НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
Не ’мбырдты ис, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Уыдон нын фӕзминаг сты, Хуыцауыл сӕ ныфс фидарӕй кӕй дарынц, уымӕй. Сӕ бон у радзурын нӕ организацийы историйы тыххӕй кӕнӕ, Йегъовӕйы ӕххуысӕй зындзинӕдты сӕрты куыд хызтысты, уый тыххӕй. Нӕ бон у нӕ зынаргъ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй искӕй нӕ бинонты ахуырмӕ фӕхонын, цӕмӕй нын сӕхи тыххӕй истытӕ радзурой.
Кӕд Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕныс, уӕд-иу ӕрыгӕттӕн радзур, Хуыцау дын куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй. Иаков Иосифӕн радзырдта, Йегъовӕ йын йӕ байзӕддӕгты тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый тыххӕй. Фӕстӕдӕр Иосиф дӕр йӕ фырттӕн уыцы зӕрдӕвӕрды тыххӕй радзырдта (Рд 48:21, 22; 50:24, 25). Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ бинонты хистӕртӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу сӕ цотӕн йӕ хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй дзырдтаиккой (Д.з 4:9, 10; Пс 78:4–7). Абон дӕр ныййарджытӕн ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕн сӕ бон у ӕрыгӕттӕн радзурын, Йегъовӕ йӕ организацийы фӕрцы цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй сӕхи цӕстӕй цы федтой, уый.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «НӔ ИУДЗИНАД ХЪАХЪХЪӔНӔМ, НӔ ХЪУЫДДАГ ӔХГӔД КУЫ УА, УӔД» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Австрийы филиал куыд ӕххуыс кодта, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм уыд, уыцы бӕстӕты цӕрӕг ӕфсымӕртӕн?
Уыцы бӕстӕты ӕфсымӕртӕ сӕ уырнындзинад куыд фидар кодтой?
Румынийы хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ Йегъовӕйы организацийӕ куыд фӕхицӕн сты ӕмӕ фӕстӕмӕ куыд ӕрбаздӕхтысты?
Ацы хабӕрттӕ дын дӕ уырнындзинад куыд фидар кӕнынц?
Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ныхас кӕнгӕйӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн!