Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr18 декабрь 1–14 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • 3–9 ДЕКАБРЫ
  • 10–16 ДЕКАБРЫ
  • 17–23 ДЕКАБРЫ
  • 24–30 ДЕКАБРЫ
  • 31 ДЕКАБРЫ – 6 ЯНВАРЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2018
mwbr18 декабрь 1–14 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

3–9 ДЕКАБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ХЪУЫДДӔГТӔ 9–11

«Чырыстӕтты карзӕй чи ’фхӕрдта, уый зынгзӕрдӕ сси хъусынгӕнӕг»

(Хъуыддӕгтӕ 9:1, 2) Савл та дарддӕр дӕр Хицауы ахуыргӕнинӕгтӕм мӕстӕй фыхти ӕмӕ сӕм ӕртхъирӕн кодта, иу дӕр сӕ нал ныууадздзынӕн, зӕгъгӕ. Гъемӕ ацыд хистӕр сауджынмӕ 2 ӕмӕ дзы ракуырдта фыстӕджытӕ Дамаскы ӕмбырдгӕнӕнтӕм, цӕмӕй, ацы Фӕндагыл лӕуд чи уыд, уыцы адӕмы, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, ӕрцахса ӕмӕ сӕ Иерусалиммӕ ӕркӕна.

bt 67 ф., 1, 2 абз.

Ӕмбырдӕн скодта сабыр рӕстӕг

БӔЛЦЦӔТТӔ фӕхӕццӕ кӕнынц Дамаскмӕ, цӕмӕй сӕ фыдвӕнд сӕххӕст кӕной. Сӕ цӕсгӕмттӕ цъӕх арт уадзынц. Хъуамӕ уым Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты сӕ хӕдзӕрттӕй раласой, сбӕттой сӕ, фӕхынджылӕг сӕ кӕной ӕмӕ сӕ Иерусалиммӕ ӕркӕной, цӕмӕй сӕ Синедрионы раз ӕрлӕууын кӕной.

2 Уыцы лӕгтӕн сӕ хистӕр, Савл, ахӕм хъуыддаг фыццаг хатт нӕ кӕны, йӕ къухтӕ тугамӕст сты. Уымӕй размӕ, дзуттаг дины сӕрыл чи тох кодта, уыдон Чырыстийы иузӕрдион ахуыргӕнинаг Стефаны дуртӕй куы мардтой, уӕд Савл дӕр семӕ уыди ӕмӕ уыцы хъуыддаг растыл нымадта (Хъуыд. 7:57–8:1). Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕтты фӕдыл кӕй зилы, уый йын фаг нӕу, фӕлӕ ма йӕ зӕрды ис, ӕндӕр рӕтты чи цӕры, уыцы чырыстӕттыл дӕр фыдӕхы арт бандзарын. «Ацы Фӕндагыл лӕуд чи у, уыцы адӕмы» хъуамӕ быныскъуыд скӕна, хӕцгӕ низӕй уӕлдай чи нӕу, уыцы сектӕйӕ иуы дӕр хъуамӕ мауал ныууадза (Хъуыд. 9:1, 2).

(Хъуыддӕгтӕ 9:15, 16) Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Ацу, уый у ме ’взӕрст лӕг – уый мын мӕ ном хъусын кӕндзӕн ӕндӕр адӕмтӕн, стӕй паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн дӕр. 16 Ӕз ын равдисдзынӕн, мӕ номы тыххӕй цас хъизӕмӕрттӕ хъуамӕ бавзара, уый».

w16.06 7 ф., 4 абз.

Йегъовӕ у нӕ Кадджын Дурынгӕнӕг!

4 Йегъовӕ адӕммӕ, мах сӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, ахӕм цӕстӕй нӕ кӕсы. Уый кӕсы зӕрдӕтӕм ӕмӕ уыны, чи цавӕр адӕймаг у, уый. (Бакӕс 1 Самуилы 16:7б.) Ӕмӕ уый ирдӕй рабӕрӕг, Хуыцау чырыстон ӕмбырдӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд. Хуыцау йӕхимӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ кӕй ӕрбакодта, уыдонӕй бирӕтӕ адӕмы хъуыдымӕ гӕсгӕ уый аккаг нӕ уыдысты (Иоан. 6:44). Зӕгъӕм, уыдонӕй сӕ иу уыд фарисей Савл. Уый «Хуыцауы фаудта, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдта ӕмӕ ӕдзӕсгом адӕймаг уыд» (1 Тим. 1:13). Фӕлӕ Йегъовӕ Савлӕй афтӕ нӕ хъуыды кодта, амӕй ницы рауайдзӕн, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ йын каст йӕ зӕрдӕмӕ (Ӕмб. 17:3). Йегъовӕ Савлы равзӕрста, цӕмӕй дзы хорз «мигӕнӕн» сарӕзтаид – уыцы адӕймаг хъуамӕ «ӕндӕр адӕмтӕн, стӕй паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн» хъусын кодтаид (Хъуыд. 9:15, фип.). Йегъовӕ ма, «кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕнтӕ» сарӕзта, раздӕр фыднозт чи кодта, давӕг чи уыд кӕнӕ ӕнӕгъдау цард чи кодта, ахӕм адӕймӕгтӕй дӕр (Ром. 9:21; 1 Кор. 6:9–11). Уыдон Фыстад иртӕстой ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар кодтой, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн уый бар лӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕ хуыздӕрырдӕм ивтаид.

(Хъуыддӕгтӕ 9:20–22) ӕмӕ ӕвӕстиатӕй райдыдта ӕмбырдгӕнӕнты Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, зӕгъгӕ, уый у Хуыцауы Фырт. 21 Фӕлӕ йӕм чи хъуыста, уыдон иууылдӕр дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай мӕнӕ, Иерусалимы Йесойы фӕдылдзӕуджыты ӕгъатырӕй чи ӕфхӕрдта, уый нӕу? Ӕмӕ ардӕм дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй сӕ ӕрцахса ӕмӕ сӕ сауджынты хистӕртӕм акӕна?» 22 Фӕлӕ Савл фидарӕй-фидардӕр кодта ӕмӕ, Дамаскы цы дзуттӕгтӕ цард, уыдонӕн хаста фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йесо кӕй у Чырысти, уымӕн, ӕмӕ-иу ын цы загътаиккой, уый нал зыдтой.

bt 71 ф., 15 абз.

«Ӕмбырдӕн скодта сабыр рӕстӕг»

15 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Савл ӕмбырдгӕнӕнты Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕм адӕм джихӕй кӕсгӕйӕ куыд баззадаиккой ӕмӕ йӕм мӕстӕй куыд фыхтаиккой. «Ай мӕнӕ, Иерусалимы Йесойы фӕдылдзӕуджыты ӕгъатырӕй чи ӕфхӕрдта, уый нӕу?»– дзырдтой уыдон (Хъуыд. 9:21). Савл Йесомӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын цӕмӕн райдыдта, уый сын куы ӕмбарын кодта, уӕд сын «хаста фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йесо кӕй у Чырысти, уымӕн» (Хъуыд. 9:22). Фӕлӕ бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы алы зӕрдӕйы дуар нӕй бакӕнӕн. Зӕгъӕм, нӕ дзы бакӕндзынӕ, цавӕрдӕр ӕгъдӕуттыл фидар чи хӕцы кӕнӕ йӕ фырсӕрбӕрзондӕй ивын кӕй нӕ фӕнды, ахӕм адӕмы зӕрдӕты дуар. Ахӕм адӕмӕн цыфӕнды бӕлвырдгӕнӕнтӕ ма хӕссай, уӕддӕр сӕ зондахаст нӕ фӕивдзысты. Фӕлӕ Савлӕн уӕддӕр йӕ ныфс нӕ асаст.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Хъуыддӕгтӕ 9:4) Уӕд Савл зӕххыл ӕрхауд ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн зилыс мӕ фӕдыл?»

bt 68 ф., 5, 6 абз.

«Ӕмбырдӕн скодта сабыр рӕстӕг»

5 Йесо Савлмӕ куы фӕзынд, уӕд ӕй афтӕ нӕ бафарста: «Мӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдыл мын цӕмӕн зилыс?» Уӕлдӕр куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй Йесо бафарста: «Цӕмӕн зилыс мӕ фӕдыл?» (Хъуыд. 9:4). Ӕцӕгдӕр, Йесойӕн йӕ фӕдылдзӕуджыты куы фефхӕрынц, уӕд ӕй афтӕ фӕнымайы, цыма йын йӕхи ӕфхӕрынц (Матф. 25:34–40, 45).

6 Кӕд, Чырыстийыл кӕй ӕууӕндыс, уый тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафыс, уӕд фидарӕй зон, уый Йегъовӕ ӕмӕ Йесо кӕй уынынц (Матф. 10:22, 28–31). Чи зоны, цы фӕлварӕны бахаудтӕ, уый Йегъовӕ ныртӕккӕ ма аиуварс кӕна. Савл Стефаны марджытӕн куы ӕххуыс кодта ӕмӕ-иу Иерусалимы иузӕрдион чырыстӕтты сӕ хӕдзӕрттӕй ӕддӕмӕ куы раласта, уӕд уый Йесо уыдта (Хъуыд. 8:3). Фӕлӕ сӕ ӕвиппайды нӕ фервӕзын кодта. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Йегъовӕ Чырыстийы уылты Стефаны ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгты фидар кодта, цӕмӕй кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадаиккой.

(Хъуыддӕгтӕ 10:6) Уый ӕрлӕууыд цармы куыстгӕнӕг Симонмӕ, денджызы был чи цӕры, уымӕ.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъд 10:6 стихмӕ

цармы куыстгӕнӕг Симонмӕ Цармы куыстгӕнӕг-иу фосы цӕрмттӕ чъыры баудӕста, цӕмӕй-иу сӕ хъуын азгъӕлдаид ӕмӕ-иу сыгъдӕг ӕмӕ лӕгъз уыдаиккой. Стӕй-иу сӕ цавӕрдӕр зайӕгойты доны баудӕста ӕмӕ-иу сӕрак цӕттӕ уыд. Цӕрмттӕ ӕвзӕр тӕф кӕй кодтой ӕмӕ-иу семӕ архайынӕн бирӕ дон кӕй хъуыди, Симон дӕр, ӕвӕццӕгӕн, денджызы был уымӕн цард, чи зоны, Иоппийы горӕтгӕрон. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ цӕрӕгойты мӕрдтимӕ чи архайдта, уый-иу сыгъдӕгыл нымад нӕ уыд (Лв 5:2; 11:39). Уымӕ гӕсгӕ сӕм дзуттӕгтӕй бирӕтӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты ӕмӕ-иу сӕм лӕугӕ дӕр не ’ркодтаиккой. Талмуды фыст уыд, зӕгъгӕ, цармы куыстгӕнджытӕ уыдысты, фаджысимӕ чи архайдта, уыдонӕй ӕгаддӕр. Фӕлӕ Петр адӕмы нӕ хъулон кодта ӕмӕ Симонмӕ баззад. Петр адӕммӕ ахӕм цӕстӕй кӕй каст, уый йын баххуыс кодта, цӕмӕй ӕндӕр хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтаид – дзуттаг чи нӕ уыд, уый хӕдзармӕ бацыдаид. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ грекъаг дзырд «цармы куыстгӕнӕг» (бурсеу́с) Симонӕн йӕ мыггаг уыд.

Библийӕ бакӕсинаг

(Хъуыддӕгтӕ 9:10–22) Дамаскы уыди иу ахуыргӕнинаг, Анани, зӕгъгӕ. Уымӕ Хицау цӕстылуайӕны фӕдзырдта: «Анани!» Анани йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн, Хицау». 11 Уӕд ын Хицау загъта: «Сыст ӕмӕ, Ӕмраст кӕй хонынц, уыцы уынгмӕ ацу, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзары бафӕрс Савлы, Тарсӕй чи у, уый. Ныр кувгӕ кӕны, 12 ӕмӕ цӕстылуайӕны федта иу лӕджы, Анани, зӕгъгӕ. Уый йӕм бацыд ӕмӕ йыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, цӕмӕй цӕстӕй ракӕса». 13 Фӕлӕ йын Анани загъта: «Хицау, ацы лӕджы тыххӕй бирӕтӕй фехъуыстон, Иерусалимы дын дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цас фыдмитӕ фӕкодта, уый. 14 Сауджынты хистӕртӕ йын бар радтой, цӕмӕй дын ам дӕр дӕ фӕдылдзӕуджыты се ’ппӕты дӕр ахӕстоны бакӕна». 15 Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Ацу, уый у ме ’взӕрст лӕг – уый мын мӕ ном хъусын кӕндзӕн ӕндӕр адӕмтӕн, стӕй паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн дӕр. 16 Ӕз ын равдисдзынӕн, мӕ номы тыххӕй цас хъизӕмӕрттӕ хъуамӕ бавзара, уый». 17 Анани дӕр ацыд, бацыд уыцы хӕдзармӕ, Савлыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ загъта: «Савл, ме ’фсымӕр, Хицау Йесо, фӕндагыл дӕм чи фӕзынд, уый мӕ рарвыста дӕумӕ, цӕмӕй цӕстӕй ракӕсай ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын уай». 18 Ӕмӕ ӕвиппайды Савлы цӕстытӕй кӕсаджы хӕрвы хуызӕн цыдӕртӕ ӕрхауд ӕмӕ цӕстӕй ракаст. Ӕмӕ уӕд сыстад ӕмӕ донаргъуыд райста. 19 Уый фӕстӕ хӕринаг бахордта, ӕмӕ дзы хъарутӕ бацыди. Савл цалдӕр боны фӕци Дамаскы ахуыргӕнинӕгтимӕ 20 ӕмӕ ӕвӕстиатӕй райдыдта ӕмбырдгӕнӕнты Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, зӕгъгӕ, уый у Хуыцауы Фырт. 21 Фӕлӕ йӕм чи хъуыста, уыдон иууылдӕр дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай мӕнӕ, Иерусалимы Йесойы фӕдылдзӕуджыты ӕгъатырӕй чи ӕфхӕрдта, уый нӕу? Ӕмӕ ардӕм дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй сӕ ӕрцахса ӕмӕ сӕ сауджынты хистӕртӕм акӕна?» 22 Фӕлӕ Савл фидарӕй-фидардӕр кодта ӕмӕ, Дамаскы цы дзуттӕгтӕ цард, уыдонӕн хаста фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йесо кӕй у Чырысти, уымӕн, ӕмӕ-иу ын цы загътаиккой, уый нал зыдтой.

10–16 ДЕКАБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ХЪУЫДДӔГТӔ 12–14

«Варнавӕ ӕмӕ Павел ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынц дард рӕтты»

(Хъуыддӕгтӕ 13:2, 3) Иуафон, Йегъовӕйӕн куы лӕггад кодтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Хуыцауы сыгъдӕг тых загъта: «Варнавӕ ӕмӕ мын Савлы раттут. Ӕз сӕ иу хъуыддагӕн равзӕрстон». 3 Уӕд ком фӕдардтой, скуывтой ӕмӕ Савл ӕмӕ Варнавӕйыл сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой. Стӕй сӕ афӕндараст кодтой.

bt 97 ф., 4 абз.

«Сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй»

4 Фӕлӕ цымӕ сыгъдӕг тых уыцы «хъуыддагӕн» Варнавӕ ӕмӕ Савлы цӕмӕн равзӕрста? (Хъуыд. 13:2). Уый тыххӕй Библи ницы зӕгъы. Фӕлӕ уый зонӕм, ӕмӕ уыцы дыууӕ адӕймаджы ӕвзӕрст ӕрцыдысты сыгъдӕг тыхы разамындӕй. Никуы ис фыст, ӕмӕ Антиохийы ӕмбырды пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ уыцы уынаффӕйыл разы нӕ уыдысты. Фӕлӕ, сӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй сын баххуыс кодтой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уый Варнавӕ ӕмӕ Савлӕн куыд ӕхсызгон уыдаид! Се ’фсымӕртӕ сӕм хӕлӕг нӕ кодтой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй «ком фӕдардтой, скуывтой ӕмӕ [сыл] сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой. Стӕй сӕ афӕндараст кодтой» (Хъуыд. 13:3). Мах дӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ кӕй бар бакӕнынц, уыдонӕн ӕмӕ, цӕстдарджытӕй кӕй сӕвӕрынц, уыцы нӕлгоймӕгтӕн дӕр. Ахӕм ӕфсымӕртӕм хъуамӕ хӕлӕг ма кӕнӕм, фӕлӕ сын «сӕ фыдӕбоны тыххӕй... стыр аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ уарзӕм» (1 Фес. 5:13).

(Хъуыддӕгтӕ 13:12) Сакъадахы хицау уый куы федта, уӕд баууӕндыд, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдта, уыдӕттӕ йӕ дисы бафтыдтой.

(Хъуыддӕгтӕ 13:48) Ӕндӕр адӕмтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд райдыдтой цин кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйы ныхас кадджын кӕнын, ӕмӕ ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр систы уырнджытӕ.

(Хъуыддӕгтӕ 14:1) Иконийы Павел ӕмӕ Варнавӕ бацыдысты дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕнмӕ ӕмӕ афтӕ хорз дзырдтой, ӕмӕ тынг бирӕ дзуттӕгтӕ ӕмӕ грекъӕгтӕ систы уырнджытӕ.

bt 107 ф., 5 абз.

«Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй дзырдтой»

5 Фыццаг уал Павел ӕмӕ Варнавӕ ӕрлӕууыдысты Иконийы. Уыцы горӕт уыд Ромы дӕлбар бӕстӕ Галатийы стырдӕр горӕттӕй сӕ иу ӕмӕ дзы грекъаг культурӕ нырма дӕр уыди йӕ тыхы. Иконийы цард дзырддзӕугӕ дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, бирӕ ахӕм адӕм. Ӕмӕ та ацы горӕты дӕр Павел ӕмӕ Варнавӕ се ’гъдаумӕ гӕсгӕ ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыдысты ӕмӕ хъусын кӕнын райдыдтой (Хъуыд. 13:5, 14). Ӕмӕ «афтӕ хорз дзырдтой, ӕмӕ тынг бирӕ дзуттӕгтӕ ӕмӕ грекъӕгтӕ систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 14:1).

(Хъуыддӕгтӕ 14:21, 22) Уыцы горӕты хорз хабар куы фехъусын кодтой ӕмӕ дзы бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы бацӕттӕ кодтой, уӕд раздӕхтысты Листрӕ, Икони ӕмӕ Антиохимӕ. 22 Уым ахуыргӕнинӕгты фидар кодтой, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинады фидар уой, ӕмӕ сын дзырдтой: «Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы».

w14 15/9 13 ф., 4, 5 абз.

Кӕд дын «бирӕ зындзинӕдтӕ» ис, уӕддӕр Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕн

4 Уый фӕстӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ ацыдысты Дервимӕ, ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ «раздӕхтысты Листрӕ, Икони ӕмӕ Антиохимӕ. Уым ахуыргӕнинӕгты фидар кодтой, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинады фидар уой, ӕмӕ сын дзырдтой: „Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы“» (Хъуыд. 14:21, 22). Ацы ныхӕстӕ, чи зоны, искӕмӕ ӕнахуыр фӕкӕсой. Адӕймагӕн афтӕ куы зӕгъай, «бирӕ зындзинӕдтӕ» бавзардзынӕ, зӕгъгӕ, уӕд ын йӕ ныфс цы асӕттай, ӕндӕр ӕй фидар нӕ бакӕндзынӕ. Уӕдӕ уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ уыцы ныхӕстӕй ахуыргӕнинӕгты куыд «фидар кодтой»?

5 Уый бамбардзыстӕм, Павелы ныхӕстыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд. Павел ӕнӕуи нӕ загъта, «бирӕ зындзинӕдтӕ хъуамӕ бавзарӕм», зӕгъгӕ, фӕлӕ загъта: «Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы». Уӕдӕ Павел ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъус ӕрдардта, сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй сӕм цы хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй бафидар кодта. Уыцы хӕрзиуӕг рӕсугъд фын нӕ уыд. Йесо афтӕ загъта: «Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матф. 10:22).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Хъуыддӕгтӕ 12:21–23) Иу бон, адӕм иумӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Ирод бӕрӕгбоны уӕлӕдарӕсы тӕрхоны бадӕныл ӕрбадт ӕмӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын райдыдта. 22 Адӕм та хъӕр систой: «Уый адӕймаджы хъӕлӕс нӕу, уый хуыцауы хъӕлӕс у!» 23 Уӕд ӕй ӕвиппайды Йегъовӕйы зӕд ӕрцавта, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн цы кад ӕмбӕлы, уый йӕхи бакодта, ӕмӕ фӕрынчын ӕмӕ йӕ лыстӕг кӕлмытӕ бахордтой, ӕмӕ амард.

w08 15/5 32 ф., 7 абз.

Ахсджиаг хъуыдытӕ Хъуыддӕгты чиныгӕй

12:21–23; 14:14–18. Ирод, Хуыцаумӕ чи ’мбӕлы, уыцы кад йӕхи бакодта. Куыд тынг хицӕн кодтой уымӕй Павел ӕмӕ Варнавӕ! Адӕм сӕ кадджын кӕнын куы райдыдтой, уӕд уайтагъд хъӕддых сӕ ныхмӕ фӕлӕууыдысты ӕмӕ сӕ ’рсабыр кодтой. Йегъовӕйы хъуыддаджы нын цасфӕнды ма ’нтыса, уӕддӕр хъуамӕ кадмӕ ма бӕллӕм.

(Хъуыддӕгтӕ 13:9) Уӕд Савл, хонынц ӕй Павел дӕр, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын, ӕдзынӕг ӕм ныккаст.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъд 13:9 стихмӕ

Савл, хонынц ӕй Павел дӕр Ацы стихӕй фӕстӕмӕ Библийы Савл хуыйны Павел. Апостол Павел дзуттаг уыд, фӕлӕ йӕ райгуырдӕй ромагыл нымад уыд (Хъд 22:27, 28; Фп 3:5). Уымӕ гӕсгӕ йын гыццылӕй фӕстӕмӕ уыд дзуттаг ном Савл ӕмӕ ромаг ном Павел. Уыцы рӕстӕг дзуттӕгтӕн дыгай нӕмттӕ кӕй уыд, уый диссаг нӕ уыд, уӕлдайдӕр та кӕд ӕндӕр бӕстӕты цардысты, уӕд (Хъд 12:12; 13:1). Павелы хӕстӕджытӕй дӕр кӕмӕндӕрты уыд ромаг ӕмӕ грекъаг нӕмттӕ (Ро 16:7, 21). Павел «адӕмтӕм ӕрвыст апостол» кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хорз хабар хъусын кодта, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕн (Ро 11:13). Ӕвӕццӕгӕн, йӕхи хуыдта ромаг номӕй, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕм уӕд ӕндӕр адӕмтӕ хуыздӕр хъусдзысты (Хъд 9:15; Га 2:7, 8). Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, Савл йӕхи ромаг номӕй хонын райдыдта Сергий Павелы зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй. Фӕлӕ Кипрӕй куы ацыд, уый фӕстӕ дӕр йӕхи Павел хуыдта. Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та, Павелы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ дзуттаг номӕй хуыдтаиккой, уымӕн ӕмӕ, дам-иу ӕй грекъагау куы дзырдтой, уӕд, дам, хъуысти ӕндӕр грекъаг дзырды хуызӕн, ӕмӕ амыдта, хъалцыд-иу чи кодта, ахӕм адӕймагмӕ кӕнӕ цӕрӕгоймӕ.

Павел Ирон ӕвзагыл Чырыстон Грекъаг Фыстыты ном Пау́лос (латинагау Паулус нысан кӕны «гыццыл; чысыл») ӕмбӕлы 140 хаттӕй фылдӕр, апостол Павелы кой кӕм вӕййы, уым ӕмӕ иу хатт та – Кипры хицау Сергий Павелы кой кӕм ис, уым (Хъд 13:7).

Библийӕ бакӕсинаг

(Хъуыддӕгтӕ 12:1–17) Уыцы рӕстӕг паддзах Ирод ӕмбырдӕй кӕйдӕрты райдыдта карзӕй ӕфхӕрын. 2 Хъамайӕ амарын кодта Иоанны ӕфсымӕр Иаковы. 3 Уыцы хъуыддаг дзуттӕгты зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд, уый куы федта, уӕд Петры дӕр ӕрцахсын кодта. Уый уыди Донгонд дзулты бӕрӕгбоны рӕстӕг. 4 Куы йӕ ’рцахсын кодта, уӕд ӕй ахӕстоны бакӕнын кодта ӕмӕ ӕфсӕддонты цыппар къордӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ хъахъхъӕдтаиккой. Алы къорды дӕр уыди цыппар ӕфсӕддоны. Куадзӕны фӕстӕ та фӕнд кодта Петры адӕммӕ ракӕнын. 5 Петр ахӕстоны куы уыд, уӕд ӕмбырд та уый тыххӕй Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куывта. 6 Ирод ӕй адӕммӕ ракӕнынмӕ куы хъавыд, уый размӕ ӕхсӕв Петр, йӕ къухтӕ рӕхыстӕй баст, афтӕмӕй, фынӕй кодта дыууӕ ӕфсӕддоны ’хсӕн. Дуары цур дӕр лӕууыдысты хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ ахӕстон хъахъхъӕдтой. 7 Ӕвиппайды йӕ разы февзӕрд Йегъовӕйы зӕд, ӕмӕ ахӕстоны уат ныррухс. Зӕд Петры фӕсонтӕм бавнӕлдта, райхъал ӕй кодта ӕмӕ йын загъта: «Рӕвдздӕр сыст!» Ӕмӕ Петрӕн йӕ рӕхыстӕ йӕ къухтӕй ӕрхаудысты. 8 Уӕд ын зӕд загъта: «Дӕ астӕу ӕрбабӕтт ӕмӕ дӕ дзабыртӕ скӕн». Уый дӕр афтӕ бакодта. Стӕй йын зӕд загъта: «Дӕ пӕлӕз ӕрбакӕн ӕмӕ мӕ фӕдыл рацу». 9 Петр дӕр рахызт ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыд, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрста, зӕд цы сарӕзта, уый ӕцӕг кӕй уыд. Афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ цӕстылуайӕн уыны. 10 Фыццаг ӕмӕ дыккаг хъахъхъӕнджыты къорды рӕзты ахызтысты, бахӕццӕ сты, ахӕстонӕй горӕтмӕ кӕуыл ис ахизӕн, уыцы ӕфсӕйнаг кулдуармӕ, ӕмӕ сын кулдуар йӕхи ӕгъдауӕй байгом. Уӕд ӕддӕмӕ рахызтысты, иу уынгыл ацыдысты, ӕмӕ зӕд ӕвиппайды фӕцыдӕр. 11 Уӕд Петр йӕхимӕ ’рцыд ӕмӕ загъта: «Ныр ӕй бамбӕрстон, Йегъовӕ мӕм йӕ зӕды кӕй рарвыста ӕмӕ мӕ Ироды къухӕй кӕй фервӕзын кодта, ӕмӕ дзуттӕгты фӕндиаг дӕр нӕ фӕдӕн». 12 Петр уый куы бамбӕрста, уӕд ацыд Марийӕтӕм,– Марийӕ уыди, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны мад. Уыдонмӕ та уыцы рӕстӕг ӕрӕмбырд бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ куывтой. 13 Петр кулдуар куы бахоста, уӕд рацыд лӕггадгӕнӕг-чызг Родӕ, цымӕ чи хойы, зӕгъгӕ. 14 Ӕмӕ Петры хъӕлӕс куы базыдта, уӕд фырцинӕй кулдуар дӕр нал бакодта, фӕлӕ хӕдзармӕ балыгъд ӕмӕ сын афтӕ, кулдуары раз, дам, Петр лӕууы. 15 Уыдон ын загътой: «Дӕ сӕрызонд фӕцыд?» Чызг уӕддӕр ныллӕууыд, уый у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уӕд загътой: «Уӕд та йӕ зӕд у!» 16 Петр та кулдуар хоста ӕмӕ хоста. Дуар ын куы бакодтой ӕмӕ йӕ куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. 17 Фӕлӕ сын Петр къухӕй ацамыдта, цӕмӕй ӕрсабыр уыдаиккой, ӕмӕ сын бӕстон радзырдта, Йегъовӕ йӕ ахӕстонӕй куыд ракодта, уый. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар Иаковӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр фехъусын кӕнут». Уый фӕстӕ уырдыгӕй рацыд ӕмӕ ӕндӕр ранмӕ араст.

17–23 ДЕКАБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ХЪУЫДДӔГТӔ 15, 16

«Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ ӕмвӕндӕй уынаффӕ рахастой»

(Хъуыддӕгтӕ 15:1, 2) Уыцы рӕстӕг Иудейӕйӕ чидӕртӕ ӕрцыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн амонын райдыдтой, зӕгъгӕ, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сунӕт куы не скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут. 2 Фӕлӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ не сразы сты, ӕмӕ быцӕу дӕр кодтой. Уӕд бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы фӕдыл Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацӕуой Иерусалиммӕ апостолтӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм.

bt 116 ф., 8 абз.

«Семӕ не сразы сты»

8 Лука дарддӕр фыссы: «Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ [ома, Иудейӕйӕ чи ’рцыд, уыдонимӕ] не сразы сты, ӕмӕ быцӕу дӕр кодтой. Уӕд [хистӕр нӕлгоймӕгтӕ] бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы фӕдыл Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацӕуой Иерусалиммӕ апостолтӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм» (Хъуыд. 15:2). Ацы ныхӕстӕй, «не сразы сты, ӕмӕ быцӕу дӕр кодтой», зӕгъгӕ, зыны, сӕ иутӕ дӕр ӕмӕ сӕ иннӕтӕ дӕр сӕхи хъуыдыйыл фидар кӕй хӕцыдысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Антиохийы ӕмбырды ӕфсымӕртӕн сӕ бон уыцы хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын нӕ уыд. Цӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад бахъахъхъӕдтаиккой, уый тыххӕй зондджын уынаффӕ рахастой: уыцы фарста арвитдзысты «Иерусалимы апостолтӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм», ома уӕды рӕстӕджы разамонӕг советмӕ. Антиохийы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

(Хъуыддӕгтӕ 15:13–20) Сӕ ныхас куы фесты, уӕд Иаков загъта: «Ӕфсымӕртӕ, байхъусут-ма мӕм. 14 Симеон радзырдта, Хуыцау иннӕ адӕмтӕм фыццаг хатт куыд ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скӕна, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм. 15 Ууыл дзурӕг сты Пехуымпарты чингуыты фыст ныхӕстӕ дӕр: 16 „Уый фӕстӕ ӕз раздӕхдзынӕн ӕмӕ Давиды хӕлд хӕдзар ногӕй сараздзынӕн. Йӕ хӕлддзӕгтӕ йын ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ та йӕ ногӕй сараздзынӕн, 17 цӕмӕй ма ацы адӕмӕй чи баззайа, уыдон, ӕппӕт адӕмтӕй мын мӕ ном чи хӕссы, уыдонимӕ иумӕ Йегъовӕйы зӕрдиагӕй агурой,– зӕгъы Йегъовӕ, ацы хъуыддӕгтӕ чи аразы 18 ӕмӕ адӕттӕ саразын тынг раджы чи сфӕнд кодта, уый“. 19 Уымӕ гӕсгӕ мӕ хъуыды у ахӕм: иннӕ адӕмтӕй Хуыцаумӕ чи раздӕхт, уыдоны къуылымпы кӕнын нӕ хъӕуы, 20 фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, цӕмӕй сӕхи хизой, мӕнгхуыцӕуттӕн кувынимӕ баст цыдӕриддӕр у, уыдӕттӕй, хӕтындзинадӕй, хӕдмӕл фосы дзидзайӕ ӕмӕ тугӕй».

w12 15/1 5 ф., 6, 7 абз.

Ӕцӕг чырыстӕттӕ аргъ кӕнынц Хуыцауы Ныхасӕн

6 Фарста аскъуыддзаг кӕнынӕн сын баххуыс кодтой Амосы 9:11, 12 стихты фыст ныхӕстӕ. Ацы ныхӕстӕ хаст сты Хъуыддӕгты 15:16, 17 стихты: «Ӕз раздӕхдзынӕн ӕмӕ Давиды хӕлд хӕдзар ногӕй сараздзынӕн. Йӕ хӕлддзӕгтӕ йын ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ та йӕ ногӕй сараздзынӕн, цӕмӕй ма ацы адӕмӕй чи баззайа, уыдон, ӕппӕт адӕмтӕй мын мӕ ном чи хӕссы, уыдонимӕ иумӕ Йегъовӕйы зӕрдиагӕй агурой,– зӕгъы Йегъовӕ».

7 Фӕлӕ исчи, чи зоны, зӕгъа, зӕгъгӕ, ацы стихты ницы ис фыст, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстон чи сси, уыдоны сунӕт кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй. Ӕмӕ уый афтӕ у. Фӕлӕ дзуттӕгтӕй чырыстон чи уыд, уыдон ӕмбӕрстой, уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый. Ӕндӕр адӕмтӕй сунӕтгонд чи уыд, уыдоны нымадтой се ’фсымӕртыл, ӕндӕр адӕмтыл-иу сӕ нал нымадтой (Рац. 12:48, 49). Зӕгъӕм, Библийы иу тӕлмацы Есфиры 8:17 фыст ис: «Ӕндӕр адӕмтӕй бирӕтӕ сунӕт скодтой ӕмӕ систы дзуттӕгтӕ». Уӕдӕ ацы ныхӕстӕ, «ацы адӕмӕй чи баззайа, уыдон», зӕгъгӕ, хауынц, Израилы адӕмӕй ма чи баззад, уыдонмӕ, ома дзуттӕгтӕм ӕмӕ сунӕтгонд прозелиттӕм. Ӕмӕ Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй уыдон хъуамӕ суыдаиккой иу адӕм Хуыцауы номыл «ӕппӕт адӕмтимӕ... иумӕ», ома ӕнӕсунӕтгонд ӕндӕр адӕмтимӕ. Уӕдӕ Фыстады уыди бӕлвырд дзуапп: ӕндӕр адӕмтӕй кӕй фӕндыд, цӕмӕй чырыстон суыдаид, уыдоны сунӕт кӕнын нӕ хъуыди.

(Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29) Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуысӕй мах ахӕм уынаффӕ рахастам, цӕмӕй уыл мӕнӕ ацы ӕнӕмӕнг хъуыддӕгтӕй уӕлдай ӕндӕр уаргъ мауал ӕвӕрӕм. Уынаффӕ рахастам, цӕмӕй 29 уӕхи хизат, мӕнгхуыцӕуттӕн цы снывонд кӕнынц, уыдӕттӕй, тугӕй, хӕдмӕл фосы дзидзайӕ ӕмӕ хӕтындзинадӕй. Адӕттӕй уӕхи куы хъахъхъӕнат, уӕд уыдзыстут фӕрнӕйдзаг. Дзӕбӕх ут!»

(Хъуыддӕгтӕ 16:4, 5) Ӕмӕ горӕттыл зылдысты ӕмӕ уырнджытӕн дзырдтой, Иерусалимы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кодтаиккой. 5 Афтӕмӕй ӕмбырдты ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой.

bt 140 ф., 18 абз.

«Ӕмбырдтӕ „фидар кодта“»

18 Павел ӕмӕ Тимофей иумӕ лӕггад кодтой бирӕ азты дӕргъы. Цӕуӕг цӕстдарджытӕй кӕй лӕггад кодтой, уымӕ гӕсгӕ разамонӕг советы номӕй архайдтой. Библийы фыст ис: «[Уыдон] горӕттыл зылдысты ӕмӕ уырнджытӕн дзырдтой, Иерусалимы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кодтаиккой» (Хъуыд. 16:4). Бӕрӕг у, Иерусалимы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕ рахастой, уымӕ ӕмбырдтӕ кӕй байхъуыстой, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы «ӕмбырдты ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой» (Хъуыд. 16:5).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Хъуыддӕгтӕ 16:6–9) Стӕй ахызтысты Фригийыл ӕмӕ Галатийы бӕстӕйыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ бауагъта Хуыцауы ныхас Азийы хъусын кӕнын. 7 Мисимӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сфӕнд кодтой Вифинимӕ ацӕуын, фӕлӕ сӕ Йесо сыгъдӕг тыхы уылты нӕ бауагъта. 8 Гъемӕ Мисийы рӕзты ацыдысты ӕмӕ ӕрцыдысты Троадӕмӕ. 9 Ӕмӕ ӕхсӕвы Павел цӕстылуайӕны федта: йӕ разы лӕууыд иу македойнаг лӕг ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, Македонимӕ-ма ӕрцу ӕмӕ нын баххуыс кӕн, зӕгъгӕ.

w12 15/1 10 ф., 8 абз.

Чырыстийы апостолты фӕзмут – ма бафынӕй ут

8 Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Павелӕн разамынд кӕй радта, Азимӕ куы ацыд, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ. Стӕй Павел Вифинимӕ хӕстӕг куы уыд, ӕрмӕстдӕр ын уый фӕстӕ бацамыдта, дарддӕр ӕй цы кӕнын хъӕуы, уый. Ӕппынфӕстаг, Троадӕмӕ куы бахӕццӕ, ӕрмӕстдӕр ын уый фӕстӕ загъта, Македонимӕ ацу, зӕгъгӕ. Чырысти абон дӕр лӕууы ӕмбырды сӕргъы ӕмӕ, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн раздӕр разамынд куыд лӕвӕрдта, афтӕ сын абон дӕр дӕтты разамынд (Кол. 1:18). Зӕгъӕм, фӕнд кӕныс пионерӕй лӕггад кӕнын кӕнӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ ацӕуын. Фӕлӕ иу хъуыддаг рох кӕнын нӕ хъӕуы: чи зоны афтӕ рауайа, ӕмӕ дын Йесо Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы разамынд ратта, дӕ нысанмӕ тырнын куы райдайай, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ. Зӕгъӕм, машинӕ галиуырдӕм кӕнӕ рахизырдӕм ӕрмӕстдӕр цӕугӕ-цӕуын фӕзилӕн ис. Уӕдӕ мах дӕр фылдӕр лӕггад кӕнын куы фӕнда, уӕд нын Йесо разамынд дӕтдзӕн, размӕ куы цӕуӕм, ома нӕ нысанмӕ ӕппӕт тыхтӕй куы тырнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд.

(Хъуыддӕгтӕ 16:37) Фӕлӕ сын Павел загъта: «Мах, ромӕгты, ӕнӕ тӕрхонӕй адӕмы раз фӕнадтой ӕмӕ нӕ ахӕстоны баппӕрстой, ӕмӕ нӕ ныр та сусӕгӕй ӕрвитынц? Нӕ, уадз ӕмӕ сӕхӕдӕг ӕрбацӕуой ӕмӕ нӕ ракӕной».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъд 16:37 стихмӕ

Мах, ромӕгты Ома Ромы цӕрджыты. Павел ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Силӕ дӕр уыдысты Ромы цӕрджытӕ. Ромы закъонмӕ гӕсгӕ, ромагыл нымад чи уыд, уыдонӕн-иу сӕ бон ӕрдомын уыди, цӕмӕй-иу сын сӕ хъуыддаг бӕстон равзӕрстаиккой, ӕмӕ, аххосджын кӕй уыдысты, уый цалынмӕ не сбӕлвырд уыдаид, уӕдмӕ-иу сӕ адӕмы раз фӕнӕмӕн нӕ уыди. Ромы гражданство адӕймагӕн лӕвӕрдта цавӕрдӕр бартӕ, ӕмӕ уыцы бартӕн тых уыд ӕнӕхъӕн паддзахады дӕр. Ромы гражданство кӕмӕн уыд, уый ӕрмӕстдӕр Ромы закъӕтты коммӕ касти, провинциты закъӕттӕ йӕ ӕххӕст кӕнын нӕ хъуыди. Истӕмӕй йӕ куы фӕаххосджын кодтаиккой, уӕд йӕ бон уыд, ӕмӕ сразы уыдаид, цӕмӕй йын тӕрхон кодтаиккой бынӕттон закъонмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ бон уыд ӕрдомын, цӕмӕй йын йӕ хъуыддаг Ромы тӕрхондоны равзӕрстаиккой. Мӕлӕты тӕрхон ын куы рахастаиккой, уӕд ын бар уыди, цӕмӕй йӕ хъаст паддзахмӕ бахастаид ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг ногӕй равзӕрстаиккой. Апостол Павел зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта ӕгас Ромы паддзахады. Павелӕн Ромы гражданство цы бартӕ лӕвӕрдта, уыдонӕй куыд спайда кодта, уый фӕдыл Библийы фыст ис ӕртӕ хабары. Фыццаг, Филиппты горӕты хицӕуттӕн загъта, кӕй йӕ фӕнадтой, уымӕй равдыстой, йӕ бартӕ йын кӕй ницӕмӕ ӕрдардтой. (Иннӕ дыууӕ хабары тыххӕй бакӕсӕн ис Хъд 22:25; 25:11.)

Библийӕ бакӕсинаг

(Хъуыддӕгтӕ 16:25–40) Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой ӕмӕ Хуыцауы кадӕн зарыдысты. Ӕмӕ сӕ иннӕ ахст адӕм дӕр хъуыстой. 26 Уалынмӕ зӕхх афтӕ тынг нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон йӕ бындуры онг нызмӕлыд. Ӕвиппайды дуӕрттӕ иууылдӕр фегом сты, ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ рӕхыстӕ феуӕгъд сты. 27 Ахӕстонгӕс куы райхъал ӕмӕ ахӕстоны дуӕрттӕ гомӕй куы федта, уӕд йӕ хъама фелвӕста, ӕмӕ хъуамӕ йӕхи амардтаид – афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ ахст адӕм алыгъдысты. 28 Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн мацы бакӕн! Мах иууылдӕр ам стӕм!» 29 Уӕд уый дӕр цырагъ ӕрбахӕссын кодта, мидӕмӕ балыгъд ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ Павел ӕмӕ Силӕйы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд. 30 Стӕй сӕ ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ сӕ бафарста: «Хорз адӕм, цы кӕнын мӕ хъӕуы, цӕмӕй фервӕзон?» 31 Уыдон ын загътой: «Баууӕнд Хицау Йесойыл, ӕмӕ фервӕздзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр». 32 Ӕмӕ йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ, йӕ хӕдзары чидӕриддӕр уыди, уыдонӕн дӕр Йегъовӕйы ныхас хъусын кодтой. 33 Ахӕстонгӕс сӕ ӕхсӕвы уыцы афон йемӕ акодта ӕмӕ сын сӕ цӕфтӕ ныхсадта. Уый фӕстӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ иууылдӕр ӕвӕстиатӕй донаргъуыд райстой. 34 Уый фӕстӕ сӕ хӕдзармӕ бахуыдта, фынг сын ӕрӕвӕрдта ӕмӕ, Хуыцауыл кӕй баууӕндыд, ууыл йӕ хӕдзаронтимӕ тынг фӕцин кодта. 35 Куы сбон, уӕд горӕты хицӕуттӕ хъахъхъӕнджыты арвыстой, зӕгъгӕ, зӕгъут, цӕмӕй уыцы адӕмы рауадзой. 36 Ӕмӕ сын ахӕстонгӕс сӕ ныхӕстӕ Павелмӕ фӕхӕццӕ кодта: «Горӕты хицӕуттӕ сӕ адӕмы ӕрбарвыстой, цӕмӕй уӕ рауадзон. Гъемӕ фарнимӕ цӕут». 37 Фӕлӕ сын Павел загъта: «Мах, ромӕгты, ӕнӕ тӕрхонӕй адӕмы раз фӕнадтой ӕмӕ нӕ ахӕстоны баппӕрстой, ӕмӕ нӕ ныр та сусӕгӕй ӕрвитынц? Нӕ, уадз ӕмӕ сӕхӕдӕг ӕрбацӕуой ӕмӕ нӕ ракӕной». 38 Хъахъхъӕнджытӕ уыцы ныхӕстӕ горӕты хицӕуттӕм фӕхӕццӕ кодтой. Уыдон куы фехъуыстой, ӕмӕ ромӕгтӕ сты, уӕд старстысты. 39 Гъемӕ ӕрцыдысты ӕмӕ Павел ӕмӕ Силӕйӕ хатыртӕ ракуырдтой. Ӕмӕ сӕ ахӕстонӕй куы ракодтой, уӕд сӕм бахатыдысты, цӕмӕй горӕтӕй ацӕуой. 40 Фӕлӕ уыдон ахӕстонӕй ацыдысты Лидийӕтӕм. Уым федтой ӕфсымӕрты ӕмӕ сӕ бафидар кодтой, стӕй сӕ фӕндагыл араст сты.

24–30 ДЕКАБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ХЪУЫДДӔГТӔ 17, 18

«Апостол Павел куыд хъусын кодта ӕмӕ иннӕты куыд ахуыр кодта, уымӕй йӕ фӕзмӕм»

(Хъуыддӕгтӕ 17:2, 3) Ӕмӕ та Павел йе ’гъдаумӕ гӕсгӕ ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыд ӕмӕ фӕд-фӕдыл ӕртӕ сабаты адӕмимӕ ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ. 3 Ӕмбарын сын кодта, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй кӕй хъуамӕ райгас уыдаид, ӕмӕ сын Фыстадӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста. Дзырдта сын: «Ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, гъе уый у Чырысти».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъд 17:2, 3 стихтӕм

ныхас кодта Павел адӕмӕн хорз хабар ӕнӕуи нӕ хъусын кодта, фӕлӕ сын ӕй ӕмбарын кодта ӕмӕ сын Фыстадӕй, ома Дзуттаг Фыстытӕй, бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста. Стихтӕ ӕнӕуи нӕ касти, фӕлӕ-иу сыл бӕстон ныхас кодта ӕмӕ-иу йӕ ныхас арӕзта, йӕ хъусджыты цы бацымыдис кодтаид, уымӕ гӕсгӕ. Грекъаг мивдисӕг диале́гомаи нысан кӕны «кӕрӕдзийӕн хъуыдытӕ дзурын; ныхас кӕнын». Ацы грекъаг дзырд ма ӕмбӕлы Хъд 17:17; 18:4, 19; 19:8, 9; 20:7, 9.

бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста Грекъаг дзырд комкоммӕ нысан кӕны «йӕ фарсмӕ йын ӕрӕвӕрын (йӕ цуры сӕвӕрын)». Уый, гӕнӕн ис, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты Чырыстийы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ уыд, уыдон Павел барста Чырыстийы царды хабӕрттимӕ, цӕмӕй бамбарын кодтаид, Чырыстийыл ӕппӕт пехуымпарӕдтӕ дӕр кӕй сӕххӕст сты, уый.

(Хъуыддӕгтӕ 17:17) Гъемӕ ӕмбырдгӕнӕнты дзуттӕгтимӕ ӕмӕ иннӕ уырнӕг адӕмимӕ ныхас кодта. Стӕй-иу алы бон дӕр ныхас кодта, базары фӕзы кӕуыл ӕмбӕлд, уыдонимӕ дӕр.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъд 17:17 стихмӕ

базары фӕзы Базары фӕз (грекъагау агора́) уыд Акрополӕй цӕгат-ныгуылӕнырдӕм ӕмӕ ахста 5 гектары бӕрц. Уым ӕрмӕст ӕлхӕнгӕ ӕмӕ уӕй нӕ кодтой, фӕлӕ ма-иу дзы горӕты адӕм ӕнӕуи дӕр ӕрӕмбырд сты. Уыцы бынат уыд экономикӕ, политикӕ ӕмӕ культурӕйы артдзӕст. Афинӕгтӕ уарзтой уым ӕмбырд кӕнын ӕмӕ исты зондджын ныхӕстӕ кӕнын.

(Хъуыддӕгтӕ 17:22, 23) Уӕд Павел Ареопаджы астӕу слӕууыд ӕмӕ загъта: «Афинӕгтӕ, ӕз уынын, сымах хуыцӕуттӕй иннӕтӕй тынгдӕр кӕй тӕрсут. 23 Уӕ горӕты куы фӕцӕйцыдтӕн ӕмӕ уын уӕ дзуӕрттӕм куы кастӕн, уӕд мӕ цӕст ӕрхӕцыд иу нывондхӕссӕныл, фыст ыл ис: „Ӕнӕзонгӕ Хуыцауӕн“. Гъемӕ сымах ӕнӕзонгӕйӕ кӕмӕн кувут, ӕз уын уыцы Хуыцауы тыххӕй дзурын».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъд 17:22, 23 стихтӕм

Ӕнӕзонгӕ Хуыцауӕн Грекъаг ныхӕстӕ агно́стои теои́ фыст уыдысты, Афинты цы нывондхӕссӕн уыд, ууыл. Афинӕгтӕ бирӕ кувӕндӕттӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ сарӕзтой, уымӕн ӕмӕ хуыцӕуттӕй тарстысты. Суанг ма Кад, Бонзонгӕдзинад, Хъару, Уырнындзинад ӕмӕ Тӕригъӕддзинады номыл дӕр нывондхӕссӕнтӕ сарӕзтой. Ӕвӕццӕгӕн, тарстысты, искӕцы хуыцауы куы ферох кӕной ӕмӕ сӕ йӕ фыдӕх куы баййафа, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ номыл сарӕзтой нывондхӕссӕн, «Ӕнӕзонгӕ Хуыцауӕн», зӕгъгӕ. Афтӕмӕй равдыстой, кӕй сӕ уырны, кӕй нӕ зонынц, ахӕм Хуыцау кӕй ис. Павел уымӕй спайда кодта ӕмӕ семӕ куы ныхас кодта, уӕд райдыдта, уӕдмӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы Хуыцауы, ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй дзурын.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Хъуыддӕгтӕ 18:18) Павел ма уым баззад бирӕ рӕстӕг, стӕй ӕфсымӕртӕн хӕрзбон загъта ӕмӕ науыл Сиримӕ ацыд, йемӕ ацыдысты Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕ дӕр. Уый хӕдразмӕ та Кенхрейы йӕ сӕр цыбыр алвыдта – уымӕй равдыста, Хуыцауӕн дзырд кӕй радта.

w08 15/5 32 ф., 5 абз.

Ахсджиаг хъуыдытӕ Хъуыддӕгты чиныгӕй

18:18 – Цавӕр дзырд радта Павел? Библииртасджытӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Павел дзырд радта, назорейау кӕй цӕрдзӕн, уый тыххӕй (Нымӕц. 6:1–21). Фӕлӕ Павел цавӕр дзырд радта, уый Библийы фыст нӕй. Ницы дзы ис уый тыххӕй дӕр, Павел дзырд, чырыстон куы сси, уый размӕ радта ӕви уый фӕстӕ, стӕй, цы дзырд радта, уымӕн уый йӕ райдиан уыд ӕви йӕ кӕрон. Куыдфӕнды ма уыдаид, ахӕм дзырд раттын тӕригъӕдыл нымад нӕ уыд.

(Хъуыддӕгтӕ 18:21) Хӕрзбон сын загъта ӕмӕ сын ныфс бавӕрдта: «Кӕд Йегъовӕйы фӕнда, уӕд та уӕм ӕрцӕудзынӕн». Ӕмӕ Ефесӕй науыл араст.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъд 18:21 стихмӕ

Кӕд Йегъовӕйы фӕнда Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, цыдӕр аразгӕйӕ кӕнӕ пълан кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ архайӕм. Апостол Павел уый йӕ хъуыдыйы дардта (1Кр 4:19; 16:7; Дзт 6:3). Ахуыргӕнинаг Иаков дӕр ныффыста: «Кӕд Йегъовӕйы фӕнда, уӕд удӕгас уыдзыстӕм ӕмӕ сараздзыстӕм уый кӕнӕ уый» (Иак 4:15). Ацы ныхӕстӕ ӕнӕуи ныхӕстӕ хъуамӕ ма уой. Зӕрдиагӕй чи фӕзӕгъы, «кӕд Йегъовӕйы фӕнда», зӕгъгӕ, уый хъуамӕ Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕна. Ацы ныхӕстӕ алы хатт хъӕрӕй дзурын нӕ фӕхъӕуы, арӕхдӕр сӕ адӕймаг йӕ зӕрдӕйы фӕзӕгъы. (Кӕс Хъд 21:14; 1Кр 4:19; Иак 4:15 ӕмӕ sgd 2 хай.)

Библийӕ бакӕсинаг

(Хъуыддӕгтӕ 17:1–15) Амфипол ӕмӕ Аполлонийыл куы ахызтысты, уӕд ӕрцыдысты Фессалоникӕмӕ. Уым уыди дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕн. 2 Ӕмӕ та Павел йе ’гъдаумӕ гӕсгӕ ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыд ӕмӕ фӕд-фӕдыл ӕртӕ сабаты адӕмимӕ ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ. 3 Ӕмбарын сын кодта, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй кӕй хъуамӕ райгас уыдаид, ӕмӕ сын Фыстадӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста. Дзырдта сын: «Ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, гъе уый у Чырысти». 4 Гъемӕ дзы чидӕртӕ систы уырнджытӕ ӕмӕ Павел ӕмӕ Силӕмӕ ӕрбаиу сты. Уырнджытӕ ма систы, Хуыцауӕн чи куывта, уыцы грекъӕгтӕй, стӕй номдзыд сылгоймӕгтӕй дӕр бирӕтӕ. 5 Уӕд дзуттӕгтӕ сӕ фырхӕлӕгӕй, базары фӕзы дзӕгъӕллӕуд чи кодта, уыдонӕй цалдӕр фыдзонд лӕджы семӕ ракодтой, адӕмы ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ ӕгас горӕт сызмӕстой. Ӕмӕ Иасоны хӕдзармӕ бабырстой, цӕмӕй Павел ӕмӕ Силӕйы адӕммӕ ракодтаиккой. 6 Куы нӕ сӕ ссардтой, уӕд Иасоны ӕмӕ цалдӕр ӕфсымӕры горӕты хицӕутты раз балӕууын кодтой ӕмӕ хъӕр систой: «Уыцы адӕм ӕгас дуне сызмӕстой, ӕмӕ ныр ардӕм дӕр ӕрхӕццӕ сты, 7 ӕмӕ сӕ Иасон суазӕг кодта. Адон се ’ппӕт дӕр цӕуынц Ромы паддзахы закъӕтты ныхмӕ ӕмӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, ис ӕндӕр паддзах, Йесо». 8 Адӕм ӕмӕ горӕты хицӕуттӕ уыдӕттӕ куы фехъуыстой, уӕд скатай сты. 9 Ӕмӕ горӕты хицӕуттӕ Иасонӕй ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй се суӕгъд кӕныны тыххӕй, цас хъуыди бафидын, уыйбӕрц ӕхца райстой ӕмӕ сӕ рауагътой. 10 Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв ӕфсымӕртӕ Павел ӕмӕ Силӕйы Веримӕ арвыстой. Уыдон уырдӕм куы ’рхӕццӕ сты, уӕд бацыдысты дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕнмӕ. 11 Вериаг дзуттӕгтӕ фессалоникӕгтӕй хуыздӕр зондыл хӕст уыдысты: уыдон Хуыцауы ныхасмӕ тынг зӕрдиагӕй хъуыстой ӕмӕ алы бон дӕр Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой, зӕгъгӕ нын цы дзурынц, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ. 12 Афтӕмӕй уыдонӕй бирӕтӕ систы уырнджытӕ. Адӕмы ’хсӕн нымад чи уыд, уыцы грекъаг сылгоймӕгтӕй ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты. 13 Фӕлӕ фессалоникаг дзуттӕгтӕ куы базыдтой, Павел Верийы дӕр кӕй хъусын кӕны Хуыцауы ныхас, уӕд уырдӕм дӕр ӕрцыдысты, цӕмӕй адӕмы сызмӕстаиккой ӕмӕ сӕ сӕ ныхмӕ скодтаиккой. 14 Уӕд ӕфсымӕртӕ Павелы ӕвӕстиатӕй арвыстой, загътой йын, цӕмӕй денджызы былы онг ацыдаид. Силӕ ӕмӕ Тимофей та уым баззадысты. 15 Павелимӕ чи рацыд, уыдон ӕй суанг Афинты онг ахизын кодтой. Ӕмӕ сын Павел бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Силӕ ӕмӕ Тимофейӕн зӕгъут, цӕмӕй мӕм, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, тагъддӕр ӕрцӕуой. Ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ раздӕхтысты.

31 ДЕКАБРЫ – 6 ЯНВАРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ХЪУЫДДӔГТӔ 19, 20

«Лӕмбынӕг кӕсут уӕхимӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн дзугмӕ дӕр»

(Хъуыддӕгтӕ 20:28) Уӕдӕ лӕмбынӕг кӕсут уӕхимӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн дзугмӕ дӕр. Уыцы дзугӕн уӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕвӕрдта фыййӕуттӕй, цӕмӕй хизат Хуыцауы дзуг, йӕ Фырты тугӕй кӕй балхӕдта, уыцы дзуг.

w11 15/6 20, 21 фф., 5 абз.

«Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут»

5 Апостол Петр ныффыста, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй хъуамӕ хызтаиккой «Хуыцауы дзуг, сӕ бар сын кӕй бакодтой, уыцы дзуг». Хъуамӕ ӕмбӕрстаиккой, уыцы дзуг Йегъовӕйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы кӕй уыд. Хуыцауы фыстӕм сӕ хъус кӕй хъуамӕ дардтаиккой, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй хъуамӕ ма кастаиккой. Ӕркӕсӕм-ма ахӕм цӕвиттонмӕ. Зӕгъӕм, де ’мбал кӕдӕмдӕр цӕуы, ӕмӕ дын ныууагъта йӕ сывӕллӕтты, фӕкӕс-ма сӕм, зӕгъгӕ. Дӕ хъус сӕм дзӕбӕх нӕ дардзынӕ? Ӕххормаг сын куы уа, уӕд сын нӕ бахӕрын кӕндзынӕ? Исчи дзы куы фӕрынчын уа, уӕд ӕй нӕ дзӕбӕх кӕндзынӕ? Афтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмбырды ӕвӕрд сты, «цӕмӕй хизой Хуыцауы дзуг, йӕ Фырты тугӕй кӕй балхӕдта, уыцы дзуг» (Хъуыд. 20:28). Уыдон нӕ рох кӕнынц, фыстӕй алчидӕр Йесо Чырыстийы зынаргъ тугӕй ӕлхӕд кӕй ӕрцыд. Стыр хӕс сыл кӕй ис, уый тыххӕй Хуыцауы дзуг ӕфсадынц, хъахъхъӕнынц ӕй ӕмӕ йӕм сӕ хъус дарынц.

(Хъуыддӕгтӕ 20:31) Уӕдӕ къӕрцхъус ут ӕмӕ ма рох кӕнут, ӕртӕ азы дӕргъы уӕ ӕз алкӕй дӕр ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ цӕссыг калгӕйӕ ӕдзух раст зондыл кӕй арӕзтон.

w13 15/1 31 ф., 15 абз.

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты «не ’мкусджытӕ, цӕмӕй нын нӕ циныл цин ӕфтауой»

15 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц. Сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты мӕтӕй хатт фынӕй дӕр нӕ фӕкӕнынц. Ӕмӕ ӕрдӕгӕхсӕв дӕр сыстынц, цӕмӕй уыдоны тыххӕй скувой кӕнӕ сын баххуыс кӕной (2 Кор. 11:27, 28). Фӕлӕ уӕддӕр Павелау сӕ хӕстӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц. Павел коринфӕгтӕм ныффыста: «Ӕз сымах тыххӕй, цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ мӕхи ӕгасӕй дӕр нӕ бавгъау кӕндзынӕн» (2 Кор. 12:15). Ӕцӕгдӕр, Павел йе ’фсымӕрты афтӕ уарзта, ӕмӕ сын йӕхи «не ’вгъау кодта», ома йе ’ппӕт хъарутӕй архайдта, цӕмӕй сӕ фидар кодтаид. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 2:4; Фил. 2:17; 1 Фес. 2:8.) Уӕдӕ ӕфсымӕртӕ Павелы афтӕ тынг куыннӕ хъуамӕ уарзтаиккой! (Хъуыд. 20:31–38).

(Хъуыддӕгтӕ 20:35) Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ лӕмӕгътӕн кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕнат. Ӕмӕ хъуамӕ уӕ зӕрдыл дарат Хицау Йесойы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у».

bt 196 ф., 20 абз.

«Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн»

20 Павел тынг хицӕн кодта, фӕстӕдӕр дзуджы хардзӕй чи цард, уыдонӕй. Павел йӕхи къухтӕй фыдӕбон кодта, цӕмӕй йӕхи дардтаид ӕмӕ ӕмбырдӕн уаргъ ма уыдаид. Афтӕ нӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ӕз ӕфсымӕртӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ мӕ уыдон та хъуамӕ цух мацӕмӕй уадзой. Ӕмӕ Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты дӕр сразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕфсымӕртӕн удуӕлдайӕ лӕггад кодтаиккой. Загъта сын: «Лӕмӕгътӕн... хъуамӕ ӕххуыс кӕнат. Ӕмӕ хъуамӕ уӕ зӕрдыл дарат Хицау Йесойы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у“» (Хъуыд. 20:35).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Хъуыддӕгтӕ 19:9) Фӕлӕ иуӕй-иутӕ сӕ зӕрдӕтӕ кӕй ныддур кодтой ӕмӕ кӕй не ’ууӕндыдысты, стӕй адӕмы раз ацы Фӕндаг кӕй фаудтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ Павел ныууагъта, ахуыргӕнинӕгты йемӕ ракодта ӕмӕ-иу алы бон дӕр ныхасы рацыд Тиранны скъолайы.

bt 184 ф., 11 абз.

«Парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта», кӕд знӕгтӕ архайдтой, уӕддӕр

11 Павел, ӕвӕццӕгӕн, уыцы скъолайы алы бон дӕр хъусын кодта райсомы 11 сахатӕй суанг фӕссихор 4 сахатмӕ (Хъуыд. 19:9). Уыцы афон-иу уыд ӕппӕты сабырдӕр, фӕлӕ ӕппӕты тӕвддӕр рӕстӕг. Бирӕтӕ-иу сӕ куыст фӕуагътой, цӕмӕй-иу сихор бахордтаиккой ӕмӕ-иу сӕ фӕллад суагътаиккой. Ахъуыды-ма кӕн: кӕд Павел дыууӕ азы дӕргъы афтӕ хъусын кодта, уӕд ӕдӕппӕтӕй хъусын кодтаид 3 000 сахатӕй фылдӕр, ома мӕй 125 сахаты. Уӕдӕ Йегъовӕйы ныхас уый фӕрцы дӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта. Павел йӕхиуыл нӕ ауӕрста ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ архайдта. Хъусын кӕнынӕн-иу равзӕрста, адӕм-иу сӕрибардӕр кӕд уыдысты, уыцы рӕстӕг. Уый фӕрцы йын цы бантыст? «Азийы адӕм се ’ппӕт дӕр, дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕ дӕр, фехъуыстой Хуыцауы ныхас» (Хъуыд. 19:10). Павел уыцы адӕмӕн хорз хабар ӕцӕгдӕр бӕстон фехъусын кодта!

(Хъуыддӕгтӕ 19:19) Кӕлӕнгӕнджытӕй та бирӕтӕ сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басыгътой. Сӕ аргъ сын куы банымадтой, уӕд рауад фӕндзай мин ӕвзист ӕхцайы.

bt 185 ф., 15 абз.

«Парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта», кӕд знӕгтӕ архайдтой, уӕддӕр

15 Скевӕйы фырттӕ кӕй фӕхудинаг сты, уый адӕм куы базыдтой, уӕд се ’ппӕты дӕр Хуыцауы тас бацыд. Ӕмӕ бирӕтӕ уырнджытӕ систы ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕ ныууагътой. Ефес йедзаг уыд ахӕм хъуыддӕгтӕй. Адӕм иууылдӕр кодтой хинтӕ, уыди сӕм дӕсныты дзауматӕ ӕмӕ дӕсныты чингуытӕ дӕр. Фӕлӕ ныр ефесӕгтӕй бирӕтӕ сфӕнд кодтой сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басудзын, кӕд сӕ аргъ абоны ӕхцатӕй дӕсгай мин доллӕртӕ уыди, уӕддӕр. Лука фыссы: «Гъе ахӕм тых уыди Йегъовӕйы ныхасӕн: тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта» (Хъуыд. 19:17–20). Уӕдӕ та ацы хабар дӕр куыд хорз равдыста, рӕстдзинад бирӕ уӕлдӕр кӕй у мӕнгдзинадӕй ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй! Уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм махӕн дӕр фӕзминаг сты. Абон дӕр дуне йедзаг у хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй. Нӕ хӕдзары ахӕм дзауматӕй исты куы ссарӕм, уӕд сӕ мах дӕр хъуамӕ ефесӕгтау уайтагъд фесафӕм. Цӕй уӕдӕ нӕхи хизӕм ахӕм ӕлгъаг хъуыддӕгтӕй, цыфӕнды зын нын ма уа, уӕддӕр.

Библийӕ бакӕсинаг

(Хъуыддӕгтӕ 19:1–20) Аполлос Коринфы куы уыд, уыцы рӕстӕг Павел та ацыд, денджызӕй дард чи уыди, уыцы фӕндагыл ӕмӕ ӕрцыд Ефесмӕ. Уым ахуыргӕнинӕгтӕй кӕйдӕрты ссардта 2 ӕмӕ сӕ бафарста: «Уырнджытӕ куы систут, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын стут?» Уыдон ын загътой: «Мах сыгъдӕг тыхы тыххӕй хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтам». 3 Уӕд сӕ бафарста: «Уӕдӕ уӕд цавӕр аргъуыд райстат?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Иоанн кӕй тыххӕй хъусын кодта, уыцы аргъуыд». 4 Уӕд Павел загъта: «Иоанн адӕмӕн донаргъуыд лӕвӕрдта, сӕ тӕригъӕдтыл кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый номыл ӕмӕ сын дзырдта, цӕмӕй баууӕндой, йӕ фӕстӕ чи ӕрцӕуы, ууыл, ома Йесойыл». 5 Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд Хицау Йесойы номыл донаргъуыд райстой. 6 Ӕмӕ сыл Павел йӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдта, уӕд сыл Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцыд, ӕмӕ райдыдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕнын. 7 Уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ та уыдысты дыууадӕсы бӕрц. 8 Павел ӕртӕ мӕйы дӕргъы цыди ӕмбырдгӕнӕнмӕ ӕмӕ ныфсджынӕй дзырдта, ныхасы-иу рацыдис ӕмӕ фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста Хуыцауы паддзахады тыххӕй. 9 Фӕлӕ иуӕй-иутӕ сӕ зӕрдӕтӕ кӕй ныддур кодтой ӕмӕ кӕй не ’ууӕндыдысты, стӕй адӕмы раз ацы Фӕндаг кӕй фаудтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ Павел ныууагъта, ахуыргӕнинӕгты йемӕ ракодта ӕмӕ-иу алы бон дӕр ныхасы рацыд Тиранны скъолайы. 10 Афтӕ рацыд дыууӕ азы, ӕмӕ Азийы адӕм се ’ппӕт дӕр, дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕ дӕр, фехъуыстой Хуыцауы ныхас. 11 Хуыцау Павелы къухӕй арӕзта ӕнахуыр стыр диссӕгтӕ. 12 Суанг-иу ын йӕ къухмӕрзӕнтӕ ӕмӕ йӕ раздарӕнтӕ дӕр рынчынтӕм бахастой, ӕмӕ-иу сӕ низтӕй сдзӕбӕх сты, стӕй-иу адӕмӕй дӕлимонтӕ рацыдысты. 13 Алы рӕтты чи рацу-бацу кодта ӕмӕ хӕйрӕджыты чи сырдта, уыцы дзуттӕгтӕй дӕр чидӕртӕ фӕлвӕрдтой Хицау Йесойы номӕй хӕйрӕджыты сурын – сӕ мидӕг дӕлимонтӕ кӕмӕн уыди, уыдоны раз-иу загътой: «Павел кӕй тыххӕй хъусын кӕны, уыцы Йесойы номӕй дын зӕгъын: рацу дзы». 14 Афтӕ кодтой сауджынты хистӕры, дзуттаг лӕг Скевӕйы, авд фырты дӕр. 15 Фӕлӕ сын дӕлимон загъта: «Йесойы зонын, стӕй Павелы дӕр, фӕлӕ сымах та чи стут?» 16 Ӕмӕ сыл уӕд, дӕлимон кӕй мидӕг уыди, уыцы лӕг йӕхи ныццавта, иу иннӕйы фӕдыл сӕ фӕбынӕй кодта ӕмӕ сыл фӕтых ис, ӕмӕ уыдон дӕр, бӕгънӕгӕй ӕмӕ цӕфтӕй, уыцы хӕдзарӕй лидзынмӕ фесты. 17 Уыцы хабар базыдтой Ефесы цӕрӕг адӕм иууылдӕр, дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕ дӕр. Ӕмӕ се ’ппӕты дӕр тас бацыд, ӕмӕ Хицау Йесойы ном кадджынӕй-кадджындӕр кодта. 18 Чи баууӕндыд, уыдонӕй бирӕтӕ цыдысты ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтыл састысты ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕргом дзырдтой. 19 Кӕлӕнгӕнджытӕй та бирӕтӕ сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басыгътой. Сӕ аргъ сын куы банымадтой, уӕд рауад фӕндзай мин ӕвзист ӕхцайы. 20 Гъе ахӕм тых уыди Йегъовӕйы ныхасӕн: тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын