыды кӕн: Хуыцау зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕны, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн. Уый нын «нӕ рӕдыдтытӕ... ӕдзух нӕ дардзӕн нӕ цӕстмӕ, ӕнустӕм нӕм нӕ мӕсты кӕндзӕн» (Псалом 103:9). Кӕй фӕхъыг кӕнӕм, уыдон нын куы ныххатыр кӕнынц, уӕд нын уый ӕхсызгон куыннӕ вӕййы. Уӕдӕ-иу нӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу ын мах дӕр хъуамӕ зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнӕм (Псалом 86:5).
Уарзондзинад, «раст цы нӕу, ууыл нӕ цин кӕны».
Ахъуыды кӕн: исты ӕвзӕр хабар ныл куы ’рцӕуа, уӕд нӕ кӕцӕй фӕндид, цӕмӕй ууыл исчи цин кӕна. Уӕдӕ искӕуыл исты куы ’рцӕуа, уӕд-иу мах дӕр хъуамӕ ууыл ма цин кӕнӕм, суанг не ’фхӕрджытӕ куы уой, уӕд дӕр.
Цӕмӕй Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕты уарзӕм, цыфӕнды кары ӕмӕ адӕмыхаттӕй ма уой ӕмӕ цыфӕнды диныл хӕст ма уой, уӕддӕр. Нӕ уарзондзинад ма нӕ бон у ӕвдисын, зӕгъӕм, ӕххуысхъуаг адӕймаджы фарсмӕ-иу куы балӕууӕм, уымӕй.