НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Дӕ цардӕмбалы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссардзынӕ, куы йын аргъ кӕнай ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уай, уӕд
Моймӕдзыд сылгоймӕгтӕй чырыстон чи свӕййы, уыдон сӕ лӕгтӕн кӕй фӕаргъ кӕнынц ӕмӕ хӕдӕфсарм кӕй вӕййынц, уый фӕрцы арӕх сӕ лӕгтӕ дӕр рӕстдзинады фӕндагыл ӕрлӕууынц. Фӕлӕ уымӕ иуӕй-иу хатт бирӕ азты дӕргъы фенхъӕлмӕ кӕсынц зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ (1Пт 2:21–23; 3:1, 2). Кӕд рӕстӕй ӕфхӕрд ӕййафыс, уӕд дарддӕр дӕр ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн (Ро 12:21). Гӕнӕн ис, дӕ хорз уагахастӕн дӕ ныхӕстӕй стырдӕр тых уа.
Хъуыддӕгтӕм дӕ цардӕмбалы цӕстӕй кӕс (Фп 2:3, 4). Ӕмбаргӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг у ӕмӕ дӕ хӕстӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕн. Дӕ цардӕмбалмӕ-иу лӕмбынӕг байхъус (Иак 1:19). Фӕразон у ӕмӕ-иу ын дзур, кӕй йӕ уарзыс, уый. Кӕд дӕм хорз зӕрдӕ нӕ дары ӕмӕ дын нӕ аргъ кӕны, уӕддӕр фидарӕй зон, Йегъовӕ дӕ иузӕрдиондзинадӕн стыр аргъ кӕй кӕны (1Пт 2:19, 20).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔ НЫН НӔ УАРГЪ ХӔССЫНӔН ӔХХУЫС КӔНЫ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Грейс Ли куы смой кодта, уӕд фыццаг азты куыд цард?
Рӕстдзинад базонын ӕй цӕмӕн бафӕндыд?
Грейс Ли донаргъуыды фӕстӕ цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уыдоны сӕрты цӕй фӕрцы ахызт?
Йӕ лӕджы тыххӕй куыд куывта?
Цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын, хӕдӕфсарм кӕй уыд ӕмӕ йӕ сӕрыхицауӕн кӕй аргъ кодта, уый тыххӕй?
Дӕ цардӕмбалӕн куы аргъ кӕнай ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уай, уӕд амондджын уыдзыстут!