Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr18 октябрь 1–13 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • 1–7 ОКТЯБРЫ
  • 8–14 ОКТЯБРЫ
  • 15–21 ОКТЯБРЫ
  • 22–28 ОКТЯБРЫ
  • 29 ОКТЯБРЫ – 4 НОЯБРЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2018
mwbr18 октябрь 1–13 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

1–7 ОКТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОАННЫ 9, 10

«Чырысти йӕ фыстыл тыхсы»

(Иоанны 10:1–3) Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: фысдонмӕ дуарыл чи нӕ бацӕуы, фӕлӕ ӕндӕр кӕуылдӕрты чи бабыры, уый у давӕг ӕмӕ абырӕг. 2 Дуарыл чи бацӕуы, уый та у фыстӕн сӕ фыййау. 3 Фыййауӕн дуаргӕс дуар бакӕны, ӕмӕ фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕсмӕ. Уый йӕ фыстӕм сӕ номӕй фӕдзуры ӕмӕ сӕ ӕддӕмӕ ракӕны.

(Иоанны 10:11) Ӕз дӕн хорз фыййау. Ӕмӕ хорз фыййау йӕ уд дӕтты фысты сӕрвӕлтау.

(Иоанны 10:14) Ӕз та дӕн хорз фыййау, ӕз зонын мӕ фысты, стӕй мӕ мӕ фыстӕ дӕр зонынц.

nwtsty, нывтӕ

Фысдон

Фысдон уыди ӕхгӕд бынат. Уым-иу фыййау йӕ фысты ӕхсӕв бакодта, цӕмӕй сӕ давджытӕй ӕмӕ сырдтӕй бахъахъхъӕдтаид. Раджы заманты фысдӕттӕ алыхуызӕттӕ арӕзтой ӕмӕ-иу арӕх уыдысты дурӕй конд. Сӕ сӕр-иу ӕмбӕрзт нӕ уыд ӕмӕ-иу дзы уыди иу дуар (Нм 32:16; 1См 24:3; Сф 2:6). Иоанн ныффыста, фысдоны дуар дуаргӕс кӕй хъахъхъӕдта (Ин 10:1, 3). Хатт-иу фысдоны уыди цалдӕр дзуджы, ӕмӕ-иу сӕ ’хсӕв дуаргӕс хъахъхъӕдта. Райсомӕй-иу фыййӕуттӕн дуар байгом кодта, ӕмӕ-иу алы фыййау дӕр йӕ дзугмӕ фӕдзырдта. Фыстӕ-иу ын йӕ хъӕлӕс базыдтой ӕмӕ-иу ӕм бацыдысты (Ин 10:3–5). Ацы цӕвиттоны фӕрцы Чырысти бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтыл кӕй тыхст, уый (Ин 10:7–14).

bw510 7, 8 фф., 5 абз.

Чырыстон бинонтӕ, «цырддзаст ут»!

5 Фыййау йӕ фысты тыххӕй алцыдӕр фӕзоны, фыстӕ дӕр фӕзонынц сӕ фыййауы ӕмӕ йыл феууӕндынц. Базонынц ын йӕ хъӕлӕс дӕр ӕмӕ йӕ фӕдыл фӕцӕуынц. «Ӕз зонын мӕ фысты, стӕй мӕ мӕ фыстӕ дӕр зонынц»,– загъта Йесо. Алы ӕмбырд дӕр цы уавӕры ис, уый Чырысти хорз зоны. «Зонын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны «тынг хорз зонын». О, нӕ Хорз Фыййау йӕ фыстӕй алкӕйдӕр хорз зоны: сӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ, сӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ цӕмӕй тыхсынц, уый. Нӕ Хорз Фыййау Йесо йӕ фыстӕй алкӕйдӕр уыны, раст цыма йӕ армытъӕпӕныл сты, афтӕ. Фыстӕ дӕр ӕй хорз зонынц, ӕууӕндынц ыл ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕуынц.

(Иоанны 10:4, 5) Йӕ фысты иууылдӕр ӕддӕмӕ куы ракӕны, уӕд сӕ разӕй ацӕуы, уыдон та фӕцӕуынц йӕ фӕдыл, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс зонынц. 5 Ӕцӕгӕлоны фӕдыл та ницы хуызы ацӕудзысты, фӕлӕ дзы алидздзысты, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгӕлӕттӕн сӕ хъӕлӕс нӕ зонынц.

w02 1/9 25 ф., 18 абз.

«Ӕнӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй сын ницы дзырдта»

18 Фыстӕ фыййауы фӕстӕ цӕмӕн фӕцӕуынц? «Уымӕн ӕмӕ [йын] зонынц йӕ хъӕлӕс»,– загъта Йесо (Иоанны 10:4). Цымӕ фыстӕ сӕ фыййауы хъӕлӕс ӕцӕгӕйдӕр фӕзонынц? Джордж А. Смит йӕхи цӕстӕй цы федта, уый тыххӕй фыссы йӕ чиныджы: «Иуӕй-иухатт-иу ӕмбисбон нӕ фӕллад уагътам, ӕртӕ кӕнӕ цыппар фыййауы-иу сӕ фысты кӕдӕм ӕрбатардтой, уыцы иудейаг цъайтӕй иуы цур. Дзугтӕ-иу иууылдӕр схӕццӕ сты, ӕмӕ-иу дис кодтам, фыййӕуттӕ ма сӕ фысты куыд равзардзысты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ-иу фыстӕ дон куы банызтой ӕмӕ-иу сӕхицӕн куы фӕхъазыдысты, уӕд-иу фыййӕуттӕй иутӕ иуырдӕм ацыдысты, иннӕтӕ та – иннӕрдӕм, ӕмӕ-иу сӕ алчидӕр йӕхирдыгонау сидт йӕ фыстӕм. Уыйадыл, кӕд фыстӕ иууылдӕр иумӕ уыдысты, уӕддӕр-иу сӕ алчидӕр ацыд йӕ фыййауы фӕдыл. Дзугтӕ-иу куыд ӕрӕмбырд сты, афтӕ-иу фӕстӕмӕ дӕр апырх сты» («The Historical Geography of the Holy Land»). Йесо йӕ хъуыды зӕгъынӕн амӕй хуыздӕр цӕвиттон цы ссардтаид?! Кӕд ын йӕ ахуырӕдтӕ нӕ зӕрдӕмӕ исӕм ӕмӕ йын йӕ амындтӕм хъусӕм, уӕд ныл «хорз фыййауау» уыдзӕн ӕнувыд ӕмӕ ныл ауддзӕн (Иоанны 10:11).

(Иоанны 10:16) Мӕнӕн ма ис ӕндӕр фыстӕ дӕр – уыдон ацы кӕртӕй не сты. Ӕмӕ мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон хъусдзысты мӕ хъӕлӕсмӕ. Ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын уыдзӕн иу фыййау.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 10:16 стихмӕ

ӕрбакӕнын Кӕнӕ «кӕнын». Ам цы грекъаг дзырдӕй спайда кодтой а́го, зӕгъгӕ, уый контекстмӕ гӕсгӕ ис ратӕлмац кӕнӕн «ӕрбакӕнын» кӕнӕ «фӕдыл кӕнын». Грекъаг ӕвзагыл иу къухфысты Иоанны Евангелийы (н. э. иу-200 азмӕ ’ввахс) ӕмбӕлы уый хуызӕн грекъаг дзырд (сина́го) ӕмӕ йӕ арӕх фӕтӕлмац кӕнынц «ӕмбырд кӕнын». Йесо у Хорз Фыййау, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ацы кӕрты фысты (Лк 12:32 ма хуынд сты «гыццыл дзуг») ӕмӕ иннӕ фысты дӕр ӕмбырд кӕны, разамынд сын дӕтты, хъахъхъӕны сӕ ӕмӕ сӕ ’фсады. Уыцы фыстӕ сты иу дзуг ӕмӕ сын ис иу фыййау. Ацы цӕвиттонӕй Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн иудзинад кӕй уыдзӕн.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Иоанны 9:38) Уӕд лӕг загъта: «Ӕууӕндын ыл, Хицау». Ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 9:38 стихмӕ

йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд Кӕнӕ «ныллӕг акуывта; скад кодта». Грекъаг мивдисӕг проскине́о-йӕ фӕпайда кӕнынц, дзырд Хуыцауӕн кувыныл куы фӕцӕуы, уӕд (Мф 4:10; Лк 4:8). Фӕлӕ ацы стихы дзырд ууыл цӕуы, ӕмӕ куырмӕй чи райгуырд, уыцы нӕлгоймаджы Йесо куы сдзӕбӕх кодта, уӕд бамбӕрста, Йесо Хуыцауы ӕрвыст кӕй у, ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд. Уый Йесойы Хуыцауыл нӕ нымадта. Фӕлӕ бамбӕрста, пехуымпарӕдты кӕй тыххӕй уыд загъд, уыцы «Адӕймаджы Фырт», Хуыцау бартӕ кӕмӕн радта, уыцы Мессийӕ кӕй у (Ин 9:35). Йесойы раз йӕ зонгуытыл кӕй ӕрхауд, уым диссагӕй ницы уыд. Дзуттаг Фыстытӕй базонӕн ис, адӕм-иу пехуымпарты, паддзӕхты ӕмӕ, Хуыцауы номӕй чи дзырдта, уыдоны раз сӕ зонгуытыл кӕй ӕрхаудысты (1См 25:23, 24; 2См 14:4–7; 1Пд 1:16; 2Пд 4:36, 37). Адӕм-иу Йесойы раз сӕ зонгуытыл арӕх ӕрхаудысты, цӕмӕй-иу равдыстаиккой, Хуыцауы хъаруйы фӕрцы цы диссӕгтӕ арӕзта, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй уыдысты (Мф 2:2; 8:2; 14:33; 15:25).

(Иоанны 10:22) Уыцы рӕстӕг Иерусалимы уыд Кувӕндон нывонд кӕныны бӕрӕгбон. Уый уыди зымӕджы.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 10:22 стихмӕ

Кувӕндон нывонд кӕныны бӕрӕгбон Уыцы бӕрӕгбон ма хуыйны Ханука (дзут. ханукка́) ӕмӕ нысан кӕны «нывонд кӕнын». Уыцы бӕрӕгбон бӕрӕг кодтой аст боны ӕмӕ-иу райдыдта 25 кислевы, декабры кӕронмӕ ’ввахс (кӕс «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 19 хай). Уыцы бӕрӕгбон-иу бӕрӕг кодтой, Иерусалимы Йегъовӕйӕн кувӕндон н. э. размӕ 165 азы ногӕй кӕй снывонд кодтой, уый номыл. Уыцы кувӕндон сириаг паддзах Антиох IV (Эпифан) фӕчъизи кодта. Уымӕй равдыста, дзуттӕгты Хуыцау Йегъовӕйы кӕй ницӕмӕ дардта. Зӕгъӕм, раздӕр алы бон дӕр судзинаг нывӕндтӕ цы стыр нывондхӕссӕныл хастой, уый сӕрыл нывондхӕссӕн сарӕзта. Цӕмӕй Йегъовӕйы кувӕндон бынтондӕр фегад кодтаид, уый тыххӕй йыл н. э. размӕ 168 азы 25 кислевы Антиох нывондӕн хуы ӕрхӕссын кодта ӕмӕ йын йӕ бас кувӕндоны къултыл баппырх кӕнын кодта. Йӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ кувӕндоны кулдуӕрттӕ басыгътой, сауджынты уӕттӕ ныппырх кодтой ӕмӕ сызгъӕрин нывондхӕссӕн, нывонд дзулты стъол ӕмӕ сызгъӕрин цырагъдарӕн ахастой. Уый фӕстӕ Антиох Йегъовӕйы кувӕндон снывонд кодта мӕнг хуыцау Зевсӕн. Дыууӕ азы фӕстӕ Иудӕ Маккавей горӕт ӕмӕ кувӕндон фӕстӕмӕ байста. Кувӕндон куы ссыгъдӕг кодтой, уӕд ӕй н. э. размӕ 165 азы 25 кислевы ногӕй Йегъовӕйӕн снывонд кодтой – Антиох дзы Зевсӕн нывонд куы ӕрхаста, уымӕй ӕртӕ азы фӕстӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ та кувӕндоны Йегъовӕйӕн алы бон дӕр судзинаг нывӕндтӕ хастой. Библийы комкоммӕ фыст нӕй, Иудӕ Маккавей Йегъовӕйы фӕрцы кӕй фӕуӕлахиз ӕмӕ кувӕндон йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ кӕй сцалцӕг кодта. Фӕлӕ-иу Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кодта, ӕндӕр адӕмтӕй кӕй равзӕрста, уыцы адӕймӕгты уылты, зӕгъӕм, Персы паддзах Киры уылты (Ис 45:1). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иудӕ Маккавейы уылты дӕр архайдта, уымӕн ӕмӕ уый уыди, йӕхи йын чи снывонд кодта, уыцы адӕмӕй. Библийӕ бӕрӕг у, кувӕндон кӕй хъуыди, цӕмӕй сӕххӕст уыдаиккой Мессийӕйы тыххӕй, йӕ лӕггады тыххӕй ӕмӕ, йӕхи нывондӕн кӕй хъуамӕ ӕрхастаид, уый тыххӕй пехуымпарӕдтӕ. Стӕй ма дзы левиттӕ хъуамӕ нывӕндтӕ хастаиккой, цалынмӕ Мессийӕ адӕмы тыххӕй ӕппӕты стырдӕр нывонд не ’рхастаид – йӕ цард нӕ радтаид, уӕдмӕ (Дан 9:27; Ин 2:17; Дзт 9:11–14). Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты Кувӕндон нывонд кӕныны бӕрӕгбон бӕрӕг кӕнын нӕ хъуыд (Кл 2:16, 17). Фӕлӕ афтӕ фыст дӕр никуы ис, ӕмӕ Чырысти кӕнӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы бӕрӕгбон бӕрӕг кӕныны ныхмӕ уыдысты.

Библийӕ бакӕсинаг

(Иоанны 9:1–17) Йесо куы фӕцӕйцыд, уӕд федта, куырмӕй чи райгуырд, ахӕм адӕймаджы. 2 Ӕмӕ йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, чи сарӕзта тӕригъӕд, ацы адӕймаг ӕви йӕ ныййарджытӕ? Куырмӕй цӕмӕн райгуырд?» 3 Йесо сын дзуапп радта: «Ацы адӕймаг нӕдӕр йӕхӕдӕг сарӕзта тӕригъӕд, нӕдӕр йӕ ныййарджытӕ, фӕлӕ афтӕ уый тыххӕй у, цӕмӕй адӕм Хуыцауы хъуыддӕгтӕ феной. 4 Цалынмӕ бон у, уӕдмӕ хъуамӕ кӕнӕм, мӕн чи рарвыста, уый хъуыддӕгтӕ. Ӕрцӕуы ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ничиуал ницы сараздзӕн. 5 Цалынмӕ ӕз дунейы дӕн, уӕдмӕ дунейӕн дӕн рухс». 6 Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд зӕхмӕ ӕрту кодта, сыджыт йӕ сӕтимӕ азмӕста, стӕй дзы уыцы лӕджы цӕстытӕ байсӕрста 7 ӕмӕ йын загъта: «Ацу ӕмӕ дӕхи ныхс Силоамы найӕны» («Силоам» нысан кӕны «гуылф чи кӕны, уый»). Уый дӕр ацыд, йӕхи дзы ныхсадта ӕмӕ цӕстӕй ракаст, ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт. 8 Ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕ, стӕй, раздӕр мӕгуыргур кӕй уыд, уый чи зыдта, уыдон дзырдтой: «Ай, мӕнӕ-иу ам чи бадт, уыцы мӕгуыргур нӕу?» 9 Ӕмӕ сӕ иутӕ загътой: «О, уый у». Иннӕтӕ та дзырдтой: «Нӕ, уый нӕу, фӕлӕ уый хуызӕн у». Уыцы лӕг сын йӕхӕдӕг та загъта: «Ӕз уый дӕн». 10 Ӕмӕ йӕ фӕрсын райдыдтой: «Цӕстӕй куыд ракастӕ?» 11 Уый сын дзуапп радта: «Йесо кӕй хонынц, уыцы адӕймаг сыджыт сӕтимӕ азмӕста, мӕ цӕстытӕ мын дзы байсӕрста ӕмӕ мын загъта: „Ацу Силоаммӕ ӕмӕ дзы дӕхи ныхс“. Ӕмӕ ӕз дӕр ацыдтӕн, мӕхи дзы ныхсадтон ӕмӕ цӕстӕй ракастӕн». 12 Ӕмӕ йӕ уӕд бафарстой: «Кӕм ис уыцы адӕймаг?» Уый та сын загъта: «Нӕ йӕ зонын». 13 Гъемӕ, раздӕр куырм чи уыд, уыцы лӕджы фарисейтӕм акодтой. 14 Йесо сыджытӕй змӕст куы скодта ӕмӕ йӕ цӕстӕй куы ракӕсын кодта, уыцы бон та уыди сабат. 15 Ӕмӕ та йӕ фарисейтӕ дӕр фӕрсын райдыдтой, цӕстӕй куыд ракастӕ, зӕгъгӕ. Уый та сын загъта: «Уыцы адӕймаг мын мӕ цӕстытӕ сыджыты змӕстӕй байсӕрста, уый фӕстӕ мӕхи ныхсадтон, ӕмӕ ныр цӕстӕй уынын». 16 Уӕд фарисейтӕй чидӕртӕ дзурын райдыдтой: «Уыцы адӕймаг Хуыцауӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ сабаты ӕгъдау халы». Иннӕтӕ та дзырдтой: «Тӕригъӕдджын адӕймаг ахӕм диссӕгтӕ куыд хъуамӕ араза?» Гъемӕ сӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ систы. 17 Ӕмӕ уӕд куырм лӕджы ногӕй бафарстой: «Уыцы адӕймаг дӕ цӕстӕй ракӕсын кодта, ӕмӕ дзы цы зӕгъдзынӕ?» Ӕмӕ лӕг загъта: «Уый пехуымпар у».

8–14 ОКТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОАННЫ 11, 12

«Чырыстийау тӕригъӕдгӕнаг ут»

(Иоанны 11:23–26) Йесо йын загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн». 24 Уӕд ын Марфӕ загъта: «Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн фӕстаг бон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд». 25 Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард. Мӕныл чи ’ууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн. 26 Удӕгас чи у ӕмӕ мӕныл чи ’ууӕнды, уый та никуы амӕлдзӕн. Уырны дӕ уый?».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 11:24, 25 стихтӕм

Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн Марфӕ афтӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ Чырысти дзуры, фидӕны, фӕстаг бон, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй. Марфӕ ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уымӕй фӕзминаг у. Уыцы рӕстӕг дины разамонджыты, хуыдтой ма сӕ саддукейтӕ дӕр, райгасдзинадыл не ’ууӕндыдысты, кӕд уый тыххӕй Фыстады бӕлвырд фыст уыд, уӕддӕр (Дан 12:13; Мч 12:18). Фарисейты та уырныдта, уд кӕй нӕ мӕлы. Фӕлӕ Марфӕ зыдта, Чырысти райгасдзинады тыххӕй кӕй дзырдта ӕмӕ ма цалдӕр адӕймаджы дӕр кӕй райгас кодта, кӕд, кӕй райгас кодта, уыдонӕй иу дӕр, Лазӕр цал боны уыд мард, уал боны нӕ уыд мард, уӕддӕр.

Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард Чырысти кӕй амард ӕмӕ кӕй райгас, уый фӕрцы мӕрдтӕ райгас уыдзысты. Чырысти куы райгас, уӕд ын Йегъовӕ ахӕм хъару радта, цӕмӕй мӕрдты ӕгас дӕр ракӕна ӕмӕ ма сӕ ӕнӕмӕлгӕ цардӕй дӕр схайджын кӕна. Рар 1:18 Чырысти йӕхи хоны «удӕгас» ӕмӕ, «ингӕны дӕгъӕлтӕ» кӕмӕ сты, уый. Уымӕ гӕсгӕ, удӕгӕстӕн ӕмӕ, чи амард, уыдонӕн сӕ фидӕн Чырыстийӕ кӕнгӕ у. Йесо зӕрдӕ бавӕрдта, ингӕнты чи ис, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн – чидӕртӕ дзы йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты, чидӕртӕ та зӕххыл йӕ Паддзахады дӕлбар цӕрдзысты (Ин 5:28, 29; 2Пт 3:13).

(Иоанны 11:33–35) Йесо, Марийӕйы ӕмӕ, йемӕ чи ’рбацыд, уыцы дзуттӕгты кӕугӕ куы федта, уӕд йӕхицӕн дӕр йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ нынкъард, 34 ӕмӕ сӕ бафарста: «Кӕм ӕй бавӕрдтат?» Уыдон ын загътой: «Хицау, рацу ӕмӕ йӕ фен». 35 Ӕмӕ Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 11:33–35 стихтӕм

кӕугӕ Кӕнӕ «ӕрдиаг кӕны». Дзырд «кӕуын» цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кодтой, уый арӕх фӕнысан кӕны хъӕрӕй кӕуын. Ацы дзырдӕй цы мивдисӕг равзӕрд, уый ӕмбӕлы Лк 19:41 стихы. Фыст дзы ис, Чырысти кӕй ныккуыдта, Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты, уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд.

йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ нынкъард Грекъаг тексты ацы дыууӕ дзырды дӕр кӕй сты, уымӕй бӕрӕг у, Чырысти тынг кӕй мӕт кодта. «Йӕ зӕрдӕ суынгӕг» (эмбрима́омаи) цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кодтой, уый амоны, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ исты тынг куы фӕриссын кӕны, куы йын ӕй сӕнкъуысын кӕны, уымӕ. Ацы стих ӕмбарын кӕны, Чырысти афтӕ тынг тыхст кӕй уыд, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг. Дзырд «нынкъард» (тара́ссо), зӕгъгӕ, цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны «катай кӕнын». Иу ахуыргонд ныффыста: «Ам дзырд ууыл цӕуы, ӕмӕ адӕймаджы зӕрдӕ куы скатай вӕййы... куы йын фӕриссы кӕнӕ дзы маст куы бацӕуы». Уыцы мивдисӕг ӕмбӕлы Ин 13:21. Уым дзырд цӕуы, Чырыстийӕн куыд зын уыд, Иудӕ йӕ кӕй ауӕй кӕндзӕн, ууыл (Ин 11:35).

йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты Ам цы грекъаг мивдисӕг ис (дакри́о), уый цы грекъаг номдарӕй равзӕрд, уый фӕтӕлмац кӕнынц, «цӕссыг», зӕгъгӕ. Уыцы дзырд ӕмбӕлы Лк 7:38; Хъд 20:19, 31; Дзт 5:7; Рар 7:17; 21:4. Ӕвӕццӕгӕн, ацы ныхас хъӕрӕй кӕуынмӕ нӕ амоны, фӕлӕ адӕймаг сусӕг куыд кӕй кӕны, уымӕ. Чырыстон Грекъаг Фыстыты ацы мивдисӕг ӕрмӕстдӕр ам ӕмбӕлы ӕмӕ хицӕн кӕны, Ин 11:33 стихы цы мивдисӕгӕй спайда кодтой, уымӕй. Уыцы дзырдӕй равдыстой, Марийӕ ӕмӕ дзуттӕгтӕ куыд куыдтой, уый. Чырысти зыдта, Лазӕры кӕй райгас кӕндзӕн. Фӕлӕ йе ’мбӕлттӕ куыд маст кӕнынц, уый куы федта, уӕд тынг нынкъард. Йе ’мбӕлтты тынг кӕй уарзта ӕмӕ сын тынг кӕй фӕтӕригъӕд кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ цӕссыгтӕ нӕ баурӕдта. Ацы хабарӕй бӕрӕг у, искӕуыл зиан куы ’рцӕуы, уӕд уый Чырыстийӕн зын кӕй вӕййы.

(Иоанны 11:43, 44) Ӕмӕ уыцы ныхӕсты фӕстӕ хъӕрӕй загъта: «Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу!» 44 Ӕмӕ мард рацыд, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ къухтӕ хӕцъилтӕй тыхт, йӕ цӕсгом дӕр хъуымацы гӕбазӕй тыхт, афтӕмӕй. Ӕмӕ сын Йесо загъта: «Райхалут ын йӕ хӕцъилтӕ, цӕмӕй йӕ бон цӕуын уа».

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Иоанны 11:49) Фӕлӕ сын уӕд сӕ иу, Кайафӕ, уыцы аз хистӕр сауджын чи уыди, уый, афтӕ зӕгъы: «Сымах ӕппындӕр ницы зонут».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 11:49 стихмӕ

хистӕр сауджын Израилы паддзахад куы никӕй дӕлбар уыд, уыцы рӕстӕг-иу хистӕр сауджынтӕ лӕггад кодтой сӕ мӕлӕты онг (Нм 35:25). Фӕлӕ ромӕгты дӕлбар куы баисты, уӕд хистӕр сауджынты ӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ сӕ бынатӕй истой Ромы хицауады ӕрвыст сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ. Кайафӕйы Ромы хицауад сӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ хицауадимӕ хорз фидыдта. Ӕмӕ уымӕй фылдӕр хистӕр сауджынӕй ничи лӕггад кодта. Хистӕр сауджынӕй йӕ сӕвӕрдтой н. э. 18 азмӕ ’ввахс ӕмӕ уыцы бынаты уыд н. э. 36 азмӕ ’ввахс. Иоанн афтӕ куы ныффыста, уыцы аз, ома н. э. 33 аз, хистӕр сауджын Кайафӕ уыд, зӕгъгӕ, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ хистӕр сауджыны хӕстӕ ӕхӕст кодта, Чырыстийы куы амардтой, уӕд (кӕс «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 16 хай, Кайафӕйы хӕдзар кӕм уыдаид, уыцы бынат).

(Иоанны 12:42) Уӕвгӕ, Йесойыл адӕмы разамонджытӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты, фӕлӕ фарисейтӕй кӕй тарстысты, уымӕ гӕсгӕ Йесойы тыххӕй ӕргом нӕ дзырдтой, цӕмӕй сӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй ма ратардтаиккой.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 12:42 стихмӕ

разамонджытӕй Ацы дзырд цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кодтой, уый, ӕвӕццӕгӕн, амоны, дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондоны чи лӕггад кодта, уыдонмӕ. Ацы дзырд ӕмбӕлы Ин 3:1, ӕмӕ дзы дзырд цӕуы Никодимыл, сӕйраг тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕй сӕ иуыл.

ӕмбырдгӕнӕнӕй... ратардтаиккой Кӕнӕ «ацух кӕнын». Грекъаг дзырд апосина́гогос ӕмбӕлы ацы стихы ӕмӕ ма Ин 12:42; 16:2. Ӕмбырдгӕнӕнӕй-иу кӕй ратардтой, уыцы адӕймагыл-иу иннӕтӕ сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ-иу ыл былысчъилтӕ кодтой. Ахӕм адӕймаджы бинонтӕн-иу уый сӕ царды уавӕртыл ӕвзӕрырдӕм фӕзынд. Ӕмбырдгӕнӕнтӕ сӕйраджыдӕр уыдысты ахуыр кӕнынӕн, фӕлӕ-иу дзы бынӕттон тӕрхондон дӕр ӕмбырд кодта. Уыцы тӕрхондонӕн йӕ бон уыд ахӕм уынаффӕ рахӕссын, цӕмӕй адӕймаджы фӕнадтаиккой ӕмӕ йыл хъоды бакодтаиккой.

Библийӕ бакӕсинаг

(Иоанны 12:35–50) Йесо та сын загъта: «Рухс ма иу гыццыл уыдзӕн уе ’хсӕн. Уӕдӕ уын цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ рухсы цӕут, цӕмӕй уыл талынг ма фӕтых уа. Талынджы чи цӕуы, уый нӕ зоны, кӕдӕм цӕуы, уый. 36 Цалынмӕ уын рухс ис, уӕдмӕ йыл ӕууӕндут, цӕмӕй рухсы хъӕбултӕ суат». Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд уырдыгӕй ацыд ӕмӕ сӕ йӕхи бамбӕхста. 37 Ӕмӕ кӕд сӕ разы уыйбӕрц диссӕгтӕ сарӕзта, уӕддӕр ыл не ’ууӕндыдысты. 38 Ӕмӕ уымӕй сӕххӕст сты пехуымпар Исайы ныхӕстӕ: «Йегъовӕ, мах цы хабар фехъуыстам, ууыл чи баууӕндыд? Ӕмӕ кӕмӕн раргом Йегъовӕйы цонджы хъару?» 39 Исай ма загъта, сӕ бон баууӕндын цӕуылнӕ уыд, уый тыххӕй дӕр: 40 «Бакуырм сын кодта сӕ цӕстытӕ ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодта, цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма уыной ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма ӕмбарой, ӕмӕ мӕм ма раздӕхой ӕмӕ сӕ ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон». 41 Исай афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ федта Чырыстийы кад, ӕмӕ дзургӕ дӕр Чырыстийы тыххӕй кодта. 42 Уӕвгӕ, Йесойыл адӕмы разамонджытӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты, фӕлӕ фарисейтӕй кӕй тарстысты, уымӕ гӕсгӕ Йесойы тыххӕй ӕргом нӕ дзырдтой, цӕмӕй сӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй ма ратардтаиккой, 43 уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй цы кад цӕуы, уымӕй дӕр фылдӕр уарзтой, адӕм сын кад кодтаиккой, уый. 44 Йесо та хъӕрӕй загъта: «Мӕныл чи ’ууӕнды, уый ӕрмӕст мӕныл не ’ууӕнды, фӕлӕ, мӕн чи рарвыста, ууыл дӕр. 45 Ӕмӕ мӕн чи уыны, уый ӕрмӕст мӕн нӕ уыны, фӕлӕ, мӕн чи рарвыста, уый дӕр. 46 Ӕз дунемӕ уый тыххӕй ӕрцыдтӕн, цӕмӕй йын уон рухс, ӕмӕ цӕмӕй, мӕныл чи ’ууӕнды, уый талынджы мауал уа. 47 Мӕ ныхӕстӕ мын чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕны, уымӕн та ӕз тӕрхон нӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ ӕз уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, цӕмӕй дунейӕн тӕрхон кӕнон, фӕлӕ йӕ цӕмӕй фервӕзын кӕнон. 48 Мӕн чи ницӕмӕ дары ӕмӕ мын мӕ ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг. Ӕз цы дзырдтон, уый йын тӕрхон кӕндзӕн фӕстаг бон, 49 уымӕн ӕмӕ ӕз мӕхи фӕндӕй нӕ дзырдтон, фӕлӕ мын мӕ рарвитӕг Фыд йӕхӕдӕг бафӕдзӕхста, куыд ӕмӕ цы зӕгъон, уый. 50 Ӕмӕ йӕ ӕз зонын, йӕ фӕдзӕхст ӕнусон цардмӕ кӕй кӕны. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, цы дзурын, уый дзурын, мӕ Фыд мын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ».

15–21 ОКТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОАННЫ 13, 14

«Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый»

(Иоанны 13:5) Уый фӕстӕ тасы дон ныккодта ӕмӕ райдыдта йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ ӕхсын ӕмӕ, йӕ астӕуыл цы хисӕрфӕн баст уыди, уымӕй сын сӕ сӕрфта.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 13:5 стихмӕ

йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ ӕхсын Рагон Израилы арӕхдӕр дардтой рог дзабыртӕ (сандалитӕ). Фӕндӕгтӕ ӕмӕ быдыртӕ рыг ӕмӕ цъыф кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ-иу адӕймагӕн йӕ къӕхтӕ счъизи сты. Уазӕг-иу хӕдзармӕ бацӕуыны размӕ йӕ дзабыртӕ раласта ӕмӕ-иу ын фысым йӕ къӕхтӕ ӕнӕмӕнг ныхсадта. Уыцы ӕгъдауы кой Библийы арӕх ис (Рд 18:4, 5; 24:32; 1См 25:41; Лк 7:37, 38, 44). Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ куы ныхсадта, уӕд равдыста, уыдон дӕр кӕрӕдзийӕн кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой.

(Иоанны 13:12–14) Сӕ къӕхтӕ сын куы ныхсадта ӕмӕ йе ’ддаг дарӕс йӕ уӕлӕ куы скодта, уӕд фӕстӕмӕ фынгыл ӕрбадт ӕмӕ сын афтӕ зӕгъы: «Цы уын сарӕзтон, уый ӕмбарут? 13 Сымах мӕн хонут „Ахуыргӕнӕг“ ӕмӕ „Хицау“, ӕмӕ раст кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. 14 Гъемӕ кӕд ӕз, уӕ Хицау ӕмӕ уӕ Ахуыргӕнӕг, сымахӕн уӕ къӕхтӕ ныхсадтон, уӕд сымах дӕр хъуамӕ уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ ӕхсат».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 13:12–14 стихтӕм

хъуамӕ Кӕнӕ «хӕсджын». Ам цы грекъаг мивдисӕг ис, уымӕй арӕх пайда кодтой, дзырд ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгтыл куы цыд, уӕд ӕмӕ сӕйраджыдӕр нысан кодта «кӕмӕйдӕр хӕс дарын; кӕйдӕр раз дыл хӕс уа» (Мф 18:28, 30, 34; Лк 16:5, 7). Ацы стихы ӕмӕ дзы ӕндӕр рӕтты фӕпайда кӕнынц, цӕмӕй равдисой, чидӕр цыдӕр саразын хӕсджын кӕй у (1Ин 3:16; 4:11; 3Ин 8).

(Иоанны 13:15) Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый, цӕмӕй уын ӕз куыд сарӕзтон, афтӕ аразат сымах дӕр.

w99-U 1/3 31 ф., 1 абз.

Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг иннӕты сӕрныллӕгдзинадыл ахуыр кодта

Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ кӕй ныхсадта, уымӕй сӕ сӕрныллӕгдзинадыл ахуыр кодта. Чырыстӕттӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕной, ӕмӕ сын иннӕтӕ хъуамӕ ӕдзух лӕггад кӕной. Стӕй хъуамӕ стыр бынатмӕ ӕмӕ сын иннӕтӕ кад кӕной, уымӕ ма тырной. Уыдон хъуамӕ Чырыстийы фӕзмой. Уый «уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн хъуамӕ лӕггад кӕной, кадджыныл нымад чи нӕу, уыцы хъуыддӕгты дӕр.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Иоанны 14:6) Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 14:6 стихмӕ

Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард Йесо «фӕндаг» уыцы хуызы у, ӕмӕ Хуыцаумӕ Йесойы номӕй куы кувӕм, ӕрмӕстдӕр нын уӕд хъусдзӕн нӕ куывдтытӕ. Йесо ма нын фӕндаг уый тыххӕй у, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы у нӕ бон Хуыцауимӕ бафидауын (Ин 16:23; Ро 5:8). Йесо у «рӕстдзинад», уымӕн ӕмӕ алкӕддӕр дзырдта, раст цы у, уый ӕмӕ цӕргӕ дӕр кодта рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ. Йесо сӕххӕст кодта бирӕ пехуымпарӕдтӕ, ӕмӕ «уый фӕрцы систы „о“» (2Кр 1:20). Уыцы пехуымпарӕдты фӕрцы ӕмбарӕм, Хуыцау йе стыр фӕнд сӕйраджыдӕр Йесойы уылты кӕй ӕххӕст кӕны (Ин 1:14; Рар 19:10). Йесо Чырысти у «цард», уымӕн ӕмӕ мах тыххӕй йӕ цард радта ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон фенын у «ӕцӕг цард», ома «ӕнусон цард» (1Тм 6:12, 19; Еф 1:7; 1Ин 1:7). Йесо «цард» разындзӕн, мард чи у, уыцы милуантӕн дӕр. Уыдон райгас уыдзысты ӕмӕ сын уыдзӕн ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрыны фадат (Ин 5:28, 29).

(Иоанны 14:12) Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: чи мыл ӕууӕнды, уый араздзӕн, ӕз цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон. Ӕмӕ ацы хъуыддӕгтӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр сараздзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 14:12 стихмӕ

ацы хъуыддӕгтӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ Чырысти уый кой нӕ кодта, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, уый цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй диссагдӕр цыдӕр кӕй араздзысты. Уый ӕмбӕрста, уацамынды ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы уыдонӕн фылдӕр кӕй бантысдзӕн – сӕ бон уыдзӕн хъусын кӕнын алы рӕтты, фылдӕр адӕмӕн ӕмӕ фылдӕр рӕстӕг. Чырыстийы ныхӕстӕй бӕрӕг у, кӕй йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ уыцы куыст кодтаиккой.

Библийӕ бакӕсинаг

(Иоанны 13:1–17) Йесо та Куадзӕны бӕрӕгбоны размӕ дӕр зыдта, кӕй ӕрхӕццӕ йӕ рӕстӕг, цӕмӕй ацы дунейӕ йӕ Фыдмӕ ацӕуа. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бауарзта йӕ фӕдылдзӕуджыты, ацы дунейы йын чи уыди, уыдоны, ӕмӕ сӕ уарзта суанг кӕронмӕ. 2 Хӕйрӕг та уӕдмӕ Иудӕ Искариоты, Симоны фырты, зӕрдӕйы сӕвӕрдта Йесойы ауӕй кӕныны хъуыды. Ӕмӕ ӕхсӕвӕры афон 3 Йесо, йӕ Фыд ын ӕппӕт дӕр йӕ къухмӕ кӕй радта ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ Хуыцаумӕ кӕй цӕуы, уый зонгӕйӕ, 4 фынгӕй сыстад ӕмӕ йе ’ддаг дарӕс раласта. Стӕй райста хисӕрфӕн ӕмӕ йӕ йӕ астӕуыл ӕрбабаста. 5 Уый фӕстӕ тасы дон ныккодта ӕмӕ райдыдта йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ ӕхсын ӕмӕ, йӕ астӕуыл цы хисӕрфӕн баст уыди, уымӕй сын сӕ сӕрфта. 6 Симон Петрмӕ куы бахӕццӕ, уӕд ын уый афтӕ зӕгъы: «Хицау, ды мын хъуамӕ мӕ къӕхтӕ ныхсай?» 7 Йесо йын дзуапп радта: «Цы аразын, уый ныртӕккӕ нӕ ӕмбарыс, фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр бамбардзынӕ». 8 Петр та йын загъта: «Никуы мын ныхсдзынӕ мӕ къӕхтӕ». Йесо йын дзуапп радта: «Куы нӕ дын сӕ ныхсон, уӕд дын мемӕ иумӕйагӕй ницы ис». 9 Ӕмӕ йын уӕд Симон Петр загъта: «Хицау, ӕрмӕст мӕ къӕхтӕ нӕ, фӕлӕ мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ сӕр дӕр ныхс». 10 Йесо та йын загъта: «Ӕхсад чи у, уый ӕнӕхъӕнӕй дӕр сыгъдӕг у, ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ йеддӕмӕ ӕхсын ницы хъӕуы. Ӕмӕ сымах дӕр сыгъдӕг стут, фӕлӕ уе ’ппӕт нӕ». 11 Чи йӕ ауӕй кӕндзӕн, уый зыдта, ӕмӕ афтӕ дӕр уымӕн загъта, уе ’ппӕт сыгъдӕг не стут, зӕгъгӕ. 12 Сӕ къӕхтӕ сын куы ныхсадта ӕмӕ йе ’ддаг дарӕс йӕ уӕлӕ куы скодта, уӕд фӕстӕмӕ фынгыл ӕрбадт ӕмӕ сын афтӕ зӕгъы: «Цы уын сарӕзтон, уый ӕмбарут? 13 Сымах мӕн хонут „Ахуыргӕнӕг“ ӕмӕ „Хицау“, ӕмӕ раст кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. 14 Гъемӕ кӕд ӕз, уӕ Хицау ӕмӕ уӕ Ахуыргӕнӕг, сымахӕн уӕ къӕхтӕ ныхсадтон, уӕд сымах дӕр хъуамӕ уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ ӕхсат. 15 Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый, цӕмӕй уын ӕз куыд сарӕзтон, афтӕ аразат сымах дӕр. 16 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕ вӕййы ӕмӕ, кӕй арвитынц, уый дӕр, чи йӕ арвыста, уымӕй уӕлдӕр нӕ вӕййы. 17 Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут».

22–28 ОКТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОАННЫ 15–17

«Сымах та ацы дунейӕ не стут»

(Иоанны 15:19) Ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне уарзид, йӕхиуӕтты куыд уарзы, афтӕ. Сымах та ацы дунейӕ не стут, фӕлӕ уӕ ӕз равзӕрстон ацы дунейӕ, ӕмӕ уӕ уымӕ гӕсгӕ ацы дуне йе сӕфт уыны.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 15:19 стихмӕ

дуне Ацы контексты грекъаг дзырд ко́смос амоны ӕппӕт адӕммӕ дӕр (Хуыцауӕй дард чи у, уыцы фыдгӕнджытӕм). Евангелитӕ чи фыста, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр Иоанн ныффыста, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй афтӕ кӕй загъта, ацы дунейӕ кӕй не сты. Уый тыххӕй ма дыууӕ хатты загъта, йӕ иузӕрдион апостолтимӕ фӕстаг хатт куы куывта, уӕд дӕр (Ин 17:14, 16).

(Иоанны 15:21) Ӕппӕт адӕттӕ та уын кӕндзысты мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ мӕ чи рарвыста, уый нӕ зонынц.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 15:21 стихмӕ

мӕ номы тыххӕй Библийы дзырд «ном» хатт фӕамоны, адӕймагимӕ цыдӕриддӕр баст у, уымӕ ӕмӕ йын иннӕты цӕсты кад ис ӕви нӕ, уымӕ. Ацы стихы ма Чырыстийы ном амоны, йӕ Фыд ын цы бартӕ радта ӕмӕ цавӕр бынат ахсы, уымӕ (Мф 28:18; Фп 2:9, 10; Дзт 1:3, 4). Йесо ацы стихы ныхӕстӕй бамбарын кодта, ацы дунейы адӕм йӕ фӕдылдзӕуджыты ныхмӕ цӕмӕн цӕудзысты: уымӕн ӕмӕ йӕ чи рарвыста, уый нӕ зонынц. Хуыцауы куы зыдтаиккой, уӕд бамбӕрстаиккой, Чырыстийы ном цӕуыл дзурӕг у, уый (Хъд 4:12). Чырыстийы ном ууыл дзурӕг у, Хуыцауы ӕвӕрд Хицау кӕй у, Паддзӕхты Паддзах кӕй у ӕмӕ йӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр кӕй хъуамӕ кадджын кӕной ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй хъуамӕ кӕсой, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уой (Ин 17:3; Рар 19:11–16; абар Пс 2:7–12).

(Иоанны 16:33) Адӕттӕ уын уый тыххӕй дзурын, цӕмӕй мӕ фӕрцы фарнӕй хайджын уат. Ацы дунейы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындзинӕдтӕ, фӕлӕ фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл.

it-U «Мужество»

Хъӕбатырдзинад

Ацы дуне Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй цӕуы ӕмӕ чырыстӕттӕй йе сӕфт кӕй уыны, уымӕ гӕсгӕ алы чырыстоны дӕр хъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй йӕ зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уа ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайа. Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ацы дунейы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындзинӕдтӕ, фӕлӕ фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл» (Ин 16:33). Уый никуы бауагъта, цӕмӕй йыл ацы дуне бандӕвтаид; иу хъуыддагӕй дӕр ацы дунейы хуызӕн не сси ӕмӕ йыл афтӕмӕй фӕуӕлахиз. Чырысти ацы дунейыл кӕй фӕуӕлахиз ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы хъӕбатыр сты, чи йӕ фӕзмы ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕй йӕхи чи хизы, уыдон дӕр (Ин 17:16).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Иоанны 17:21–23) цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕмвӕндӕй архайой. Ды, мӕ Фыд, мемӕ иудзинады куыд дӕ ӕмӕ ӕз та демӕ иудзинады куыд дӕн, афтӕ уыдон дӕр уой немӕ иудзинады, цӕмӕй ацы дуне баууӕнда, ды мӕ кӕй рарвыстай, ууыл. 22 Ӕмӕ ды мӕн куыд скадджын кодтай, афтӕ сӕ ӕз дӕр скадджын кодтон, цӕмӕй, ды ӕмӕ ӕз ӕмвӕндӕй куыд архайӕм, афтӕ уыдон дӕр ӕмвӕндӕй архайой. 23 Ӕз дӕн семӕ иудзинады, ӕмӕ ды та дӕ мемӕ иудзинады, цӕмӕй уыдон алы хъуыддаджы дӕр иудзинады уой, ӕмӕ цӕмӕй дуне зона, ды мӕ кӕй рарвыстай ӕмӕ, мӕн куыд уарзыс, уыдоны дӕр афтӕ кӕй уарзыс.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 17:21–23 стихтӕм

ӕмвӕндӕй Кӕнӕ «иудзинады». Чырысти куывта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмвӕндӕй архайдтаиккой. Чырысти йӕ Фыдимӕ сты ӕмвӕнд, ӕмхуызон хъуыды кӕнынц ӕмӕ се ’хсӕн ис иудзинад (Ин 17:22; Ин 10:30; 17:11). Ахӕм иудзинады кой кӕны Павел 1Кр 3:6–9 стихты – чырыстӕттӕ кӕрӕдзиимӕ дӕр ӕмӕ Хуыцауимӕ дӕр ӕмгуыст кӕнынц.

алы хъуыддаджы дӕр иудзинады уой Ацы стихы Чырысти бамбарын кодта, не ’хсӕн иудзинад кӕй уыдзӕн, нӕ кӕрӕдзийы дӕр ӕмӕ Хуыцауы дӕр куы уарзӕм, уӕд. Кл 3:14 фыст ис: «Уарзондзинад... уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл». Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ чырыстӕттӕ иухуызон свӕййынц – алкӕмӕдӕр сӕ иухуызон курдиӕттӕ фӕзыны ӕмӕ сӕм уыцы иу хъуыддаджы фӕдыл се ’фсарм иухуызон фӕдзуры. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн ис иудзинад, иу хъуыддаг кӕй аразынц, иу цӕуылдӕр кӕй ӕууӕндынц ӕмӕ иннӕты иу цӕуылдӕр кӕй ахуыр кӕнынц, уый фӕрцы (Ро 15:5, 6; 1Кр 1:10; Еф 4:3; Фп 1:27).

(Иоанны 17:24) Мӕ Фыд, уый мӕ фӕнды, ӕмӕ мын кӕй радтай, уыдон дӕр, ӕз кӕм дӕн, уым мемӕ уой, цӕмӕй уыной, куыд мӕ скадджын кодтай, уый. Кадджын та мӕ уымӕн скодтай, ӕмӕ мӕ бауарзтай, дуне куы нӕма уыди, уӕд.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 17:24 стихмӕ

дуне куы нӕма уыди «Нӕма уыди» цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кодтой, уый Дзт 11:11 ратӕлмац кодтой, «зӕнӕг рацӕуа», зӕгъгӕ. Фӕлӕ ацы стихы, ӕвӕццӕгӕн, амоны, Адам ӕмӕ Евӕйӕн сывӕллӕттӕ кӕй райгуырд, уымӕ. Чырысти афтӕ куы загъта, «дуне куы нӕма уыди», зӕгъгӕ, уӕд Авелы кой кодта. Авел уыд, Хуыцау тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны аккагыл кӕй банымадта, уыцы адӕмӕй фыццаг ӕмӕ, йӕ ном «дунейы фӕзындӕй фӕстӕмӕ царды тыхтоны» фыст кӕмӕн ӕрцыд, уыдонӕй фыццаг (Лк 11:50, 51; Рар 17:8). Ацы ныхӕстӕ Йесо загъта, йӕ Фыдмӕ куы куывта, уӕд ӕмӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцау йӕ иунӕггуырд Фырты уарзта, Адам ӕмӕ Евӕйӕн сывӕллӕттӕ куы нӕма уыди, уымӕй бирӕ раздӕр.

Библийӕ бакӕсинаг

(Иоанны 17:1–14) Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо уӕларвмӕ скаст ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, рӕстӕг ӕрцыди. Скадджын кӕн дӕ фырты, цӕмӕй дӕ фырт дӕр дӕу скадджын кӕна. 2 Ды йӕ алкӕмӕн дӕр хицауӕй сӕвӕрдтай, цӕмӕй йын кӕй радтай, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ратта ӕнусон цард. 3 Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы. 4 Ӕз дӕ скадджын кодтон зӕххыл, цы хъуыддаг мын бахӕс кодтай, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кодтон. 5 Ӕмӕ мӕ ныр, мӕ Фыд, скадджын кӕн, ратт мын уый бар, цӕмӕй дӕ фарсмӕ уон ӕмӕ, дуне куы нӕма уыд, уӕд мын цы кад уыди, уыцы кад мын уа. 6 Дунейӕ мын кӕй радтай, уыдонӕн ӕз дӕ ном раргом кодтон. Уыдон дӕу уыдысты, ӕмӕ сӕ ды мӕнӕн радтай, ӕмӕ дын дӕ ныхас сӕххӕст кодтой. 7 Ныр уыдон базыдтой, цыдӕриддӕр мын радтай, уый дӕуӕй кӕй у, 8 уымӕн ӕмӕ мын цы ныхӕстӕ загътай, уыдон сӕм фӕхӕццӕ кодтон, ӕмӕ сыл баууӕндыдысты, ӕмӕ базыдтой, ӕз дӕ номӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, ды мӕ кӕй рарвыстай, уый. 9 Ӕмӕ дӕ уыдоны тыххӕй курын. Дунейы тыххӕй дӕ нӕ курын, фӕлӕ мын кӕй радтай, уыдоны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕу сты, 10 ӕмӕ мӕнмӕ цыдӕриддӕр ис, уый дӕу у, дӕумӕ цыдӕриддӕр ис, уый та мӕн у, ӕмӕ мӕ уыдон скадджын кодтой. 11 Ӕз ацы дунейы нал уыдзынӕн, фӕлӕ уыдон ацы дунейы сты, ӕз та цӕуын дӕумӕ. Мӕ сыгъдӕг Фыд, хъахъхъӕн сӕ дӕ номы тыххӕй, мӕныл кӕй сӕвӕрдтай, уыцы номы тыххӕй, цӕмӕй, ды ӕмӕ ӕз ӕмвӕндӕй куыд архайӕм, афтӕ уыдон дӕр ӕмвӕндӕй архайой. 12 Семӕ куы уыдтӕн, уӕд сӕ ӕз хъахъхъӕдтон дӕ номы тыххӕй, мӕныл кӕй сӕвӕрдтай, уыцы номы тыххӕй. Ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ сӕ иу дӕр нӕ фесӕфт, сафинаг чи уыди, уый йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа, Фыстад цы дзуры, уый. 13 Ныр та цӕуын дӕумӕ, ӕмӕ ма цалынмӕ ацы дунейы дӕн, уӕдмӕ дзурын адӕттӕ, цӕмӕй мӕ цинӕй ӕххӕстӕй хайджын уой. 14 Ӕз сӕм дӕ ныхас фӕхӕццӕ кодтон, фӕлӕ сӕ дуне йе сӕфт федта, уымӕн ӕмӕ ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты.

29 ОКТЯБРЫ – 4 НОЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОАННЫ 18, 19

«Чырысти рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыд»

(Иоанны 18:36) Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд мӕ лӕггадгӕнджытӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй дзуттӕгты къухтӕм лӕвӕрд ма ’рцыдаин. Фӕлӕ мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу».

(Иоанны 18:37) Пилат та йӕ бафарста: «Уӕдӕ паддзах дӕ?» Ӕмӕ йын уӕд Йесо дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй зӕгъыс, ӕз паддзах кӕй дӕн. Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон. Рӕстдзинады фарс чи у, уый мӕм хъусы».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 18:37 стихмӕ

ӕвдисӕн лӕууон Чырыстон Грекъаг Фыстыты дзырдбаст «ӕвдисӕн лӕууын»-ӕй цы грекъаг дзырдтӕ ратӕлмац кодтой, уыдонӕн ис алыхуызон нысаниуӕг. Ацы ныхӕстӕн сӕ хъуыды сӕйрагдӕр у, цавӕрдӕр хъуыддаг искӕй ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕнӕ адӕймаг йӕхӕдӕг фидарӕй цы фӕзоны, уымӕ гӕсгӕ сбӕлвырд кӕнын, стӕй ма сӕ хъуыды у хъусын кӕнын, кӕйдӕр хорзы кой кӕнын. Чырысти рӕстдзинад ӕрмӕст хъусын нӕ кодта, фӕлӕ ма рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕргӕ дӕр кодта. Чырыстийыл сӕххӕст сты, йӕ Фыд уый тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ зӕрдӕвӕрдтӕ загъта, уыдон се ’ппӕт дӕр (2Кр 1:20). Библийы бӕлвырд фыст ӕрцыд, Хуыцаумӕ, йӕ сӕргъы Мессийӕ кӕмӕн ис, уыцы Паддзахады тыххӕй цы фӕнд ис, уый куыд сӕххӕст уыдзӕн. Чырысти зӕххыл куыд цард, уымӕй ӕмӕ йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уымӕй сӕххӕст кодта, уый тыххӕй цыдӕриддӕр пехуымпарӕдтӕ уыд загъд, уыдон, уыимӕ Закъоны бадзырды Чырыстимӕ чи амыдта, уыцы пехуымпар-ныхӕстӕ дӕр (Кл 2:16, 17; Дзт 10:1). Уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Чырысти рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыд ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр.

рӕстдзинады Ацы стихы Чырысти ӕнӕуи рӕстдзинады кой нӕ кодта, фӕлӕ Хуыцауы фӕндты тыххӕй. Хуыцауы фӕнд сӕйраджыдӕр уый мидӕг ис, цӕмӕй Чырысти, «Давиды фырт», уа Хистӕр сауджын ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады Паддзах (Мф 1:1). Чырысти бамбарын кодта, зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй ӕрцыд, цӕмӕй уыцы Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад хъусын кодтаид. Уый тыххӕй хъусын кодтой зӕдтӕ дӕр, Йесойы райгуырды размӕ ӕмӕ, Йесо иудейаг горӕт Вифлеемы (Давид дӕр уым райгуырд) куы райгуырд, уӕд дӕр (Лк 1:32, 33; 2:10–14).

(Иоанны 18:38а) Уӕд ын Пилат загъта: «Рӕстдзинад та цы у?»

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 18:38а стихмӕ

Рӕстдзинад та цы у? Пилат, ӕвӕццӕгӕн, Йесо йын цы рӕстдзинады кой кодта, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕнӕуи рӕстдзинады тыххӕй дзырдта (Ин 18:37). Пилаты уыцы фарстайӕн ӕцӕгдӕр дзуапп базонын куы фӕндыдаид, уӕд ын Чырысти ӕнӕмӕнг дзуапп радтаид. Фӕлӕ Пилат уыцы фарста, ӕвӕццӕгӕн, ӕнӕрвӕссонӕй, ӕнӕуи радта, цыма афтӕ дзырдта: «Рӕстдзинад? Уый та цы у? Рӕстдзинад нӕй!» Пилат дзуапмӕ нӕ банхъӕлмӕ каст, афтӕмӕй дзуттӕгтӕм рацыд.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Иоанны 19:30) Ӕмӕ Йесо туаг сӕнӕй куы федта, уӕд загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» Ӕмӕ йӕ сӕр йӕ риуыл ӕркъул ӕмӕ амард.

bw501 11 ф., 15 абз.

Йесо Хуыцауы рӕстдзинад куыд сбӕлвырд кодта?

15 Йесойы хъӕдыл куы байтыгътой ӕмӕ йӕ уд куы иста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» (Иоан. 19:30). Чырысти йӕ донаргъуыдӕй йӕ мӕлӕты онг Хуыцауы ӕххуысӕй цас цыдӕртӕ сфӕрӕзта! Куы амард, уӕд стыр зӕххӕнкъуыст ӕрцыд ӕмӕ Ромы ӕфсады хицау загъта: «Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыд» (Матф. 27:54). Уый дӕр уыди, Йесойы мӕлӕты аххосджын чи уыд, уыдонӕй ӕмӕ йӕхи цӕстӕй федта, Чырысти йӕхи Хуыцауы Фырт кӕй хуыдта, уый тыххӕй йыл адӕм куыд худтысты, уый. Йесо бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта ӕмӕ сбӕлвырд кодта, Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у. Хуыцауы хицаудзинады фарс чидӕриддӕр лӕууы, уыдоны тыххӕй Сайтан загъта: «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 2:4). Чырысти иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй равдыста, Адам ӕмӕ Евӕйӕн дӕр сӕ бон кӕй уыд иузӕрдионӕй баззайын, уыдонӕн сӕ фӕлварӕн ӕнцондӕр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та, Йесо йӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ йӕ мӕлӕтӕй сбӕлвырд кодта, Йегъовӕйӕ хуыздӕр хицау кӕй нӕй. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11.) Цымӕ ма Йесо Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы исты сӕххӕст? Куыннӕ!

(Иоанны 19:31) Дзуттӕгты нӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕрдтӕ сабатмӕ хъизӕмӕртты хъӕдтыл баззадаиккой, уымӕн ӕмӕ уый уыди стыр сабат, Цӕттӕгӕнӕн бон. Ӕмӕ Пилатӕн загътой, цӕмӕй сын сӕ зӕнгтӕ асастаиккой ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ уырдыгӕй ахастаиккой.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 19:31 стихмӕ

уый уыди стыр сабат Куадзӕны фӕстӕ бон, 15 нисан, алкӕддӕр нымад уыд сабатбоныл, къуырийы бонтӕй кӕцыфӕндымӕ ма ӕрхаудаид, уӕддӕр (Лв 23:5–7). Уыцы сабатбон-иу ӕнӕуи сабатмӕ куы ӕрхауд, (дзуттӕгты нымадмӕ гӕсгӕ къуырийы ӕвдӕм бонмӕ, райдыдта-иу майрӕмбоны изӕрӕй ӕмӕ-иу фӕци сабаты изӕрӕй), уӕд-иу ӕй «стыр сабат» хуыдтой. Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ дыккаг бон уыди ахӕм сабат. Н. э. 29 азӕй 33 азмӕ 14 нисан ӕрмӕстдӕр иу хатт ӕрхауди майрӕмбонмӕ. Уымӕй бӕрӕг у, Чырысти н. э. 33 азы 14 нисаны кӕй амард.

Библийӕ бакӕсинаг

(Иоанны 18:1–14) Йесо уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Кедроны дӕлвӕзы иннӕ фарсмӕ ацыд, ӕмӕ уым дыргъдонмӕ бацыдысты. 2 Уыцы бынат зыдта йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ-иу Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уым арӕх уыди. 3 Гъемӕ Иудӕ йемӕ ракодта ӕфсӕддонты къорд ӕмӕ, сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ фарисейтӕ кӕй рарвыстой, уыцы хъахъхъӕнджыты, ӕмӕ рухсгӕнӕнтимӕ, судзгӕ цырӕгътимӕ ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтимӕ уырдӕм ӕрбацыдысты. 4 Йесо та, цы йыл ӕрцӕудзӕн, уыдӕттӕ зонгӕйӕ, размӕ рацыд ӕмӕ сӕ бафарста: «Кӕй агурут?» 5 Уыдон ын дзуапп радтой: «Назаретаг Йесойы». Ӕмӕ сын загъта: «Уый ӕз дӕн». Семӕ лӕууыд йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр. 6 Фӕлӕ сын афтӕ куы загъта, уый ӕз дӕн, зӕгъгӕ, уӕд фӕстӕмӕ алӕууыдысты ӕмӕ зӕххыл ӕрхаудтой. 7 Ӕмӕ та сӕ ногӕй бафарста: «Кӕй агурут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Назаретаг Йесойы». 8 Ӕмӕ та сын Йесо загъта: «Куы уын загътон, уый ӕз дӕн. Кӕд мӕн агурут, уӕд адоны ауадзут». 9 Афтӕ уымӕн загъта, цӕмӕй сӕххӕст уыдаиккой йӕ ныхӕстӕ, кӕй мын радтай, уыдонӕй иу дӕр нӕ фесӕфт, зӕгъгӕ. 10 Уӕд Симон Петр, цы хъама йӕм уыди, уый фелвӕста, хистӕр сауджыны цагъары дзы ӕрцавта ӕмӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта. Уыцы цагъарӕн йӕ ном хуынди Малх. 11 Фӕлӕ Йесо Петрӕн загъта: «Дӕ хъама йӕ кӕрддзӕмы нывӕр. Ау, мӕ Фыд мын цы къус радта, уый хъуамӕ ма бануазон?» 12 Уӕд ӕфсӕддонтӕ, ӕфсады сӕргълӕууӕг ӕмӕ, дзуттӕгтӕ кӕй рарвыстой, уыцы хъахъхъӕнджытӕ Йесойы ӕрцахстой, сбастой йӕ 13 ӕмӕ уал ӕй фыццаг акодтой Аннӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уый уыди Кайафӕйы каис, ӕмӕ Кайафӕ та уыцы аз хистӕр сауджын уыд. 14 Уый уыди, дзуттӕгтӕн афтӕ чи бауынаффӕ кодта, хуыздӕр уын у, ӕмӕ адӕмы сӕрвӕлтау иу адӕймаг амӕла, зӕгъгӕ, уыцы Кайафӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын