Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr18 ноябрь 1–12 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • 5–11 НОЯБРЫ
  • 12–18 НОЯБРЫ
  • 19–25 НОЯБРЫ
  • 26 НОЯБРЫ – 2 ДЕКАБРЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2018
mwbr18 ноябрь 1–12 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

5–11 НОЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОАННЫ 20, 21

«Адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс?»

(Иоанны 21:1–3) Уый фӕстӕ Тивериадӕйы денджызы былыл Йесо ногӕй фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Хабар та уыди афтӕ. 2 Симон Петр ӕмӕ, Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома ӕмӕ, галилейаг горӕт Канӕйӕ чи уыд, уыцы Нафанаил, стӕй Зеведейы фырттӕ ӕмӕ ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй ноджыдӕр дыууӕйӕ уыдысты иумӕ. 3 Ӕмӕ сын Симон Петр загъта: «Ӕз кӕсаг ахсынмӕ цӕуын». Ӕмӕ йын уӕд иннӕтӕ дӕр загътой: «Мах дӕр демӕ цӕуӕм». Гъемӕ ацыдысты ӕмӕ бӕлӕгъы сбадтысты, фӕлӕ уыцы ӕхсӕв ницы ӕрцахстой.

(Иоанны 21:4–14) Куы ’рбабон, уӕд Йесо лӕууыди былгӕрон, фӕлӕ йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ базыдтой. 5 Ӕмӕ сӕ Йесо бафарста: «Мӕ хъӕбултӕ, хӕринаг уӕм исты ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ницы!» 6 Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Уӕ хыз бӕлӕгъы рахиз фарс баппарут, ӕмӕ ӕрцахсдзыстут кӕсӕгтӕ». Ӕмӕ уыдон дӕр сӕ хыз баппӕрстой, фӕлӕ йӕ сӕ бон фӕстӕмӕ сласын нал уыди, уымӕн ӕмӕ дзы тынг бирӕ кӕсӕгтӕ уыд. 7 Ӕмӕ уӕд, Йесо кӕй уарзта, уыцы ахуыргӕнинаг Петрӕн загъта: «Уый нӕ Хицау у!» Симон Петр уый куы фехъуыста, уӕд йӕ уӕллаг дарӕс йӕ уӕлӕ ӕркодта, уымӕн ӕмӕ йыл ницы уыд, ӕмӕ денджызмӕ ныггӕпп кодта. 8 Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та, кӕсӕгтӕй дзаг хыз сӕ фӕдыл ласгӕйӕ, гыццыл бӕлӕгъы раленк кодтой, уымӕн ӕмӕ былмӕ бирӕ нӕ хъуыди – сӕдӕ метры бӕрц. 9 Фӕлӕ былмӕ куы рахызтысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ арт судзы, зынгтыл та – кӕсӕгтӕ, стӕй дзы уыди дзул дӕр. 10 Ӕмӕ сын Йесо афтӕ зӕгъы: «Цы кӕсӕгтӕ ’рцахстат, уыдонӕй-ма рахӕссут». 11 Симон Петр бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ былмӕ раласта стыр кӕсӕгтӕй дзаг хыз – уыди дзы сӕдӕ фӕндзай ӕртӕ кӕсаджы. Фӕлӕ дзы кӕд уыйбӕрц кӕсаг уыди, уӕддӕр хыз нӕ аскъуыд. 12 Йесо сын загъта: «Рацӕут, бахӕрут». Ахуыргӕнинӕгтӕй йӕ ныфс ничи хаста, цӕмӕй йӕ бафарстаид, чи дӕ, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, сӕ Хицау кӕй у. 13 Йесо бацыд, дзул райста ӕмӕ сӕм ӕй радта, стӕй сын радта кӕсаг дӕр. 14 Йесо мӕрдтӕй куы райгас, уӕдӕй фӕстӕмӕ ныр ӕртыккаг хатт фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм.

(Иоанны 21:15–19) Куы бахордтой, уӕд Йесо Симон Петрӕн афтӕ зӕгъы: «Иоанны фырт Симон, адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс?» Уый йын дзуапп радта: «О, Хицау, куы йӕ зоныс, кӕй дӕ уарзын». Уӕд ын Йесо загъта: «Кӕс мын мӕ уӕрыччытӕм». 16 Дыккаг хатт дӕр та йӕ бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс мӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Хицау, куы йӕ зоныс, кӕй дӕ уарзын». Йесо та йын загъта: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм». 17 Ӕмӕ та йӕ ӕртыккаг хатт дӕр бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт куы бафарста, уарзыс мӕ, зӕгъгӕ, уӕд Петр ӕрӕнкъард ӕмӕ йын загъта: «Хицау, ды алцыдӕр зоныс. Зоныс ӕй, кӕй дӕ уарзын». Ӕмӕ та йын Йесо загъта: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм. 18 Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ӕрыгондӕр куы уыдтӕ, уӕд-иу дӕ астӕу дӕхӕдӕг ӕрбабастай, ӕмӕ дӕ кӕдӕм фӕндыд, уырдӕм-иу ацыдтӕ. Фӕлӕ куы базӕронд уай, уӕд дӕ къухтӕ бадардзынӕ, ӕмӕ дӕ ӕндӕр чидӕр ӕрбабӕтдзӕн ӕмӕ дӕ акӕндзӕн, кӕдӕм дӕ нӕ фӕнды, уырдӕм». 19 Уыцы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, Петр Хуыцауы цавӕр мӕлӕтӕй скадджын кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ загъта: «Дарддӕр дӕр мӕ фӕдыл цу».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 21:15, 17 стихтӕм

Йесо Симон Петрӕн афтӕ зӕгъы Чырысти Петримӕ ныхас кодта, Петр дзы ӕртӕ хатты афтӕ куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Чырыстийы фӕндыд базонын, Петр ӕм цы зӕрдӕ дары, уый ӕмӕ йӕм ӕртӕ хатты уыцы иу фарста радта. Ӕмӕ уый тыххӕй «Петр ӕрӕнкъард» (Ин 21:17). Ин 21:15–17 стихты ис дыууӕ грекъаг мивдисӕджы – агапа́о ӕмӕ филе́о ӕмӕ иронау дыууӕ дӕр нысан кӕнынц уарзын. Чырысти Петры ӕртӕ хатты бафарста: «Уарзыс мӕ?». Ӕмӕ йын Петр ӕртӕ хатты загъта, уарзын дӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын ӕртӕ хатты дӕр Чырысти бамбарын кодта, Петр ӕй кӕй уарзта, уый тыххӕй йын йӕ уӕрыччытӕм кӕнӕ «гыццыл фыстӕм», ома Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕм, кӕй хъуамӕ «кастаид» ӕмӕ сӕ кӕй хъуамӕ «хызтаид» (Ин 21:16, 17; 1Пт 5:1–3). Чырысти Петрӕн фадат радта, цӕмӕй йын ӕртӕ хатты загътаид, кӕй йӕ уарзы, уый ӕмӕ йын уый фӕстӕ йӕ фыстӕм кӕсын бахӕс кодта. Афтӕмӕй Чырысти равдыста, Петр дзы ӕртӕ хатты афтӕ кӕй загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уый йын кӕй ныххатыр кодта.

адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс? Дзырдбаст «адонӕй фылдӕр» ис алыхуызон бамбарӕн. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы дзырдбаст нысан кӕны «Мӕн иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕй фылдӕр уарзыс?» кӕнӕ «Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ мӕ куыд уарзынц, уымӕй мӕ фылдӕр уарзыс?». Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, ацы ныхӕстӕ нысан кӕнынц, ацы хъуыддӕгтӕй мӕ фылдӕр уарзыс, зӕгъгӕ (ома, цы кӕсаг ӕрцахстой, уымӕй кӕнӕ кӕсагахсӕн мигӕнӕнтӕй). Уӕдӕ ацы стихы хъуыды, ӕвӕццӕгӕн, у «Дӕ куыстӕй кӕнӕ мӕ мулкӕй фылдӕр уарзыс? Кӕд о, уӕд мын мӕ гыццыл фыстӕм кӕс». Чырысти Петрмӕ ахӕм фарста дзӕгъӕлы нӕ радта. Кӕд Петр Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй фыццаг уыд (Ин 1:35–42), уӕддӕр йӕ фӕдыл уайтагъд нӕ ацыд, фӕлӕ фӕстӕмӕ кӕсаг ахсын райдыдта. Уыцы куыстыл ын бирӕ рӕстӕг цыд. Ӕмӕ йӕ цалдӕр мӕйы фӕстӕ Чырысти фӕхуыдта адӕмы ахсынмӕ (Мф 4:18–20; Лк 5:1–11). Фӕлӕ Чырысти куы амард, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Петр ацыд кӕсаг ахсынмӕ ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дӕр йемӕ ацыдысты (Ин 21:2, 3). Ӕвӕццӕгӕн, Чырыстийы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Петры ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын хъуыд: царды йын сӕйрагдӕр кӕсаг ахсын уыдзӕн (ӕвӕццӕгӕн, Чырысти ацамыдта, сӕ разы цы кӕсӕгтӕ уыд, уыдонмӕ) ӕви Чырыстийы фыстӕм, ома фӕдылдзӕуджытӕм кӕсын (Ин 21:4–8).

ӕртыккаг хатт Петр Чырыстийӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Чырысти Петрӕн фадат радта, цӕмӕй йын ӕртӕ хатты загътаид, кӕй йӕ уарзы. Петр ын уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ын Чырысти бамбарын кодта, уыцы уарзондзинад бӕрӕг кӕй уыдаид, ӕппӕты ахсджиагдӕр ын йӕ лӕггад куы уыдаид, уӕд. Иннӕ барджын ӕфсымӕртимӕ Петр хъуамӕ Чырыстийы дзугмӕ – йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕм кастаид, фидар сӕ кодтаид ӕмӕ сӕ хызтаид. Уыдон кӕд сыгъдӕг тыхӕй сӕрст уыдысты, уӕддӕр сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнын хъуыди (Лк 22:32).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Иоанны 20:17) Йесо та йын загъта: «Ма мыл хӕц. Ӕз мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ ацу ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ“».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 20:17 стихмӕ

Ма мыл хӕц грекъаг мивдисӕг ха́птомай нысан кӕны «ӕндзӕвын» кӕнӕ «ныххӕцын, уӕгъд нӕ уадзын». Иуӕй-иу тӕлмацты Чырыстийы ныхӕстӕ афтӕ ратӕлмац кодтой: «Ма мыл ӕндзӕв». Фӕлӕ Чырыстийы афтӕ зӕгъын нӕ фӕндыд, цӕмӕй йыл Марийӕ Магдалинӕ ма андзӕвыдаид. Уымӕн ӕмӕ, куы райгас, уӕд ын сылгоймӕгтӕ «йӕ къӕхтыл ныттыхстысты» ӕмӕ сын ницы загъта (Мф 28:9). Ӕвӕццӕгӕн, Марийӕ Магдалинӕ тарст, Чырысти уӕлӕрвтӕм куы ацӕуа, уымӕй. Тынг ӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ Хицауимӕ уыдаид ӕмӕ йыл ныххӕцыд. Цӕмӕй йӕ ӕрсабыр кодтаид, уый тыххӕй йын Чырысти загъта, ма мыл хӕц, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ арвыста цӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фехъусын кодтаид, кӕй райгас, уый.

(Иоанны 20:28) Ӕмӕ уӕд Фома загъта: «Мӕ Хицау ӕмӕ мӕ Хуыцау!».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 20:28 стихмӕ

Мӕ Хицау ӕмӕ мӕ Хуыцау Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы ныхӕстӕ Фома Чырыстийӕн загъта, фӕлӕ ӕцӕгӕй та Хуыцаумӕ, йӕ Фыдмӕ, хаудысты. Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та грекъаг текстӕй бӕрӕг у, ацы ныхӕстӕ Чырыстийӕн кӕй загъта. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр ацы ныхӕсты хъуыды, «мӕ Хицау ӕмӕ мӕ Хуыцау», зӕгъгӕ, хуыздӕр бамбарӕн ис, Библийӕ ӕндӕр скъуыддзӕгтӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд. Контекстӕй бӕрӕг у, Чырысти уый размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй загъта: «Ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ». Уӕдӕ уый зӕгъӕн нӕй, Фома афтӕ кӕй хъуыды кодта, ӕмӕ Чырысти ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у. Фома уый размӕ фехъуыста, Чырысти йӕ «Фыдмӕ» куыд куывта ӕмӕ йӕ «иунӕг ӕцӕг Хуыцау» кӕй схуыдта (Ин 17:1–3). Уӕдӕ, чи зоны, Фома ацы ныхӕстӕ загъта, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы нымадта «хуыцауыл», ӕппӕтхъомысджын Хуыцауыл нӕ, фӕлӕ. (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 1:1 стихмӕ). Уымӕй уӕлдай ма Фома, чи зоны, Чырыстиимӕ ныхас кодта, рагзаманты-иу Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ йе ’рвыст зӕдтимӕ куыд ныхас кодтой, афтӕ. Зӕдтимӕ-иу чи ныхас кодта кӕнӕ-иу уыцы хабӕртты тыххӕй чи фыста, уыдон-иу йемӕ ныхас кодтой, цыма Йегъовӕ Хуыцауӕн йӕхиимӕ ныхас кодтой, афтӕ. (Абар Рд 16:7–11, 13; 18:1–5, 22–33; 32:24–30; Трх 6:11–15; 13:20–22.) Фома Дзуттаг Фыстытӕй уыцы хабӕрттӕ хорз зыдта. Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, Фома Чырыстийы «мӕ Хуыцау» уымӕн схуыдта, ӕмӕ йӕ нымадта, ӕцӕг Хуыцауы номӕй чи дзырдта, уыцы адӕймагыл.

Библийӕ бакӕсинаг

(Иоанны 20:1–18) Къуырийы фыццаг бон та райсомӕй раджы, нырма талынг уыд, афтӕ, Марийӕ Магдалинӕ зӕппадзмӕ ’рбацыд ӕмӕ федта, чидӕр дур зӕппадзмӕ бахизӕнӕй кӕй афӕлдӕхта. 2 Ӕмӕ азгъордта ӕмӕ ’рцыд Симон Петрмӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинагмӕ, Йесо кӕй уарзта, уымӕ, ӕмӕ сын загъта: «Нӕ Хицауы нын зӕппадзӕй ахастой, ӕмӕ йӕ цы фӕкодтой, уымӕн ницы зонӕм». 3 Уӕд Петр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинаг зӕппадзмӕ ацыдысты. 4 Дыууӕйӕ дӕр азгъордтой, фӕлӕ иннӕ ахуыргӕнинаг тагъддӕр згъордта, ӕмӕ Петры разӕй фӕци ӕмӕ зӕппадзмӕ фыццаг бахӕццӕ. 5 Ӕмӕ ӕргуыбыр кодта, мидӕмӕ бакаст ӕмӕ дзы федта хӕцъилтӕ, фӕлӕ мидӕмӕ нӕ бахызт. 6 Уӕдмӕ Симон Петр дӕр йӕ фӕдыл ӕрбахӕццӕ ӕмӕ зӕппадзмӕ мидӕмӕ бахызт. Ӕмӕ дзы федта хӕцъилтӕ, 7 стӕй ма, Йесойы сӕр кӕмӕй уыди тыхт, уыцы хъуымацы гӕбаз дӕр, ӕрмӕст уый хӕцъилтимӕ нӕ уыд, фӕлӕ хицӕнӕй, тыхтӕй ӕвӕрд уыди. 8 Уӕд иннӕ ахуыргӕнинаг дӕр, зӕппадзмӕ фыццаг чи ’рбацыд, уый, мидӕмӕ бахызт. Ӕмӕ уыдӕттӕ куы федта, уӕд ӕй бауырныдта, Марийӕ сын цы загъта, уый. 9 Фыстад афтӕ кӕй зӕгъы, хъуамӕ мӕрдтӕй райгас уа, зӕгъгӕ, уый уӕд нӕма ӕмбӕрстой. 10 Ӕмӕ уыцы дыууӕ ахуыргӕнинаджы фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты. 11 Марийӕ та зӕппадзы цур лӕугӕйӕ баззад ӕмӕ куыдта. Ӕмӕ, кӕугӕйӕ, ӕргуыбыр кодта, зӕппадзмӕ бакӕсон, зӕгъгӕ, 12 ӕмӕ дзы федта дыууӕ зӕды урс дарӕсты. Сӕ иу бадт, Йесойы мард ӕвӕрд кӕм уыди, уым сӕрырдыгӕй, иннӕ та – къӕхтырдыгӕй. 13 Ӕмӕ йӕ зӕдтӕ бафарстой: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс?» Марийӕ сын загъта: «Мӕ Хицауы мын ахастой, ӕмӕ йӕ цы фӕкодтой, уымӕн ницы зонын». 14 Ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд фӕстӕмӕ акаст ӕмӕ федта Йесойы лӕугӕ, фӕлӕ йӕ нӕ базыдта. 15 Ӕмӕ йын Йесо загъта: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс? Кӕй агурыс?» Марийӕ йӕ дыргъдонгӕс фенхъӕлдта, ӕмӕ йын загъта: «Хорз лӕг, кӕд ӕй ды ахастай, уӕд мын ӕй зӕгъ, цы йӕ фӕкодтай, ӕмӕ йӕ ӕз рахӕссон». 16 Уӕд ӕм Йесо сдзырдта: «Марийӕ!» Ӕмӕ уӕд Марийӕ разылд ӕмӕ йын дзуттагау загъта: «Раввуни!» (ома «Ахуыргӕнӕг!») 17 Йесо та йын загъта: «Ма мыл хӕц. Ӕз мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ ацу ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ“». 18 Ӕмӕ Марийӕ Магдалинӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕрбацыд ӕмӕ сын загъта: «Ӕз Хицауы федтон!» Стӕй ма сын радзырдта, уыдӕттӕ йын йӕхӕдӕг кӕй загъта, уый дӕр.

12–18 НОЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ХЪУЫДДӔГТӔ 1–3

«Чырыстон ӕмбырдыл сыгъдӕг тых ӕрцыд»

(Хъуыддӕгтӕ 2:1–8) Фӕндзайӕм бон куы ралӕууыд, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр иу хӕдзары ӕрӕмбырд сты. 2 Ӕмӕ ӕвиппайды уӕларвӕй ахӕм уынӕр ӕрыхъуыст, цыма тыхджын дымгӕ сыстад, ӕмӕ, цы хӕдзары бадтысты, уый уынӕрӕй байдзаг. 3 Ӕмӕ ауыдтой арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕ. Уыцы ӕвзӕгтӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты ӕмӕ дзы алкӕуыл дӕр иу ӕрцыд. 4 Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой, Хуыцау сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй цы ӕвзагыл дзурын кодта, ууыл. 5 Уыцы рӕстӕг Иерусалимы уыдысты, дунейы алы бӕстӕтӕй чи ’рцыд, уыцы уырнӕг дзуттӕгтӕ. 6 Ӕмӕ уынӕр куы райхъуыст, уӕд уыцы хӕдзары раз дуне адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ джихӕй баззадысты, уымӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дзырдтой алкӕмӕн дӕр йӕхи ӕвзагыл. 7 Ӕмӕ сӕ дисӕн кӕрон нал уыди ӕмӕ кӕрӕдзи фарстой: «Ацы адӕм иууылдӕр галилейӕгтӕ не сты? 8 Ӕмӕ нӕ уӕд алкӕмӕн дӕр йӕ мадӕлон ӕвзагыл куыд дзурынц?».

(Хъуыддӕгтӕ 2:14) Уӕд Петр иуӕндӕс апостолимӕ адӕмы размӕ рацыд ӕмӕ сын хъӕрӕй загъта: «Иудейӕйӕ ӕрцӕуӕг адӕм ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ уе ’ппӕт дӕр, лӕмбынӕг мӕм байхъусут ӕмӕ йӕ зонут.

(Хъуыддӕгтӕ 2:37, 38) Уыцы ныхӕстӕ адӕмы зӕрдӕты арф ахызтысты, ӕмӕ Петры ӕмӕ иннӕ апостолты бафарстой: «Ӕфсымӕртӕ, цы кӕнгӕ нын у?» 38 Петр сын загъта: «Цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл донаргъуыд райсӕд. Ӕмӕ уӕд райсдзыстут лӕвар – Хуыцауы сыгъдӕг тых.

(Хъуыддӕгтӕ 2:41) Ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдон донаргъуыд райстой. Уыцы бон ахуыргӕнинӕгтыл бафтыд ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц.

(Хъуыддӕгтӕ 2:42–47) Ӕмӕ уыдон дарддӕр дӕр, апостолтӕ цы амыдтой, уымӕ зӕрдиагӕй хъуыстой, алцӕмӕй дӕр кӕрӕдзийӕн хай кодтой, иумӕ хордтой ӕмӕ ӕдзухдӕр куывтой. 43 Уӕд адӕмы се ’ппӕты дӕр тас бацыд. Хуыцау та апостолты къухӕй ӕвдыста бирӕ диссӕгтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ. 44 Уырнӕг чи сси, уыдон иууылдӕр иумӕ ӕмбырд кодтой ӕмӕ сын алцыдӕр уыд иумӕйаг. 45 Сӕ мулк ӕмӕ сӕ фӕллӕйттӕ уӕй кодтой ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кодтой, чи цы хъуаг ӕййӕфта, уымӕ гӕсгӕ. 46 Ӕмӕ-иу алы бон дӕр кувӕндоны иумӕ ӕрӕмбырд сты. Уыдон кӕрӕдзимӕ цыдысты ӕмӕ сӕ къӕбӕр иумӕ адджынӕн хордтой, цӕстмӕ митӕ сӕм нӕ уыд, 47 ӕмӕ Хуыцауы кадджын кодтой ӕмӕ сӕ уыди ӕппӕт адӕмы хорзӕх. Ӕмӕ сыл Йегъовӕ алы бон дӕр ӕфтыдта, ирвӕзындзинады фӕндагыл-иу чи слӕууыд, ахӕмты.

w09 15/11 18 ф., 4 абз.

Зӕрдиагӕй дӕттӕм

Зӕрдиагӕй ма лӕвӕрдтой Йесо Чырыстийы фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ дӕр. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны донаргъуыд райста 3 мин адӕймаджы бӕрц. Бирӕтӕ сӕ Иерусалиммӕ ’рцыдысты дард рӕттӕй. Йӕ къух кӕй нӕ амыдта, уыдон ма цӕмӕй горӕты ӕрлӕууыдаиккой ӕмӕ сӕ ног дины тыххӕй фылдӕр цыдӕртӕ базыдтаиккой, уый тыххӕй чырыстӕттӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕхца. Ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ сӕ исбон ауӕй кодтой ӕмӕ ӕхца та бахастой апостолтӕм, цӕмӕй сӕ, ӕххуысхъуаг чи уыди, уыдоныл байуӕрстаиккой. Йегъовӕ куыд цин кодтаид, чырыстӕттӕ сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ уарзондзинад ахӕм хуызы кӕй ӕвдыстой, ууыл! (Ап. хъ. 2:41–47).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Хъуыддӕгтӕ 3:15) адӕмы цардмӕ чи кӕны, Уый та амардтат. Фӕлӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах стӕм ӕвдисӕнтӕ.

it-U «Иисус Христос», дӕлсӕргонд «Предводитель жизни», 1 абз.

Йесо Чырысти

«Адӕмы цардмӕ чи кӕны, Уый» Йесо Чырысти йӕ цард адӕмы тыххӕй нывондӕн кӕй радта, уымӕй Йегъовӕ йе стыр хорзӕх равдыста. Уый фӕрцы йе ’взӕрст сӕрст чырыстӕттӕ йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты, иннӕ адӕм та уыцы паддзахады дӕлбар зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты (Мф 6:10; Ин 3:16; Еф 1:7; Дзт 2:5; кӕс НЫВОНД). Афтӕмӕй Чырысти ӕппӕт адӕмӕн сси, «адӕмы цардмӕ чи кӕны, Уый» (Хъд 3:15). Ам цы грекъаг дзырд ис, уый нысан кӕны «хицау». Афтӕ фӕтӕлмац кӕнынц, ахӕм хъуыды кӕмӕн ис, уыцы дзырд дӕр ӕмӕ фӕамоны, Моисей Израилы цы бынат ахста, уымӕ (Хъд 7:27, 35).

(Хъуыддӕгтӕ 3:19) Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ цард аивут, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уат ӕмӕ уӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг ног хъарутӕ бауадза.

w13 15/6 19 ф., 12 абз.

Йегъовӕ у иузӕрдион ӕмӕ хатыргӕнаг Хуыцау

12 Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Уый «зӕрдиагӕй ныххатыр кӕны», ома нын нӕ рӕдыд бынтондӕр ныххатыр кӕны ӕмӕ йӕ ферох кӕны (Ис. 55:7). Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ бынтондӕр кӕй ныххатыр кӕны? Ӕркӕсӕм-ма, уый тыххӕй Хъуыддӕгты 3:19 цы фыст ис, уымӕ. (Бакӕс ӕй.) Апостол Петр йӕ ныхасмӕхъусджыты разӕнгард кодта, зӕгъгӕ, «ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ цард аивут». Тӕригъӕд чи саразы, уый зӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кӕны, уӕд йӕхицӕн фидарӕй фӕзӕгъы, ахӕм тӕригъӕд кӕй нал ракӕндзӕн (2 Кор. 7:10, 11). Уымӕй уӕлдай ма «йӕ цард аивы» – йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзы ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй фӕархайы Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл. Петрмӕ чи хъуыста, уыдон зӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кодтаиккой, уӕд сын уый цы пайда фӕуыдаид? Петр загъта, афтӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕй кӕй «ссыгъдӕг уыдаиккой». Ацы дзырдбаст цы грекъаг дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «ссӕрфын» кӕнӕ «фыстытӕ сыхалын». Уӕдӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд уый афтӕ вӕййы, цыма нын сӕ сӕрфгӕ ныккӕны кӕнӕ сӕ халгӕ скӕны. Ӕцӕгдӕр, Хуыцау нын нӕ рӕдыдтытӕ бынтондӕр ныххатыр кӕны (Дзут. 10:22; 1 Иоан. 1:7).

Библийӕ бакӕсинаг

(Хъуыддӕгтӕ 2:1–21) Фӕндзайӕм бон куы ралӕууыд, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр иу хӕдзары ӕрӕмбырд сты. 2 Ӕмӕ ӕвиппайды уӕларвӕй ахӕм уынӕр ӕрыхъуыст, цыма тыхджын дымгӕ сыстад, ӕмӕ, цы хӕдзары бадтысты, уый уынӕрӕй байдзаг. 3 Ӕмӕ ауыдтой арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕ. Уыцы ӕвзӕгтӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты ӕмӕ дзы алкӕуыл дӕр иу ӕрцыд. 4 Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой, Хуыцау сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй цы ӕвзагыл дзурын кодта, ууыл. 5 Уыцы рӕстӕг Иерусалимы уыдысты, дунейы алы бӕстӕтӕй чи ’рцыд, уыцы уырнӕг дзуттӕгтӕ. 6 Ӕмӕ уынӕр куы райхъуыст, уӕд уыцы хӕдзары раз дуне адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ джихӕй баззадысты, уымӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дзырдтой алкӕмӕн дӕр йӕхи ӕвзагыл. 7 Ӕмӕ сӕ дисӕн кӕрон нал уыди ӕмӕ кӕрӕдзи фарстой: «Ацы адӕм иууылдӕр галилейӕгтӕ не сты? 8 Ӕмӕ нӕ уӕд алкӕмӕн дӕр йӕ мадӕлон ӕвзагыл куыд дзурынц? 9 Мах стӕм парфиӕгтӕ, мидиӕгтӕ, еламӕгтӕ, Месопотамийы цӕрджытӕ, стӕй Иудейӕйы, Каппадокийы, Понты ӕмӕ Азийы, 10 Фригийы, Памфилийы, Египеты ӕмӕ Киренӕмӕ хӕстӕг Ливийы алы рӕтты цӕрӕг адӕм, Ромӕй ӕрцӕуджытӕ, дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдон, 11 критӕгтӕ ӕмӕ аравиӕгтӕ ӕмӕ не ’ппӕт дӕр хъусӕм, Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй нӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл куыд дзурынц, уый». 12 Гъемӕ иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кӕрӕдзи рафӕрс-бафӕрс кодтой: «Ай цы хабар у?» 13 Фӕлӕ сыл чидӕртӕ та худтысты ӕмӕ дзырдтой: «Уыдон уӕртӕ сӕхи адджын сӕнӕй хорз федтой». 14 Уӕд Петр иуӕндӕс апостолимӕ адӕмы размӕ рацыд ӕмӕ сын хъӕрӕй загъта: «Иудейӕйӕ ӕрцӕуӕг адӕм ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ уе ’ппӕт дӕр, лӕмбынӕг мӕм байхъусут ӕмӕ йӕ зонут: 15 ацы адӕм расыг не сты, сымах куыд ӕнхъӕл стут, афтӕ, уымӕн ӕмӕ ныр боны ӕртыккӕгӕм сахат у. 16 Уый у, пехуымпар Иоилы уылты кӕй тыххӕй загъд уыд, уыцы хабар: 17 „Фӕстаг бонты,– зӕгъы Хуыцау,– ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты. Уе ’рыгон лӕппутӕ уындзысты цӕстылуайӕнтӕ, уӕ зӕронд лӕгтӕ та уындзысты фынтӕ. 18 Уыцы бонты мӕ тых ӕруадздзынӕн суанг мӕ цагъар-нӕлгоймӕгтыл ӕмӕ мӕ цагъар-сылгоймӕгтыл дӕр, ӕмӕ уыдон пехуымпариуӕг кӕндзысты. 19 Ӕз арвыл равдисдзынӕн диссӕгтӕ ӕмӕ зӕххыл нысӕнттӕ: туг, арт ӕмӕ фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ. 20 Йегъовӕйы стыр ӕмӕ кадджын бон куы ’рцӕуа, уый размӕ хур баталынг уыдзӕн ӕмӕ мӕй туг фестдзӕн. 21 Фӕлӕ Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн“».

19–25 НОЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ХЪУЫДДӔГТӔ 4, 5

«Хуыцауы ныхас дарддӕр дӕр ныфсджынӕй дзырдтой»

(Хъуыддӕгтӕ 4:5–13) Дыккаг бон Иерусалимы ӕрӕмбырд сты дзуттӕгты разамонджытӕ, хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ, 6 стӕй ма сауджынты хистӕр Аннӕ, Кайафӕ, Иоанн, Алыксандр ӕмӕ сауджынты хистӕрӕн йӕ иннӕ хиуӕттӕ дӕр. 7 Ӕмӕ Петр ӕмӕ Иоанны астӕуӕй ӕрлӕууын кодтой ӕмӕ сӕ фӕрсын райдыдтой: «Уыцы хъуыддаг кӕй хъаруйӕ ӕмӕ кӕй номӕй бакодтат?» 8 Уӕд Петр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын ӕмӕ сын загъта: «Израилы адӕмы разамонджытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ, 9 кӕд нӕ абон уымӕй фӕрсут, ӕмӕ ацы къуылых лӕгӕн уыцы хорздзинад чи ракодта ӕмӕ йӕ чи сдзӕбӕх кодта, 10 уӕд ӕй уе ’ппӕт дӕр зонут, стӕй йӕ зонӕнт ӕгас Израилы адӕм дӕр: ацы лӕг уӕ разы дзӕбӕхӕй лӕууы назаретаг Йесо Чырыстийы номы фӕрцы, сымах хъӕдыл кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау ӕртыккаг бон мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уый номы фӕрцы! 11 Уый у, „сымах, аразджытӕ, ницӕйагыл кӕй банымадтат, фӕлӕ фисыны сӕйраг дур чи сси, уыцы дур“. 12 Стӕй фервӕзӕн дӕр ӕндӕр никӕй фӕрцы ис, уымӕн ӕмӕ арвы бын Хуыцау ӕндӕр никӕмӕн радта ахӕм ном – ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы фервӕздзыстӕм». 13 Петр ӕмӕ Иоанн куыд ныфсджынӕй дзурынц, уый куы федтой, стӕй сӕм ахуырдзинад кӕй нӕй ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм кӕй сты, уый куы бамбӕрстой, уӕд дисы бафтыдысты. Уалынмӕ сӕ базыдтой, уыдон дӕр-иу Йесоимӕ кӕй уыдысты.

w08-U 1/9 15, рамкӕ

Ныхӕстӕй сыгъдӕг фыстытӕм. Ахуырдзинад ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ

Апостолтӕм ӕцӕгдӕр ахуырдзинад нӕ уыд?

Иерусалимы разамонджытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ, «Петр ӕмӕ Иоанн куыд ныфсджынӕй дзурынц, уый куы федтой, стӕй сӕм ахуырдзинад кӕй нӕй ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм кӕй сты, уый куы бамбӕрстой, уӕд дисы бафтыдысты» (Хъуыддӕгтӕ 4:13). Цымӕ апостолтӕм ӕцӕгдӕр ахуырдзинад нӕ уыд? Уый фӕдыл иу чиныджы фыст ис: «Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ Петр ӕмӕ [Иоанмӕ] ахуырдзинад нӕ уыд ӕмӕ кӕсын ӕмӕ фыссын нӕ зыдтой. Фӕлӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ апостолтӕ, тӕрхон сын чи кодта, уыдонӕй хицӕн кодтой, ӕхсӕнады цы бынат ахстой, уымӕй» (The New Interpreter’s Bible).

w08 15/5 31 ф., 1 абз.

Ахсджиаг хъуыдытӕ Хъуыддӕгты чиныгӕй

4:13 – Петр ӕмӕ Иоанн кӕсын ӕмӕ фыссын нӕ зыдтой? Зыдтой. Ахуырдзинад сӕм нӕй ӕмӕ хуымӕтӕг сты, зӕгъгӕ та сӕ загътой, раввинты скъолаты кӕй нӕ ахуыр кодтой ӕмӕ сӕм дины ахуырад кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй.

(Хъуыддӕгтӕ 4:18–20) Ӕмӕ сӕм уӕд фӕдзырдтой ӕмӕ сӕ карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй макуыуал мацы дзырдтаиккой ӕмӕ макӕйуал ахуыр кодтаиккой. 19 Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн загътой: «Уӕхӕдӕг-ма ахъуыды кӕнут, Хуыцаумӕ нӕ, фӕлӕ сымахмӕ куы хъусӕм, уӕд уый Хуыцауы раз раст уыдзӕн? 20 Мах уын зӕгъӕм: цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу».

(Хъуыддӕгтӕ 4:23–31) Куы сӕ рауагътой, уӕд иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ацыдысты ӕмӕ сын радзырдтой, сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ сын хистӕр лӕгтӕ цы загътой, уыдӕттӕ. 24 Уым чи уыд, уыдон уыцы хабӕрттӕ куы фехъуыстой, уӕд иумӕ Хуыцаумӕ скуывтой: «О Дунедарӕг Хуыцау, ды сфӕлдыстай арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый! 25 Ды нӕ фыдӕл Давиды, дӕ лӕггадгӕнӕджы, дӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодтай ӕмӕ уый дзыхӕй загътай: „Цӕуыл змӕнтынц адӕмтӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ цӕмӕн фӕнд кӕнынц, кӕмӕй ницы рауайдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ? 26 Зӕххон паддзӕхтӕ сыстадысты, ӕмӕ хицӕуттӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй рацӕуой Йегъовӕйы ныхмӕ ӕмӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕджы ныхмӕ“. 27 Афтӕ Ирод ӕмӕ Понтий Пилат ӕндӕр адӕмтимӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ ӕрӕмбырд сты ацы горӕты дӕ сыгъдӕг лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ, ды дӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрстай, уый ныхмӕ. 28 Уыдон ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй сӕххӕст кодтаиккой, ды бирӕ раздӕр цы загътай, уый. Ды уыцы хабар ӕрцӕуын кодтай дӕ тыхы фӕрцы, дӕ фӕндмӕ гӕсгӕ. 29 Ӕмӕ сын ныр, о Йегъовӕ, фехъус се ’ртхъирӕнтӕ ӕмӕ дӕ цагъартӕн баххуыс кӕн, дӕ ныхас дын ныфсджынӕй куыд дзурой, 30 уымӕн ӕмӕ ды дӕ тыхӕй дзӕбӕх кӕныс рынчынты, ӕмӕ дӕ сыгъдӕг лӕггадгӕнӕг Йесойы номӕй арӕзт цӕуынц алыхуызон нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ». 31 Ӕмӕ куывд куы фесты, уӕд, кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы хӕдзар банкъуысыд, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй дзырдтой.

it-U «Апостол», дӕлсӕргонд «Деятельность в христианском собрании», 1 абз.

Апостол

Чырыстон ӕмбырд куыд архайдта. Фӕндзайӕм боны апостолтыл сыгъдӕг тых куы ӕрцыд, уӕд тынг бафидар сты. Хъуыддӕгты чиныджы фыццаг фондз сӕрӕй бӕрӕг у, апостолтӕ хорз хабар ӕмӕ, Чырысти кӕй райгас, уый хъӕбатырӕй ӕмӕ ныфсджынӕй кӕй хъусын кодтой. Уый тыххӕй сӕ адӕмы разамонджытӕ ахӕстӕтты кодтой, фӕнадтой-иу сӕ ӕмӕ-иу сӕм ӕртхъирӕн кодтой, амардзыстӕм уӕ, зӕгъгӕ. Фӕндзайӕм боны фӕстӕ апостолтӕ сыгъдӕг тыхы ӕххуысӕй кӕй архайдтой, уый фӕрцы чырыстӕтты нымӕцыл бафтыд (Хъд 2:41; 4:4). Райдианы хъусын кодтой ӕрмӕст Иерусалимы, уый фӕстӕ Самарийы, фӕстӕдӕр та – алы рӕтты (Хъд 5:42; 6:7; 8:5–17, 25; 1:8).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Хъуыддӕгтӕ 4:11) Уый у, „сымах, аразджытӕ, ницӕйагыл кӕй банымадтат, фӕлӕ фисыны сӕйраг дур чи сси, уыцы дур“.

it-U «Краеугольный камень», дӕлсӕргонд «Переносное и символическое значение», 4 абз.

Фисыны дур

118 псаломы 22 стихы фыст ис, аразджытӕ цы дур аппӕрстой, уый «фисыны сӕйраг дур» (дзут. рош пинна́) кӕй хъуамӕ суыдаид. Ацы пехуымпарад Чырысти йӕхимӕ ахаста, ома, «фисыны сӕйраг дур» йӕхӕдӕг уыд (грекъ. кефале́ гони́ас; «ныхы дур») (Мф 21:42; Мч 12:10, 11; Лк 20:17). Хӕдзары уӕллаг дур бӕрӕг куыд фӕдары, афтӕ Чырысти у ӕнӕуынгӕ кувӕндоны – сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды сӕйраг дур. Петр дӕр Псалом 118:22 Чырыстимӕ ахаста ӕмӕ уымӕй бамбарын кодта, адӕм кӕй аппӕрстой, уыцы дур кӕй уыд, фӕлӕ йӕ Хуыцау кӕй равзӕрста ӕмӕ фисыны сӕйраг дур кӕй сси (Хъд 4:8–12; кӕс ма 1Пт 2:4–7).

(Хъуыддӕгтӕ 5:1) Фӕлӕ иу лӕг, Анани, зӕгъгӕ, йӕ ус Сапфирӕимӕ йӕ зӕхх ауӕй кодта.

w13 1/3 15 ф., 4 абз.

Петр ӕмӕ Анани кӕй асайдтой, уымӕй цы ис зондӕн райсӕн?

Анани ӕмӕ йӕ ус Сапфирӕ сӕ зӕхх ауӕй кодтой, цӕмӕй, ӕрӕджы донаргъуыд чи райста, уыдонӕн сӕ зӕххы ӕхца радтаиккой. Анани ӕхца апостолтӕм куы бахаста, уӕд сын загъта, йӕ зӕххы ӕхца иууылдӕр кӕй ӕрбахаста. Фӕлӕ Анани кодта сайгӕ! Ӕхцайӕ цасдӕр йӕхицӕн ныууагъта! Хуыцау уый Петрӕн раргом кодта, ӕмӕ Петр Ананийӕн загъта: «Ды адӕмы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы асайдтай!» Уӕд Анани зӕххыл мардӕй ӕрхауд. Ӕртӕ сахаты фӕстӕ та ӕрбацыд йӕ ус, Сапфирӕ. Йӕ лӕгыл цы ’рцыд, уый нӕ зыдта, ӕмӕ уый дӕр апостолты асайдта, ӕмӕ уыйадыл мардӕй ӕрхауд.

Библийӕ бакӕсинаг

(Хъуыддӕгтӕ 5:27–42) Ӕрбакодтой сӕ Сӕйраг тӕрхондоны галуанмӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрлӕууын кодтой. Ӕмӕ сӕ хистӕр сауджын бафарста: 28 «Карзӕй уын нӕ бафӕдзӕхстам, цӕмӕй уыцы номӕй макӕйуал ахуыр кӕнат? Сымах та Иерусалим уӕ ахуырадӕй байдзаг кодтат ӕмӕ ма уыцы лӕджы туг дӕр махыл сӕвӕринаг стут». 29 Уӕд сын Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ загътой: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ. 30 Нӕ фыдӕлты Хуыцау райгас кодта Йесойы, сымах хъӕдыл кӕй ӕрцауыгътат ӕмӕ кӕй амардтат, уый. 31 Хуыцау ӕй сбӕрзонд кодта ӕмӕ йӕ йӕ рахиз фарс ӕрбадын кодта – скодта йӕ Сӕйраг Разамонӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг, цӕмӕй Израилы адӕмӕн сӕ бон уыдаид ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой. 32 Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕн ӕвдисӕн стӕм мах, стӕй Хуыцауы сыгъдӕг тых дӕр – уыцы тыхӕй Хуыцау схайджын кодта, хицауыл ӕй чи нымайы ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдоны». 33 Уӕд уыцы ныхӕстӕм мӕстӕй рафыхтысты ӕмӕ апостолты марынвӕнд скодтой. 34 Фӕлӕ уӕд иу лӕг, Гамалиил, зӕгъгӕ, фарисей, закъонамонӕг ӕмӕ ӕппӕт адӕмы ’хсӕн нымад лӕг, Сӕйраг тӕрхондоны сыстад ӕмӕ загъта, цӕмӕй апостолты иу гыццыл ӕддӕмӕ акодтаиккой. 35 Уыдонӕн та загъта: «Израилӕгтӕ, дзӕбӕх ахъуыды кӕнут, ацы адӕмӕн цы кӕнынмӕ хъавут, ууыл. 36 Зӕгъӕм, ӕрӕджы фӕзынд Февдӕ, йӕхи номдзыд адӕймаг хуыдта, ӕмӕ йӕм ӕрбаиу цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ йӕ куы амардтой, уӕд, йӕ фӕдыл чи цыд, уыдон алырдӕмты ныххӕлиу сты, ӕмӕ хъуыддаг ууыл фӕци. 37 Уый фӕстӕ та, адӕмы куы фыстой, уыцы рӕстӕг, фӕзынд галилейаг Иудӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл адӕмы асайдта. Фӕлӕ уый дӕр фӕмард, ӕмӕ, йӕ фӕдыл чи цыд, уыдон алы рӕттӕм ныппырх сты. 38 Ӕмӕ уын ныр ӕз зӕгъын: ма хъыгдарут ацы адӕмы, сӕхи бар сӕ уадзут,– уымӕн ӕмӕ кӕд уыцы фӕнд кӕнӕ уыцы хъуыддаг адӕмӕй у, уӕд дзы ницы рауайдзӕн, 39 фӕлӕ кӕд Хуыцауӕй у, уӕд та сын уӕ бон ницы бауыдзӕн бакӕнын,– науӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ цӕут». 40 Уыдон дӕр ын йӕ уынаффӕмӕ байхъуыстой. Ӕмӕ уӕд апостолтӕм фӕдзырдтой, фӕнӕмын сӕ кодтой ӕмӕ сын карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой, ӕмӕ сӕ стӕй ауагътой. 41 Уыдон Сӕйраг тӕрхондонӕй рацыдысты ӕмӕ, Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд баййафыны аккаг кӕй разындысты, ууыл цин кодтой. 42 Ӕмӕ алы бон дӕр кувӕндоны ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕппынӕдзух амыдтой ӕмӕ хъусын кодтой Чырыстийы тыххӕй, Йесойы тыххӕй хорз хабар.

26 НОЯБРЫ – 2 ДЕКАБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ХЪУЫДДӔГТӔ 6–8

«Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд»

(Хъуыддӕгтӕ 6:1) Ахуыргӕнинӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, ӕмӕ уыцы рӕстӕг, ахуыргӕнинӕгтӕй грекъагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕ хъаст кӕнын райдыдтой, дзуттагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ-иу алы бон хӕринаг куы уӕрстой, уӕд-иу сын сӕ идӕдзты ницӕмӕ ӕрдардтой.

bt 46, 47 фф., 17 абз.

«Хуыцау у нӕ Хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм»

17 Ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы ӕмбырдӕн йӕхимидӕг сӕвзӕрд тӕссаг уавӕр, ӕмӕ тӕссаг кӕй у, уый ӕнцонтӕй фенӕн нӕ уыд. Цавӕр уавӕр уыди уый? Ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ донаргъуыд райстой, Иерусалиммӕ куы ’рцыдысты, уӕд ӕмӕ, цалынмӕ сӕхимӕ фӕстӕмӕ нӕ аздӕхтаиккой, уӕдмӕ сӕ фӕндыди чырыстон фӕндаджы тыххӕй фылдӕр базонын. Гъемӕ, Иерусалимы чи цард, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ зӕрдиагӕй лӕвӕрдтой мысайнӕгтӕ, цӕмӕй сӕм хӕринагӕй, ӕмӕ ма сӕ ноджыдӕр цы хъуыди, уыдӕттӕй фӕкастаиккой (Хъуыд. 2:44–46; 4:34–37). Ӕмӕ раст уыцы рӕстӕг сӕвзӕрд зын уавӕр. «Алы бон хӕринаг куы уӕрстой», уӕд-иу, грекъагау чи дзырдта, уыцы идӕдзты «ницӕмӕ ӕрдардтой» (Хъуыд. 6:1). Дзуттагау чи дзырдта, уыцы идӕдзтӕм та нӕ кастысты ахӕм цӕстӕй. Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, хабар уый мидӕг уыди, ӕмӕ иуты иннӕтӕй хъулон кодтой. Ӕмӕ хъулон митӕ та ӕнцонтӕй ӕркӕнынц, адӕм къордтыл дихтӕ кӕнын кӕй райдайынц, уымӕ.

(Хъуыддӕгтӕ 6:2–7) Уӕд дыууадӕс апостолы ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ загътой: «Хуыцауы ныхас ныууадзӕм ӕмӕ фынгты уӕлхъус лӕууӕм ӕмӕ хӕринаг уарӕм, уый раст нӕ уыдзӕн. 3 Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уе ’хсӕнӕй равзарут авд лӕджы, хорз ном кӕмӕн ис, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ зондӕй хайджын чи у, ахӕмты, цӕмӕй ацы ахсджиаг куыст уыдонӕн бахӕс кӕнӕм. 4 Мах та нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ ратдзыстӕм кувынӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас амонынӕн». 5 Сӕ ныхӕстӕ се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр фӕцыдысты, ӕмӕ равзӕрстой Стефаны, фидар уырнындзинады хицау ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын чи уыд, уыцы адӕймаджы, стӕй Филиппы, Прохоры, Никаноры, Тимоны, Пармены ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыцы антиохиаг Николайы. 6 Уыцы лӕгты апостолтӕм ӕрбакодтой, ӕмӕ апостолтӕ скуывтой ӕмӕ сыл стӕй сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой. 7 Хуыцауы ныхас та парахат кодта, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалимы фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Суанг ма сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ систы уырнджытӕ.

bt 47 ф., 18 абз.

«Хуыцау у нӕ Хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм»

18 Апостолтӕ ӕххӕст кодтой ӕмбырды разамонӕг советы хӕстӕ. Ӕмӕ ӕмбырд стырӕй-стырдӕр кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ раст нӕ уыдаид, цӕмӕй апостолтӕ «Хуыцауы ныхас ныууагътаиккой ӕмӕ фынгты уӕлхъус лӕууыдаиккой ӕмӕ хӕринаг уӕрстаиккой» (Хъуыд. 6:2). Гъемӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътой, цӕмӕй равзӕрстаиккой, «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ зондӕй хайджын чи уыд», авд ахӕм лӕджы ӕмӕ уыцы «ахсджиаг куыст» апостолтӕ уыдоны бар бакодтаиккой (Хъуыд. 6:3). Уыцы хъуыддагӕн хъуыди фӕлтӕрд нӕлгоймӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст хӕринаг уарын нӕ хъуыди, фӕлӕ ма ӕхцатимӕ архайын, хойраг ӕлхӕнын ӕмӕ, кӕм цы хардз цыди, уыдӕттӕ бӕстон фыссын дӕр. Кӕй равзӕрстой, уыцы нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыди грекъаг нӕмттӕ. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ уымӕн бакодтой, цӕмӕй, кӕй фӕхъыг кодтой, уыцы идӕдзтӕн ӕнцондӕр уыдаид сӕ ныхасмӕ байхъусын. Апостолтӕ лӕмбынӕг ӕркастысты, кӕмӕй сын загътой, уыцы авд ӕфсымӕры цавӕр адӕймӕгтӕ уыдысты, уымӕ, стӕй Йегъовӕмӕ скуывтой ӕмӕ сӕ уӕд снысан кодтой, цӕмӕй уыцы «ахсджиаг куыст» уыдоны бар бакодтаиккой.

(Хъуыддӕгтӕ 7:58–8:1) Горӕтӕй йӕ ракодтой ӕмӕ йыл дуртӕ цӕвын райдыдтой. Ӕвдисӕнтӕ та се ’ддаг дарӕс ӕрӕвӕрдтой иу лӕппуйы къӕхты раз, хуынди Савл. 59 Стефаныл дуртӕ цавтой, уый та дзырдта: «Хицау Йесо, айс мын мӕ уд». 60 Стӕй йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ хъӕрӕй сдзынӕзта: «Йегъовӕ, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд амард.

8 Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бон райдыдтой Иерусалимы ӕмбырд карзӕй ӕфхӕрын, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр Иудейӕ ӕмӕ Самарийыл ныххӕлиу сты. Ӕрмӕстдӕр ма апостолтӕ баззадысты Иерусалимы.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Хъуыддӕгтӕ 6:15) Сӕйраг тӕрхондоны чи бадт, уыдон иууылдӕр Стефанмӕ кастысты ӕмӕ федтой, йӕ цӕсгом зӕды цӕсгомы хуызӕн кӕй уыди.

bt 50 ф., 2 абз.

«Стефан хайджын уыд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ хъаруйӕ»

2 Диссаг у Стефанӕн йӕ цӕсгоммӕ бакӕсын. Тӕрхонгӕнджытӕ йӕм кӕсынц ӕмӕ уынынц, «йӕ цӕсгом зӕды цӕсгомы хуызӕн кӕй у» (Хъуыд. 6:15). Зӕдтӕ сты Йегъовӕйы ӕрвыст минӕвӕрттӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ницӕмӕй фӕтӕрсынц ӕмӕ тыхсгӕ дӕр ницӕуыл фӕкӕнынц. Ӕмӕ раст ахӕм сабырдзинад ис Стефаны цӕсгомыл дӕр. Уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фесты, йе сӕфт дзы чи уыны, уыцы тӕрхонгӕнджытӕ дӕр. Стефан афтӕ сабыр цӕй фӕрцы у?

(Хъуыддӕгтӕ 8:26–30) Филиппӕн та Йегъовӕйы зӕд загъта: «Ацу хуссарырдӕм, Иерусалимӕй Газӕмӕ цы фӕндаг цӕуы, уымӕ». Уыцы фӕндаг цӕуы ӕдзӕрӕг быдырыл. 27 Ӕмӕ Филипп дӕр уырдӕм ацыд. Уыцы рӕстӕг ууылты фӕцӕйцыд иу ефиопаг хицау – Ефиопийы ус-паддзахы хӕзнатӕ иууылдӕр кӕй бар уыдысты, уый. Уыцы лӕг ӕрцыд Иерусалиммӕ Хуыцауӕн кувынмӕ, 28 ӕмӕ ныр фӕстӕмӕ здӕхт ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдоны бадгӕйӕ хъӕрӕй каст пехуымпар Исайы чиныг. 29 Уӕд Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй Филиппӕн загъта: «Уӕртӕ уыцы бӕхуӕрдон баййаф ӕмӕ йӕ фарсмӕ цу». 30 Филипп базгъордта бӕхуӕрдонмӕ ӕмӕ фехъуыста, уыцы лӕг хъӕрӕй кӕй каст пехуымпар Исайы чиныг. Уӕд ӕй Филипп бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?».

bt 66 ф., 16 абз.

«Йесойы тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕнӕм

16 Абон чырыстӕттӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ уыдон дӕр архайынц, Филипп цы хъуыддаджы архайдта, уыцы хъуыддаджы. Хорз хабар арӕх фӕхъусын кӕнынц, фадат сын куы фӕзыны, уӕд, зӕгъӕм, фӕндагыл. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмыл куы фембӕлынц, уӕд арӕх уый йӕхи ӕгъдауӕй нӕ рауайы афтӕ. Библийы фыст ис, уыцы хъуыддагӕн зӕдтӕ разамынд кӕй дӕттынц, цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» дӕр (Рарг. 14:6). Уый тыххӕй дзырдта Йесо йӕхӕдӕг дӕр. Мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд бамбарын кодта, хуымгӕрдӕны афон, ома ацы цардӕвӕрды кӕрон, «хуымгӕрдджытӕ» кӕй уыдзысты «зӕдтӕ». Стӕй ма загъта, уыдон «йӕ паддзахадӕй [кӕй] сӕмбырд кӕндзысты, иннӕты чи рӕдийын кӕны ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдоны се ’ппӕты дӕр» (Матф. 13:37–41). Фӕлӕ ма зӕдтӕ хъуамӕ ӕрӕмбырд кӕной, Йегъовӕйы йӕ организацимӕ ӕрбакӕнын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы дӕр: уӕларвон Паддзахады бынтӕ чи хъуамӕ райстаид, уыдоны ӕмӕ фӕстӕдӕр та – «ӕндӕр фысты», кӕнӕ «тынг бирӕ адӕмы» (Рарг. 7:9; Иоан. 6:44, 65; 10:16).

Библийӕ бакӕсинаг

(Хъуыддӕгтӕ 6:1–15) Ахуыргӕнинӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, ӕмӕ уыцы рӕстӕг, ахуыргӕнинӕгтӕй грекъагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕ хъаст кӕнын райдыдтой, дзуттагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ-иу алы бон хӕринаг куы уӕрстой, уӕд-иу сын сӕ идӕдзты ницӕмӕ ӕрдардтой. 2 Уӕд дыууадӕс апостолы ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ загътой: «Хуыцауы ныхас ныууадзӕм ӕмӕ фынгты уӕлхъус лӕууӕм ӕмӕ хӕринаг уарӕм, уый раст нӕ уыдзӕн. 3 Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уе ’хсӕнӕй равзарут авд лӕджы, хорз ном кӕмӕн ис, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ зондӕй хайджын чи у, ахӕмты, цӕмӕй ацы ахсджиаг куыст уыдонӕн бахӕс кӕнӕм. 4 Мах та нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ ратдзыстӕм кувынӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас амонынӕн». 5 Сӕ ныхӕстӕ се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр фӕцыдысты, ӕмӕ равзӕрстой Стефаны, фидар уырнындзинады хицау ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын чи уыд, уыцы адӕймаджы, стӕй Филиппы, Прохоры, Никаноры, Тимоны, Пармены ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыцы антиохиаг Николайы. 6 Уыцы лӕгты апостолтӕм ӕрбакодтой, ӕмӕ апостолтӕ скуывтой ӕмӕ сыл стӕй сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой. 7 Хуыцауы ныхас та парахат кодта, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалимы фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Суанг ма сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ систы уырнджытӕ. 8 Стефан хайджын уыд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ хъаруйӕ, ӕмӕ адӕмы ’хсӕн ӕвдыста стыр диссӕгтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ. 9 Фӕлӕ, кӕй ссӕрибар кодтой, уыдоны ӕмбырдгӕнӕн кӕй хуыдтой, уырдыгӕй иуӕй-иутӕ, стӕй Киренӕйы, Александрийы, Киликийы ӕмӕ Азийы цӕрджытӕй чидӕртӕ Стефанимӕ быцӕу кӕнын райдыдтой. 10 Фӕлӕ йӕ зонды ныхмӕ ӕмӕ, кӕй фӕрцы дзырдта, уыцы сыгъдӕг тыхы ныхмӕ фӕлӕууын сӕ бон нӕ уыди. 11 Уӕд кӕйдӕрты сардыдтой, цӕмӕй адӕмы ’хсӕн афтӕ дзырдтаиккой: «Мах фехъуыстам, Моисей ӕмӕ Хуыцауы куыд фаудта, уый». 12 Гъемӕ йыл адӕмы, хистӕр лӕгты ӕмӕ чиныджыдӕсныты сардыдтой, ӕмӕ уыдон йӕ уӕлхъус алӕууыдысты, ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ Сӕйраг тӕрхондонмӕ ӕрбакодтой. 13 Ӕмӕ ракодтой мӕнгӕвдисӕнты, ӕмӕ уыдон загътой: «Ацы лӕг ацы сыгъдӕг бынат ӕмӕ Закъон фауынӕй не ’нцайы. 14 Мах ӕй нӕхӕдӕг фехъуыстам, афтӕ кӕй дзырдта, уыцы назаретаг Йесо, дам, ацы бынат ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ нын Моисей цы ӕгъдӕуттӕ ныууагъта, уыдон, дам, аивдзӕн». 15 Сӕйраг тӕрхондоны чи бадт, уыдон иууылдӕр Стефанмӕ кастысты ӕмӕ федтой, йӕ цӕсгом зӕды цӕсгомы хуызӕн кӕй уыди.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын